Цæрæнбонтæм бахъуыды кодтон бы-нæттон телеуынынады иу алæвæрд. 2013 азы 4-æм августы, хуыцаубоны телерадиокомпани «ИР»-ы «Вслух о…»-йы стыр цымыдисимæ бакастæн уæрæсейаг 2-аг каналы «Æфсæддон программæ»-йы æфсæддон уацхæссæг Александр Сладков æмæ Дзуццаты Тамерланы ныхасмæ. Уацхæссæг уæд ам кусæгон балцы уыд æмæ йæ Дзуццайы фырт фæхуыдта йæ алæвæрдмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ ныхасы сæйрагдæр темæ уыд 2008 азы августы хæст.

Фæлæ ма Дзуццаты Тамерлан йæ уазæджы бафарста, зæгъгæ, ды арæх æрцæуыс Хуссар Ирыстонмæ, ома, практикон æгъдауæй, алы аз дæр  æмæ, зæгъ, фондз азмæ исты хорзæрдæм фæивта нæ республикæйы. Ацы фарстæн уый дзуапп уыдис: «О, хорзæрдæм ивындзинæдтæ дзы фæхатыдтон, фæлæ уыдон сты нырма бынтон цъус. Сымах уæхæдæг хъуамæ саразат уæ горæт, уæхæдæг хъуамæ бафснайат уæ горæты уынгтæ, исчи уæм куынæ æрцæудзæн, мыййаг, уæ уынгтæ æфснайынмæ».

Уый размæ азылд нæ горæты уынгты æмæ йæхи цæстæй федта алырдыгæй куыд арæзтадон, афтæ хæдзарон брæттæ дæр кæй ранхъæвз-ранхъæвз кодтой, уый æмæ ахæм дзуапп дæр уымæн радта. Нæ уынгтæ раздæрау хæрзæфснайд кæй нæ уыдысты иуæй-иу æдзæсгом адæймæгты аххосæй, уым раст цыма йæ разы алцæмæй дæр азымджын мæхæдæг уыдтæн, уыйау ын йæ ныхæстæй фефсæрмы дæн. Тынг раст загъта, нæхæдæг нæ хæстæфхæрд горæт куы нæ æфснайæм, уæд нæм чи æрбацæудзæн æмæ нын нæ рæзтæ чи бафснайдзæн нæхи бæсты. Чи нæ у хæсжын? Афон у, цæмæй нæ горæты алы æмбæстаг дæр бæрндзинад æнкъара æмæ йæ брон брондонмæ хæсса. Фæлæ абоны онг дæр нæ горæты иуæй-иу цæрджытæ сæ брон калынц æнæмбæлон бынæтты…

2008 азы августы æвирхъау æмæ тæссаг хæстæй ныр 14 азæй фылдæр рацыд æмæ нæ сындæггай рох кæнын райдыдта нæ уынгтæ хæсты фæстæ цы æдзæллаг уавæры уыдысты, уый, къæвда бонты астæумæ цъыфы куыд лæгæрстам æмæ хурбоны та рыгæй куы хуыдуг кодтам. Абоны нæ горæты уынгтæн сæ фылдæр хæрзарæзт æрцыдысты æмæ рафидыдтой. Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджыты куыстмæ фау æрхæссæн нæй æмæ сын сæ куыстæн чи нæ аргъ кæны, уыдонæн та хуыцауы хай дæр нæй. Æрвылрайсом дæр горæты уынгтыл разилынц бронласæн машинæтæ æмæ комбинаты кусджытæ иу брон нал фæуадзынц, ног чындзытау афснайынц уынгтæ. Райсомæй хæрзæфснайд уынгтæм рахизгæйæ зæрдæ барухс вæййы, фæлæ та сихорафонмæ брæтты чысыл обæуттæ фæзынынц кæм магазинты рæзты æмæ кæм та тротуартæм æввахс.

