Знаджы ныхмæ тохы нæ уæлахизы бон æввахс кæнынц сахъ ирон лæппутæ — артиллеристтæ, уырыссаг æфсады афицертæ, ротæйы командиртæ. Дыууæйæ фæдзырдтой сæ ныййарджытæм æмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, КВАДРАКОПТЕРТӔ, бæлвырд нымæцæй æртæ, хъæуы ÆВÆСТИАТÆЙ!!!
«Чысыл багæдзæ кæнут, декабры уын æрбаласдзыстæм» — ахæм ныфс сын радтой сæ хистæртæ. Хъæугæ та сæ кæнынц мæнæ ныртæккæ, цас тагъддæр, уыйас хуыздæр.
Бавдæлæм æмæ æвæстиатæй æрбамбырд кæнæм 1 200 000 сомы, балхæнæм сын æртæ квадракоптеры: MAVIC- 3 DJI.
Нæхæдæг уал редакцийы райдыдтам æхца æмбырд кæнын. Кæй фæнды, уыдонæй алкæмæн дæр йæ бон у хорз хъуыддаджы хайад райсын. Кæмæн йæ бон цас у, уыйбæрц. Онлайн-æрвыст та уæ бон у картæ «Мир»-мæ саразын:
+7 929 811 77 67 Уалыты Ирмæ Теймуразы чызг.
Нæ адрес: Цхинвал, Путины уынг 7, æртыккаг уæладзыг.
Уырны нæ, æххуысы сахаты æвæлмастæй нæ баззайдзыстут. Фæрнæйдзаг ут кæддæриддæр, хорз адæм!
Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Дамбегти Иринæ