Хуссар Ирыстоны та 14 июлы кадджын уавæрты нысан æрцыд сабырад бахъахъхъæныны фæдыл гуырдзиаг-ирон хæсты зонæмæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ конд куы ‘рцыдысты, уыцы бон.

Нæ республикæйы территорийыл фида-уынгæнæг тыхты службæ, дунейы æндæр бæстæты практикæмæ абаргæйæ, нымад æрцыд уникалоныл. Уымæ гæсгæ сæ рæстæджы кæм дислокаци кодтой, нæ горæ-ты уыцы уынг ныр хæссы фидауынгæнæг тыхты ном. Уым, фидауынгæнæг тыхты салдаттæ æмæ афицерты номыл, кæцытæ сæ царды аргъæй бахъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны адæм æмæ хæдбардзинад, æвæрд æрцыд стеллæ. Ацы аз дæр уырдæм æрбацыдысты бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, фидауынгæнæг тыхты раздæры службæгæнджытæ, министрадтæ æмæ уагдæтты кусджытæ.

Мадзалы хайадисджытæ фи-дауынгæнæг тыхты номыл стел-лæйы раз номарынæн сæвæрд-той дидинджытæ æмæ веноктæ. Уый фæстæ ма ахæм церемони уагъд æрцыд, 2008 азы онг уæ-рæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ кæм службæ кодтой, уыцы казар-майы раз дæр.

Сæ мысинæгтæ нын дзырдтой…

Хуссар Ирыстоны хæствæллад зæхмæ фидауынгæнæг тыхты æрконд нысаниуæгджын цау у. Ирыстоны азфысты историмæ бацыд кадджын бонæй, уымæн æмæ 16 азы дæргъы нæ зæххыл хъахъхъæдтой сæртæг, фæлæ сабырад. Сæ кадджын мисси, цардæн тæссаг уавæрты службæйы рæстæг мысыдысты фидауынгæнæг тыхты ветерантæ.

Гаглойты Тамаз уыд фидауынгæнæг тыхты ирон батальоны 3 ротæйы командир.

Уый фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты службæ кодта фыццаг бонæй суанг 2009 азмæ, Хуссар Ирыстоны зæхмæ уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы дæлхæйттæ куы æрцыдысты æмæ нæ адæм сæхи æдасæй куы банкъардтой, уæдмæ. Уæд бæстæйы уæлдæр къухдариуæгады рдыгæй ист æрцыд уынаффæ, цæмæй йæ тыхы мауал уыдаид ацы мисси. 

«Ирыстоны адæм тыхст уа-вæры уыдысты, цалынмæ фидауынгæнæг-ирвæзынгæнæг салдат йæ къах нæ зæххыл  æрæвæрдта, уæдмæ. Уæд урæд æрцыд æхст Гуырдзыстоны ʻрдыгæй, ирон мад нал марой кодта йæ хъæбулы амæлæтыл, нæ зæххыл æлдариуæг кодта сабырад», – дзырдта Тамаз. 

Цæгат Ирыстонæй Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты батальоны службæгæнæг Уалыты Альбертæн дæр ирд мысинагæй баззад йæ службæйы рæстæг Хуссар Ирыстоны.

«Хуссар Ирыстоны зæхмæ не ‘рцыдæй ирон  хъæутæм хизын кодтам  цæрджыты. Уымæн æмæ гуырдзиаг хъæуты цæрджытæ тынг тыхсын кодтой ирæтты, стæй æдас нæ уыд уыцы хъæутыл цæуын. Бирæ ирæттæн-иу уыцы фæндаг ссис фæстаджы кæнæ фыдæвзарæнты фæндаг.

Уымæ гæсгæ республикæйы уæды къухдариуæгады ‘рдыгæй ист æрцыд раст æмæ рæстæгыл уынаффæ – бæрæг графикмæ гæсгæ республикæйы районты æдас хъæутæм цæрджыты колоннæйæ хизын кæнын. Уыдон иу сфæсауæрц кодтой хъæууон-хæдзарадон æмæ хæлцадон продукттæ», – дзырдта Альберт.

Æхсызгон мысинагæй ма йын баззад, адæм тынг райгонд æмæ стыр æхсызгонæй куыд æмбæлдысты ацы службæгæнджытыл, сæхи æдас æмæ хъахъхъæд кæй æнкъардтой.

Фидауынгæнæг тыхты мисси йæ архайды æнцойад кодта Æм-хæццæ контролон къамисы куыс-тыл. Къамисы уæнгтæ æнувыд куыст кодтой, æдзух баныхæстæ уагътой, дойнаг дурæй хъауджы ныхас кæмæ нæ хъардта, сæ уыцы гуырдзиаг фарсы коллегæтимæ. Уыцы баныхæстæ-иу хатт аххæсыдысты райсом 4 сахаты онг. Уымæн æвдисæн уыдыстæм мах, информацион фæрæзты минæвæрттæ дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.