Нæ горæты сыгъдæгдзинадыл æрвылбон дæр æнæзæрдæхудт фыдæбон чи кæны, уыдонæй сæ иутæ сты уынгмæрзджытæ. Нырма бон нæма æрбацъæх вæййы, афтæ вæййынц сæ куысты уæлхъус. Цы бырон æрæмбырд вæййы хицæн бынæтты, уыдон æмбæлон бынатмæ аласыныл та зæрдиагæй бацархайынц бронласæн транспорт æд кусджытæ. Горæты рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинадмæ сæ хайбавæрд кæй хæссынц, уый тыххæй сæ райгонд сты æмбæстæгтæ æмæ сын фæарфæтæ кæнынц. Уыимæ иумæ ма не ‘хсæн ис ахæм адæймæгтæ, сæ фыдæбонæн сын уæлдай аргъ чи кæны æмæ сын сæ къух чи рог кæны. Кæд сæ комкоммæ хæс нæу, уæддæр архайынц, цæмæй цы бынæтты цæрынц, æрвылбон цы уынгмæ рахи­зынц, уыдон ноджыдæр уой зæрдæмæдзæугæ æмæ сын æнтысгæ дæр кæны.

Арæх куыстмæ цы уынгыл фæцæуын, уый у Октябры уынг æмæ дзы зæрдæ рухс кæны йæ сыгъдæгдзинадæй. Сæ разы цы газонтæ ис, уыдонмæ дарынц бæрнон ахаст æмæ дзы антисанитарийæн нæй бынат. Куыддæр уалдзæг æрбалæууы, скъахынц, уый фæстæ ныссадзынц алыгъуызон дидинджытæ æмæ æндæр ахæмтæ. Донцух, зылдцух сæ нæ уадзынц æмæ уыдон дæр сæ хуыз скалынц. Уæлдай хуыздæр уавæры сты ацы уынджы №№ 66-56 хæдзæртты раз газонтæ.  Фæлæ иууыл тынгдæр зæрдæ барухс ацы уынджы №14 хæдзары цæрæг Дзабиты Виталийы архайдæй, кæцы арæх сæумæрайсом æрлæууы, йæ цæрæн хæдзары фарсмæ цы цъæхдарæнтæ ис, уыдон уæлхъус æмæ сæм базилы æмбæлон æгъдауæй. Уымæй дарддæр ма цух нæ уадзы æмæ йæ хъус дары уынджы сыгъдæгдзинадмæ дæр æмæ дзы цы бырон  æрбамбырд вæййы хатт, уыдон амæрзынмæ дæр нæ базивæг кæны. Уæдæ фæзмын хъæуы ахæм æмбæстæгты, цæмæй цы бынаты цæрæм æмæ нæ рæстæг æрвитæм, уый алцæмæй дæр уа зæрдæмæдзæугæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.