Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады къухдариуæггæнæг Тæболты Сергейимæ.

Фембæлды ма хайад райста РХИ-йы Пенсион фонды Сæрдар Тасойты Азæ.

Уынаффæ кодтой, Хуссар Ирыстоны территорийыл  цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ, æмæ Уæрæсейы, сæйраджыдæр Цæгат Ирыстоны территорийыл цæрæг Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты, пенсион ифтонгады фарстатыл.

Уазæгæн раарфæ кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адæм сæ зæрдыл кæй дарынц æмæ æмбарынц, цас тыхтæ бахъуыд йæ ныййарджытæ  Тæболты Солтан æмæ Иринæйы, цæмæй ивгъуыд æнусы 90-æм азты арæдывтаиккой блокадæ.

«Хуссар Ирыстоны адæмы номæй-иу зæгъ дæ бинонтæн кады æмæ арфæйы ныхæстæ», – загъта Президент.

Дарддæр Бибылты Анатоли фæнысан кодта пенсион ифтонгады фадыджы фарстатæ, кæцытыл хъæуы уынаффæ кæнын.

«Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай сты УФ-йы æмбæстæгтæ. Мах бадзурдзыстæм пенситæ райсыны хуыздæр фадæттыл, РХИ-йы æмæ РЦИ-Аланийы цы пенсионертæ цæрынц, уыдонæн», – банысан кодта уый.

Тæболты Сергей бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн йæ уазæгуарзондзинады тыххæй æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстон кæй рæзы, уый йын тынг æхсызгон кæй у.

Уый ныхæстæм гæсгæ, пенсион ифтонгадимæ баст фарстаты нымæц къаддæр нæ кæны.

«Ацы аз УФ-йы æмæ РХИ-йы пенсион фондты æхсæн къухтæ фыст æрцыд Бадзырдыл. Хуссар Ирыстоны УФ-йы æм-бæстæгтæй чи цæры æмæ УФ-йы территорийыл регистраци кæмæн нæй, абон уыдоны нымæц у 526», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.