Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы минæвæртты æмæ æруынаффæ кодтой РХИ-йы Гарзджын тыхты управлени фæхуыздæр кæныны перспективæтыл.

Фембæлды хайад райстой РХИ-йы Президенты администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан æмæ РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Марат Павлов.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, Президент банысан кодта, фембæлд кæй у актуалон.

«Геополитикон уавæр æмæ æфсæддон цæттæдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны цымыдисдзинад хынцгæйæ, æнæмæнгхъæуæгыл æмæ афоныл нымайын кæрæдзиимæ æмгуыстады фарстыл æруынаффæ кæнын», — загъта уый.

Хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы минæвар бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн йæ хъарм химæрайсты тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон уыд, у æмæ уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы æнувыд æмцæдисон.

«Уæрæсе тынг цымыдис кæны Хуссар Ирыстоны стабилондзинад бахъахъхъæнынмæ, афтæ ма республикæйы рæзтмæ. Уæрæсейы мах стæм информацион технологиты фадыджы сæйраг компанитæй сæ иу, цæттæ стæм бæстæйы рæзтмæ нæ хайбавæрд бахæссын, фыццаджыдæр, информацион технологиты рæзты РХИ-йы Гарзджын тыхты управленийы системæ фæхуыздæр кæныны хайы», — загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.