22-æм январы нæ горæты администрацийы Культурæйы хæдзары Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнинæгтæ ауагътой хæрзаудæн концерт «Твори добро, меняй мир», зæгъгæ,  ахуырадон уагдоны хъомылгæнинæгтæн чи æххуыс кæны, æппæт уыцы адæймæгтæн арфæйы нысанæн. Концерт сорганизаци  кодтой ацы скъолайы организатор Харебаты Маринæ, раздзог Икъаты Миленæ, драмкружокы къухдариуæггæнæг Хъотайты Сæрмæт, нырыккон кæфтыты ахуыргæнæг Гасситы Кристинæ, хореограф Собаты Ларисæ. Сценарийы автор у Икъаты Миленæ.

Мадзалмæ æрбацыд республикæйы Президент Бибылты Анатоли йæ бинонтимæ. Афтæ ма концертмæ хуынд æрцыдысты скъола-интернатæн æппынæдзух материалон æххуыс чи кæны, уыцы адæймæгтæ: Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон ахыгъдон бангы сæргълæууæг Вадим Шадян, по-этессæ Чехойты Оля, скъола-интернат кæй ном хæссы, уый – Куымæридтаты Ки-майæн йæ хъæбулы хъæбул Куымæридтаты Земæ, Генералон прокуратурæйы ми-нæвæрттæ, Знауыры районы администрацийы мидхъуыддæгты районон хайады хистæр Собаты Азæмæт, мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæ-дыл хайады хистæр Гатайты Лали æмæ æхсæнады  минæвæрттæ.

Мадзалы райдианы сценæмæ рахызтысты ахуырдзаутæ Плиты Марат æмæ Цхуырбаты Олеся. Чызг лæппуйы фæрсы, зæгъгæ, дæ армы цы ис? Лæппу йын сдзуапп кодта – «Амонд». Æмæ цæмæн афтæ чысыл у. Чысыл у, фæлæ – тынг тынуадзгæ хъарм æмæ рæсугъд… Сценкæ рауад цымыдисон, ирдæй дзы æвдыст æрцыд адæймаджы царды амондæн, хæлардзинадæн стыр нысаниуæг кæй ис æмæ йæ æндæртимæ дих кæнын кæй хъæуы, уый.

Æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта мадзаламонæг Икъаты Миленæ. Сценæ-мæ фæхуыдта скъола-интернаты директор Тедеты Роланды. Уый бузныджы ныхæстæ загъта, уагдоны хъомылгæнинæтæм йе ‘ххуысы къух чи фæдаргъ кæны, уыдонæн. «Скъола-интернаты ахуыр кæнынц 200 ахуыргæнинагæй фылдæр, кæцытæ сты æх-хуысхъуаг сывæллæттæ. Ацы сидзæр сы-вæллæттæн материалон æххуыс бирæтæ бакæнынц.  Стыр бузныг зæгъын Президент Бибылты Анатолийæн йе ‘дзухон хъусдарды тыххæй, Вадим Шадянæн, кæцы цæстуарзон æххуыс кæны рынчын сывæл-лæттæн, афтæ ма нæ хъомылгæнинæгтæн бафыста Ленинградмæ сæ балцы финансон хæрдзтæ, Чехойты Оляйæн, кæцы Къостайы номыл паддзахадон преми адих кодта нæ сывæллæттыл, арæзтадон компании ООО «СТМ-ЮГ»-ы генералон директор Гæджиты Игорæн, кæцы рынчын сы-вæллæттæн баххуыс кодта хъусæн аппараттæ самал кæнынæн, РХИ-йы Национ бангы сæргълæууæг Зассеты Феликсæн, Куымæридтаты Земæйæн. Уыдон се ‘ппæт дæр нæ хъомылгæнинæгтæн кæнынц æдзухон æххуыс.  Афтæ ма бузныг зæгъын цхинвайлаг лæппутæн, кæцытæ сæ чысыл мыздтæй ратона кæнынц æмæ баххуыс кæнынц интернаты хъомылгæнинæг-тæн. Уыдонæй бирæтæ сæхи дæр не схъæр кæнынц, афтæмæй се ‘ххуысы хай бакæнынц сидзæртæн. Стыр бузныг уæ хъусдард, аудындзинад æмæ  адæймагдзинады тыххæй», – загъта ахуырадон уагдоны директор.

Уый ма арфæ ракодта паддзахадон телекомпани «ИР»-ы уагъдцæуæг ногазон хæрзаудæн телепроект «Бæллицты фонтан»-ы æххуысхъуаг сывæллæттæн ногазон лæвæрттæ чи бакæны, уыцы хæларзæрдæ адæймæгтæн. Уый, зæгъ, хуымæтæ-джы æххуыс нæу, фæлæ уымæй æндæртæн равдисынц хæлардзинады цæвиттон. Загъта, зæгъгæ, куыд фæзæгъынц, уымæ гæсгæ амондджын сывæллæттæ кæм ис, уым ис амондджын адæм.

