Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли Пятигорскы фембæлд Цæгат-Кавказаг федералон зылды УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Александр Матовникимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд РХИ-йы Цæгат-Кавказаг федералон зылды регионтимæ æмгуыстады фарстатыл.

Александр Матовников раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн, ацы аз 20 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты бон кæй банысан кодтой, афтæ ма РХИ-йы сырæзтыл 28 азы сæххæсты бон, уый тыххæй. Уый ныфс бавæрдта, дыууæ бæстæйы æхсæн цы æфсымæрон ахастытæ ис, уыдон фидардæр æмæ уæрæхдæр кæй кæндзысты. Республикæйы цæрджытæн та йæ цæст бауарзта сабырад, стабилондзинад æмæ фæрныгад.

Бибылты Анатоли дæр бузныджы ныхæстæ загъта Цæгат-Кавказаг федералон зылды УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæварæн республикæйы рæзты фарстатæм йæ хъусдарды тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.