Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Сирийаг Арабаг Республикæйы Президент Башар Асадимæ. Фембæд уагъд æрцыд Сиримæ Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæджы официалон балцы фæлгæтты.

Президентон галуаны Дамаскы Бибылты Анатолийыл фембæлдысты Цытджын хъарагъул. Оркестр сæххæст кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийаг Арабаг Республикæйы гимнтæ. РХИ-йы æмæ САР-йы Президенттæ сæ кæрæдзийæн базонгæ кодтой делегацийы уæнгты.

Уæрæх форматы фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадтой, уый тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны адæмæн уый уыд ахсджиаг. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайгæйæ, Сири бафидар кодта йæ демократон æргъадтæ, æхсæнадæмон нормæтыл йæ иузæрдиондзинад, цыран бæрæг у алы адæмы бар дæр, цæмæй цæра ахæм сæрибар нациты æхсæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æмæ Сирийы æхсæн ахастытæ райрæзын кæнын кæй у ныры æмæ фидæны фæлтæры хæрзиуæгæн.

Башар Асад, йæ фарсы ‘рдыгæй банысан кодта, сфидаргонд ахастытæ æмæ æмгуыстад ахс-джиаг кæй сты дыууæ бæстæйæн дæр.

«Дæ балц суыдзæн ахастытæ райрæзын кæныны райдиан, æмæ абон мах нæ къухтæ цы бадзырдыл æрфысдзыстæм, уый суыдзæн æххæстæй æмæ алыварсон æмгуыстады бын-дур», – загъта Башар Асад.

«Æз аргъ кæнын Сирийы ахасты дæ позицийæн, йе ‘вварс кæй хæцыс терроризмы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы. Уыцы позици бындуриуæг кæны дæ моралон принциптыл æмæ æхсæнадæмон барадыл», – кæронбæттæны загъта Сирийы Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.