Цхинвалы скъола-интернаты уагъд æрцыд цымыдисон æмæ хъæуæг мадзал ахæм темæйыл: «Уыдон сты мæ бартæ. Æмæ мæ хæстæ та?», зæгъгæ. Бацæттæ йæ кодтой ахуыргæнæн уагдоны 9-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ хъомылгæнæг Тыбылты Идæйы сæргълæудæй. Мадзалмæ æрбацыдысты скъола-интернаты директор Тедеты Роланд, ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ, ныййарджытæ æмæ милицийы сывæллæтты хатæны минæвар Гаглойты Элинæ.

Мадзал байгом кодта Тыбылты Идæ. Уый загъта, зæгъгæ, æрæджы скъола-интернатмæ фæуазæг  РХИ-йы прокуратурæйы минæвар Джиоты Эдвард. Уый ахуырдзаутæн лæмбынæг радзырдта, сывæллæттæн цы бартæ ис æмæ сæхицæн та цы хæстæ ис, уыдоны тыххæй. Ахуыргæинæтæ дæр æм радтой, цы фарстытæ сæ цымыдис кодтой, уыдон. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг ахсджиаг у нæ паддзахады Конституци æмæ закъæттæ зонын. Абоны къласон сахаты, зæгъ,  мах базонгæ уыдзыстæм адæймаджы бартæ æмæ хæстимæ, куыд паддзахады æмбæстаг, афтæ. Сывæллæттæн загъта, зæгъгæ, дам, сымах скъолайы ахуырдзаутæ кæй стут, уымæ гæсгæ уæ базонгæ кæндзыстæм сывæллоны бартимæ æмæ иууыл сæйрагдæр та – скъоладзауы хæстимæ. Сывæллæттæ, зæгъ, сæ бартæ куы зоной, уæд, зæгъ, сæхи бахъахъхъæндзысты цыфæнды уавæрты дæр, фæлæ уыцы иурæстæджы æнæмæнгæй хъуамæ зоной сæ хæсты тыххæй дæр. Стъолыл æвæрд уыдысты куыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы брошюрæ, афтæ ма  барад æмæ хæслæвæрдты тыххæй æндæр брошюрæтæ дæр.

Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ радгай дзырдтой Уæрæсейы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы тыххæй. Ахуыргæнинаг загъта, зæгъгæ, нæ паддзахады æмбæстæгтæ цы сæйраг документмæ гæсгæ цæрынц, уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци. Алы адæймагæн дæр йæ райгуырдæй фæстæмæ ис йæхи бартæ. Сывæллæттæ бакастысты, паддзахады æмбæстагæн цахæм бартæ ис, уый фæдыл Конституцийæ скъуыддзæгтæ, куыд, зæгъæм,  «Иууылдæр æмбар сты закъоны раз»,  «Алы адæймагæн дæр ис цæрыны бар», «Алы адæймаг дæр хъуамæ хъахъхъæдгонд уа закъонæй», «Мачи хъуамæ уа цагъайраджы уавæры», «Алы адæймагæн дæр ис ахуыры бар» æмæ афтæ дарддæр. Мах хъуамæ иууылдæр зонæм нæ бартæ, фæлæ сæ, хъыгагæн, алчи нæ зоны æмæ не ‘ххæст кæны, паддзахд ыл цы  хæстæ сæвæрдта, уыдоны. Ахуыргæнинæгтæ радзырдтой, зæгъгæ, æмбæстæгтæ иууылдæр хæсджын сты РХИ-йы Конституци æмæ закъæттæ хъахъхъæнын. Сывæллæттыл аудындзинад, сæ хъомылад сты ныййарджыты хæстæ. Алы адæймаг дæр хæсджын у закъонæй сфидаргонд хъалонтæ æмæ фиддонтæ фидын. Алчи дæр хæсджын у историон æмæ культурон бынтæ хъахъхъæнын. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын у æмбæстаджы хæс  æмæ афтæ дарддæр. Сывæллæттæ банысан кодтой, зæгъгæ, календармæ гæсгæ 1 июнь у Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон, 4 июнь – Агрессийы сывæллæтты-амæттæгты дунеон бон. 20 ноябрь – сывæллоны барты дунеон бон.

Ахуыргæнинæгтæ бакастысты РХИ-йы Конституцийæ скъуыддзæгтæ. Загътой, зæгъгæ, нæ бартæ кæм фæуд кæнынц, уым райдайынц иннæты бартæ. Махæй, зæгъ, алкæмæн дæр ис нæ царды фыццаг документ – райгуырды тыххæй бæлвырдгæнæн, цыран фыст сты нæ нæмттæ, фыды нæмттæ, мыггæгтæ. Айхъуыст Республикæ Хуссар Ирыстоны гимн æмæ æрæм-бырдуæвджытæ иууылдæр слæууыдысты.

Уый фæстæ сывæллæттæ равдыстой сценкæтæ, уыдонмæ гæсгæ сывæллæттæ бафидар кодтой сахуыргонд æрмæг цæвиттонтæй. Зæгъæм, сывæллон скъоламæ æрбацыд формæйы нæ, фæлæ цыбыр юбкæйы æмæ косметикæйæ ахуырстæй. Ахуыргæнæг ын бауайдзæф кодта. Зæгъут- ма сывæллæттæ, ахуыргæнæг фехæлдта индивидуалондзинады бартæ? Ахуыргæнинæгтæ сдзуапп кодтой, зæгъгæ, скъолайы уставмæ гæсгæ, ахуыргæнинаг хъуамæ скъоламæ цæуа скъолайон формæйы, сыгъдæгæй.

Равдыстой  ахæм сценкæ дæр, ома, уынджы 16-аздзыд лæппутæ хъыгдарынц уынджы цæуджыты, халынц æхсæнадон фæтк æмæ сабырдзинад. Куыд аргъ кæнут сымах ацы архайдтытæн, хъæуы сæ бафхæрын? Сывæллæттæ сдзуапп кодтой, зæгъгæ, сæ æнæмæнгæйдæр хъæуы бафхæрын. Ахуырдзаутæ ма равдыстой æндæр сценкæ дæр.

Мадзалы ауагътой викторинæ дæр. Сывæллæттæ кастысты аргъæуттæй скъуыд-дзæгтæ æмæ-иу сæ фыццаг чи базыдта, уыдон хорзæхджын цыдысты лæвæрттæй. Ауагътой ма музыкалон конкурс дæр. Ма-дзалы кæрон Тыбылты Идæ ахуыргæ-нинæгтæн байуæрста барты тыххæй памяткæтæ, цæмæй уыдон зоной сæ барты æмæ хæсты тыххæй. Къласон сахаты ма раныхас кодта скъола-интернаты директор Тедеты Роланд æмæ Дзанайты Заирæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ахæм мадзæлттæ пайда кæй сты рæзгæ фæлтæрæн, уымæн æмæ ахæмты руаджы зонгæ кæнынц ахсджиаг документтæ – Конституци æмæ закъæттимæ.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.