РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы разамындæй уагъд æрцыд Хицауады рабадт 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæн Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстаты фæдыл.

Рабадты райдианы Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, арæзтады цыдмæ раздæрау сæйраг домæнтæ сты хыгъдон документаци рæстæгыл аразын æмæ хъуамæ дзуапп  дæтта æмбæлон нормæтæн.

«Æппæт этапты дæр бакæнгæ куыстытæ хъуамæ дырысæй æвдыст цæуой, рахицæнгонд фæрæзтæ хардз кæнын бæрæг кæм цæуынц, уыцы документты», – загъта Пухаты Эрик.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард радзырдта, Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы куыстытæ æххæст цæуынц, уыдоны тыххæй. Зæрдыл æрлæууын кодта, æрмæст ацы азы планмæ хаст кæй æрцыдысты 32 мадзалы, кæцытæ, зæгъæн ис, хауынц республикæйы цардархайды æппæт къабæзтæм дæр.

Сæйраджыдæр дзырд цыдис Ленингоры районы инженерон хызæгты арæзтадыл. Республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы сæйраг инженер Сиукъаты Иван рабадты хайадисджытæн радзырдта Ленингоры поселочы æмæ  районæн йæхи мидæг дæр донифтонгады æмæ канализацийы хызæгтæ куыд арæзт цæуынц, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ æввахс рæстæджы цæрджыты хæдзæртты  хъуамæ иу кæнын райдайой хызæгтæм æмæ ацы куыстыты фæуой ацы мæйы кæронмæ.

Хицауады Сæрдар æрдомдта, цæмæй куыстыты темптæ фæтагъддæр кæной æмæ контроль кæной сæ гъæдыл.

«Арæзтадон куыстыты темптæ хъæуы фæтагъддæр кæнын, кусын хъæуы улæфгæ бонтæ æмæ бæрæгбонты дæр, цæмæй зынгæ фæстиуджытæ къухты æфта. Аразджытæ æппæт фадгуыты дæр æнæмæнг сæ хъус хъуамæ дарой, сæ куыст куыд цæуы, уымæ, рæстæгыл иуварс цæуой, контролгæнæг органтæ цы цухдзинæдтæ раргом кæнынц, уыдон», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Уый ма бахæс кодта, цæмæй Хицауадмæ лæвæрд цæуой æрвылкъуырион хыгъдтæ æмæ бæрæг уой снысангонд куыстытæ цы æмгъуыдтæм æххæст цæуынц, уыдон.

Рабадты куысты ма хайад райстой Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег, арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей, арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард, афтæ ма Инвестпрограммæйы объектты арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ æххæстгæнæг подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.