Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба фембæлдысты Сухумы, абхазаг коллегæйы инаугурацийы церемонийы хайад райсыны сæраппонд хуссарирыстойнаг делегацийы кусæгон балцы фæлгæтты.

Республикæ Абхазы Президенты бынатмæ бацæугæйæ, Рауль Хаджимба бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн, Хуссар Ирыстоны делегаци инаугурацийы церемонийы хайад кæй райста, уый сæраппонд. 

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы кæрæдзиимæ чи бæтты, уыцы хæларадон ахастытæ.

«Не ‘хсæн цы хæларадон ахастытæ арæзт цæуынц, уыдон сты æфсымæрон адæмты ахастытæ, кæцытæ рацыдысты вазыгджын фæндагыл. Разæй нын нырма бирæ алыгъуызон хæслæвæрдтæ ис, кæцыты скъуыддзаг кæнын хъæуы иумæ, æмæ мах хъуамæ саразæм ахæм ахастытæ, кæцытæ ахъаз уыдзысты нæ адæмтæн. Æз тынг бузныг дæн, ардæм чи æрцыд, Хуссар Ирыстоны уыцы делегацийæ. Махæн уый стыр цау у, кæцы радон хатт æвдисы, нæ адæмтæн пайда цы ахастытæ, бастдзинæдтæ уыдзысты, уыдон. Мах дарддæр дæр активонæй кусын хъæуы, цæмæй нæ æмахастытæ ноджы фидардæр кæной», – загъта Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба.

Йæ рады Бибылты Анатоли банысан кодта, Абхазы Президенты бынаты кусын райдайыны цытæн цы мадзæлттæ ауагъдæуыд, уыдон ахсджиагдзинад.

«Мах, афтæ ма бирæнымæц уазджытæ цы мадзæлтты исынц хайад, уыдон ахсджиагдзинадыл дзурæг сты абхазаг æхсæнады – демократон, политиконæй цæттæ æхсæнады серьезондзинадыл,  æмæ нын уый тынг æхсызгон у. Æз ноджыдæр фæндвидарæй банысан кæндзынæн нæ адæмты кæрæдзимæ æнгом кæныны æнæивгæ фæндаг æмæ æнустæм хъарм, æфсымæрон ахастытæ» РХИ-йы Президенты официалон сайт, – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.