Æртæ къуырийы дæргъы парти «Иууон Ирыстон»-ы æххуысæй Знауыры поселочы уагъд цыд районон турнир футболæй. Ацы аз дзы сæ тыхтæ фæлвæрдтой 10 командæйы, кæцытæ дихгонд уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Къордон хъæзтыты фæстæ фыццаг къордæй æрдæгфиналмæ ахызтысты Знауыр æмæ Гъаристауы, дыккаг къордæй та – Балта æмæ Бехъмары командæтæ. Ерысты ацы этапы Знауыр 4:0 хыгъдæй фæуæлахиз Бехъмары командæйыл, Гъаристау та 3:1 хыгъдæй тыхджындæр уыд Балтайæ.

Турниры хъæзтытæм æрбацыдысты Парламенты депутаттæ Бибылты Ацæмæз, Хъотайты Дмитри æмæ Икъоты Витали.

Æртæ къуырийы дæргъы парти «Иууон Ирыстон»-ы æххуысæй Знауыры поселочы уагъд цыд районон турнир футболæй. Ацы аз дзы сæ тыхтæ фæлвæрдтой 10 командæйы, кæцытæ дихгонд уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Къордон хъæзтыты фæстæ фыццаг къордæй æрдæгфиналмæ ахызтысты Знауыр æмæ Гъаристауы, дыккаг къордæй та – Балта æмæ Бехъмары командæтæ. Ерысты ацы этапы Знауыр 4:0 хыгъдæй фæуæлахиз Бехъмары командæйыл, Гъаристау та 3:1 хыгъдæй тыхджындæр уыд Балтайæ.

«Ацы турнир парти «Иууон Ирыстон»-ы æххуысæй уагъд фæцæуы æрвылаз дæр. Тынг æхсызгон мын уыд, спортуарзджытæм стыр цымыдисдзинад кæй сæвзæрын кодта, уый. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды йæ организатортæ æмæ хайадисджытæн. Ныфс мæ ис, æмæ ахæм турниртæ уагъд кæй æрцæудзысты республикæйы иннæ районты дæр», – банысан кодта Бибылты Ацæмæз.

Йæ рады, депутат Хъотайты Дмитри та загъта, зæгъгæ, азæй-азмæ  уæлдæр кæны турниры æмвæзад. «Алы хъазтмæ дæр-иу æрбацыд бирæ футболуарзджытæ. Уый тыххæй-иу районы хъæуты цæрджытæ иумæ æрцыдысты сæ хъæуы командæты хъæзтытæм бакæсынмæ. Уыцы хъуыддаг та футболистты разæнгард кодта уæлахизтæм. Зæгъын мæ фæнды уый дæр, æмæ фæсивæд кæй базонгæ сты кæрæдзиимæ. Уый та уыд турниры сæйраг хæс», – загъта Хъотайты Дмитри.

Финалон хъазт дæр стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта спортуарзджытæм. Знауыры стадионмæ æрбацыдысты районы иннæ хъæутæй дæр, уыцы нымæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, Гъаристауæй дæр.

Знауыр æмæ Гъаристауы командæтæ ма раздæр хъазыдысты къордон стадийы. Уæд Знауыры командæ фæуæлахиз 4:1 хыгъдæй. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ табугæнджытæ æнхъæлмæ кастысты, ногæй та кæй разындзæн цæттæдæр, уымæ.

Финалон фембæлды райдианы хыгъд байгом кæнын бантыст Гъаристауы командæйæн. Дарддæр фылдæр тох цыд хъазæн фæзы центры. Фембæлды кæрон дыууæ командæйæн дæр уыд пурти бакъуырыны хорз гæнæнтæ. Нырма Знауыры командæйы размæбырсæджы тыхджын цæфы фæстæ пурти сæмбæлд штангæйыл. Уымæй чысыл фæстæдæр та знауырæгты кулдуаргæсимæ лæгæй лæгмæ рахызт Гъаристауы хъазæг, фæлæ пуртимæ хорз нæ сарæхст æмæ не спайда кодта йæ уавæрæй. Афтæмæй хъазт фæцис 1:0 хыгъдæй Гъаристауы командæйы пайдайæн, кæцы ссис сæйраг призы хицау. 

Турниры æртыккаг бынат бацахсыны хъазты та Балта фæуæлахиз Бехъмары командæйыл.

Ерысты уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райстой депутаттæ Бибылты Ацæмæз, Хъотайты Дмитри, Икъоты Витали, парти «Иууон Ирыстон»-ы минæвар Сиукъаты Олег æмæ Знауыры районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Гаглойты Юри. Уыдон уæлахизуæвæг æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæты схорзæхджын кодтой кубоктæ æмæ æхцайы премитæй. Сæрмагонд призтæ ма райстой турниры хуыздæр хъазджытæ: дуаргæс Чилæхсаты Спартак, хъахъхъæнæг Цхуырбаты Родион, размæбырсæг Томайты Азæмæт æмæ турниры иууыл хуыздæр хъазæг Цхуырбаты Алексей.

Хорзæхджын ма æрцыдысты турниры хуыздæр тæрхонгæнæг Алексей Тхелидзе æмæ иууыл азартондæр спортуарзæг Къуылыхты Алан. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.