Президент Бибылты Анатолийæн фембæлд уыд Донецкы Адæмон Республикæйы делегациимæ, кæцы республикæмæ æрцыд РХИ-йы президентон æвзæрстыты дыккаг турмæ дунеон цæстдарджыты хуызы. Делегацийы сконды уыдысты Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы депутаттæ Виктор Ищенко æмæ Василий Перцев.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта уазджытæн æрбалæугæ Уæлахизы бæрæгбоны цытæн æмæ сын бузныг загъта, кæй æрцыдысты, уый тыххæй. «Фæнды мæ иууыл зæрдæбындæр ныхæстæ зæгъын Денис Пушилинæн. Махæн ахсджиаг у, æфсымæрон республикæ æвзæрстытæм цæстдарджытæ кæй рарвыста, уый». Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, æнæхъæн дуне йæ хъус дары Украинæйы фашизмы ныхмæ сæрмагонд æфсæддон операцимæ. «Абон мах фæстаг хæрзбон загътам нæ хъайтартæй иу – Тедеты Аланæн, кæцы фæмард Донбассы. Махæн тынг зын у, нæ лæппуты кæй сафæм, уый, фæлæ ма уыцы иурæстæджы мах сæрыстыр стæм нæ хæстонтæ нæ кæй хъахъхъæнынц æмæ нæ иумиаг знаджы ныхмæ кæй хæцынц, уымæй».

Йæ рады Виктор Ищенко банысан кодта: «Мах стыр аргъ кæнæм, хуссарирыстойнаг лæппутæн сæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ нын кæй æххуыс кæнынц нæ трагедийы, кæцы абон цæуы нæ зæххыл».

 

***

Бибылты Анатоли йæхимæ райста Луганскы Адæмон Республикæйы делегацийы, кæцыйы сконды сты ацы республикæйы Адæмон Советы депутаттæ Павел Пилавов æмæ Жанна Марфина. Президент сын раарфæ кодта стыр бæрæгбон – Уæлахизы боны цытæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2014 азæй хуссарирыстойнаг лæппутæ сты Донбасс хъахъхъæнджыты рæнхъыты. Сæ рады уазджытæ дæр арфæйы ныхæстæ загътой паддзахады сæргълæууæгæн, афтæ хъармæй сæ кæй райста, уый тыххæй. «Бузныг уæ стæм, сымах нæ цины дæр æмæ нæ хъыджы дæр немæ кæй стут, уый тыххæй. Фæнды мæ банысан кæнын, президентон æвзæрстыты процесс бæрзонд æмвæзадыл уагъд кæй цæуы, уый тыххæй», – загъта Жанна Марфина.

 

***

Бибилты Анатолийæн фембæлд уыд Республикæ Абхазы делегациимæ, кæцыйы сконды уыдысты ацы республикæйы Уæлвæткон уавæрты министр Лев Квициния, РХИ-йы Абхазы æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан, депутатон корпусы минæвæрттæ. «Арфæ уын кæнын Стыр Уæлахизы бæрæгбоны цытæн. Хъыгагæн, абон мах уынæм, фашизм та йæ сæрыл кæй схæцыд, уый. Уæрæсейы Федераци сæрмагонд æфсæддон операци Украинæйы кæй уадзы, уый у иунæг раст уынаффæ», – загъта Президент.

Йæ рады Лев Квициния раарфæ кодта Бибылты Анатолийæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты процесс кæй цæуы аккагæй æмæ демократон æгъдауæй.

Бибылты Анатоли йæхимæ райста Цæгат Ирыстон-Аланийы делегацийы, кæцыйы сконды уыдысты республикæйы Парламенты депутаттæ Гæбæраты Юри, Челдыты Витали æмæ Моураты Алан. Уыдон æрдзырдтой Донбассы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операци æмæ РХИ-йы президентон æвзæрстыты тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.