«Абон залы цы хæларзæрдæ адæм ис, уыдонæй алчи дæр сывæллæттæн балæ-вар кодта циндзинад. Проект «Бæллицты фонтан» арæзт æрцыд, уыцы сывæллæт-ты сæраппонд, кæцытæ цæрынц нæ цуры æмæ сты фæкæсынхъуаг. Уыдоны иунæг-дзинадæй бахизын, сæ удты хъæдгæмттæй сæ фервæзын кæнынæн æххуыс кæны хæлардзинад. Ацы сывæллæттæ кæд æххуысхъуаг æмæ ныййарджыты ‘рдыгæй узæлдцух сты, уæддæр фидар сты удыхъæдæй. Сæ нысанмæтырнындзинад, вазыгджындæр уавæрты æнтыстытæ къухты æфтын кæнын, цардуарзондзинад æмæ оптимизм, гæнæн ис суой махæй алкæмæн дæр цæвиттойнаг. Зынаргъ хæ-лæрттæ, абон уын уыдон бузныджы ныса-нæн равдисдзысты аргъау мюзикл «Новогодняя ночь в музее», зæгъгæ дзырдта мадзаламонæг.

Сывæллæттæ рæсугъд ногазон уæ-лæдарæсы равдыстой алыгъуызон сцен-кæтæ. Уæлдай цымыдисондæр рауадысты  аргъау «Сырх худ» æмæ кинофильм «Кавказская пленница»-йæ сценкæтæ. Ахуыр-дзаутæ сæххæст кодтой зарджытæ æмæ кæфтытæ. Уыдон кæд иууылдæр тынг хорз сæххæст кодтой сæ номыртæ, уæддæр мæ рахицæн кæнын фæнды  ахуырдзаутæ Бикойты Светланæ,  Касаты Кетино, Дзабиты Дмитри, Дзукъаты Автандил, Ткаченко Ди-анæ, Тыджыты Мæдинæ, Бахъаты Дианæ æмæ æндæрты.

Сценæмæ фæхуыдтой Президент Бибылты Анатолийы. «Æз хъуыды кæнын афтæ æмæ абон ацы залмæ кæй æрбацыдыстæм æмæ ацы курдиатджын ахуырдзауты арæхстдзинадмæ кæй бакастыстæм, уымæй нæ алчидæр баззад райгондæй, алчидæр нæ райста стыр æхцондзинад. Скъола-интернаты сывæллæттæ аудгæ æмæ хæлардзинады ахаст æнкъарынц, уыцы адæймæгты ‘рдыгæй, кæцыты ранымадта  Роланд Христофоры фырт æмæ сын зæгъын бузныг. Абон сценæйыл чи ралæууыд, уыцы сывæллæттæй алкæцы дæр у фидæны нæ театры потенциалон актер. Сывæллæттæ æрмæст нæ цин æмæ ныфс не сты, фæлæ ма иугæнæг фактор дæр. Æмæ уыцы иугæнæг фактор та æвдыст цæуы сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ тырнындзинад æмæ фæндондзинады, уыдонæн хæлардзинад аразыны. Æз нымайын афтæ æмæ махæн ис тынг хорз гæнæн æрбаиу уæвынæн æмæ иумæ хæлардзинад лæвар кæнынæн. Стыр бузныг æппæт уыдонæн, кæцытæ тырнынц сывæллæтты амондджын скæнынмæ, цæмæй уыдон цин кæной сæ алы боныл дæр. Абон мах федтам хорз æмæ курдиатджын сывæллæтты. Стыр бузныг уыцы ахуыргæнджытæн, хъомылгæнджытæн, кæцытæ æнæхъæн сут-кæты дæргъы кусынц ацы сывæллæттимæ. Уыдон æппæт дæр аразынц, цæмæй ацы сывæллæтты бафтауой царды раст фæндагыл», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Мадзалы кæрон йæ хайадисджытæ иууылдæр рахызтысты сценæмæ æмæ иумæ сæххæст кодтой зарæг «Пусть будет празд-ник». «Амондджын вæййы уыцы адæймаг, кæцы рæстæгмæ ферох кæны йæхи интересты тыххæй æмæ фæтырны иннæты дæр амондджынтæ саразынмæ. Хæлардзинады фæндагыл цæуын у тынг ахсджиаг», – загъта мадзаламонæг. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ хæрзаудæн концерты ноджы тынгдæр кæй барæсугъд кодта, мадзалы кæрон залмæ цы бирæнымæц алы-гъуызон тымбылæгтæ æркалдысты, уы-дон.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ мадзал цалынмæ нæ райдыдта, уæдмæ скъола-интернаты организатор Харебаты Маринæ æрæмбырдуæвджытæн кæй фехъусын кодта хорз хабар, зæгъгæ, уагдоны хъомылгæнинаг – 5 къласы ахуырдзау Бикойты Светланæ хуынд æрцыд  Мæскуыйы НТВ-йы каналы уагъдцæуæг сывæллæтты æхсæнадæмон вокалон конкурс «Ты супер»-ы кастингмæ, цыран ха-йад райсынц сывæллæтты хæдзæртты, скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ.  Уый ацы хабар афтæ зæрдæрайæ загъта, раст, цыма, йæхи хъæбулыл цыд дзырд æмæ ууыл цин кодта. Æниу, уал азы дæргъы мады хъомыл æмæ рæвдыд кæй фæкæнай, уымæй дæр сидзæрты, уый хи хъæбулæй уæлдай нал вæййы… Æмæ сын се ‘нтыстытыл дæр уымæн афтæ тынг фæцин кæнынц…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.