Нæ горæты цæрджытæ æмхуызонæй куы аудиккой сыгъдæгдзинадыл, уæд абон хæстæфхæрд Цхинвал ноджы сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр уаид, йæ раздæры хуыз æрцахсид. Фæлæ иутæ аразгæ æмæ сыгъдæг куы кæной, иннæтæ та сæ брон брондонмæ куы нæ хæссой æмæ арæзт цы æрцыд, уыдон куы цъæл кæной, уæд нæ горæт йæ гаччы кæд хъуамæ æрбада. Ныртæккæ уынгты ис быронæмбырдгæнæн егъау контейнертæ. Уырдæм цæрджытæ сæ бырæттæ фæхæссынц æнæхъæн боны дæргъы æмæ сæ райсомæй раджы машинæтæ аласынц.

Тæболты Сергейы уынджы  цæрджытæ дæр райгонд сты хæрзарæзтады комбинаты кусджыты куыстæй, фæлæ сын ацы районы цæрджытæй дæр иуæй иутæ нæ аргъ кæнынц сæ уæззау куыстæн. Цæвиттон, ацы уынджы «Бензоколонка»-мæ æввахс цæрджытæй иуæй-иутæ тротуармæ æввахс газоныл ныккалынц сæ брон суткæйы дæргъы цафонфæнды дæр. Бирæтæ та сæ бырон рахæссынц, æгæрыстæмæй, æхсæвы 4 сахатыл дæр. Æвæццæгæн, сæ цæмæй мачи фена, уымæн афтæ кæнынц, æндæра кæуыл цы уынгæджыйы бон ныккодта æмæ æнафоны бырæттæ рахæссай. Уырдыгæй быронæй йедзаг целлофанты дзæгъæл куыйтæ ахæссынц алы рæттæм, уæлдайдæр та «Бензоколонка»-йы территоримæ æмæ афтæмæй фæлæзæрынц цалдæргай бонты. Куы та сæ дымгæ фæраскъæф-баскъæф кæны æмæ сæ алы къуымты банæмы.

Ивгъуыд азы декабры мæйы бахатыдыстæм мидхъуыддæгты министрады горæты хайы фадыгон милиционерты хистæр Остъаты Олегмæ. Уыдон азылдысты æввахс корпусты æмæ баракты цæрджытыл æмæ сæ карзæй бафæдзæхстой, цæмæй сæ бырон бырондæттæм хæссой. Фæлæ уæддæр, иуæй-иу æдзæсгом адæймæгтæ нæ фæчъил сты æмæ раздæрау сæ бырон калынц уыцы бынаты. Æгæрыстæмæй, æввахс æмбондыл табличкæтæ дæр бакодтам, зæгъгæ, уæ бырон ацы бынаты мауал калут, фæлæ… Чидæртæ æппындæр нæ аргъ кæнынц нæдæр уынгмæрзджыты куыстæн æхсæвы цыппар сахатыл йæ куыстмæ чи рацæуы, цæмæй горæты цæрджытæ райсомæй рахизой хæрзæфснайд уынгтæм, уыдонæн. Се ‘мрæнхъ, цæрджытæ сæхæдæг куы нæ аудой сыгъдæгдзинадыл, уæд æй раздæрау рæсугъд æмæ сыгъдæгæй никуыл фендзыстæм. Цæвиттон, иуæй-иу адæймæгтæ афтæ сæ цæсгомыл сæ къух систой æмæ бынтондæр нал æфсæрмы кæнынц нал дæр сæхицæй, нал дæр цæрджытæ æмæ æрцæуæггаг уазджытæй.

Нæ горæты уынгты æвæрд æрцыдысты чысыл урнатæ чысыл бырæттæ ныппарыны тыххæй. Фæлæ уыдоны дæр иуæй-иу æнæмбаргæ адæймæгтæ ныппарынц быронæй йедзаг целлофантæ æмæ сæ уырдыгæй дзæгъæл куыйтæ сласынц æмæ сæ  ныппырх кæнынц. Æрæджы иу ахæм ныв бон сихорафон федтон Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы раз. Ацы районы змæлы тынг бирæ адæм.

Курæг стæм не ‘мбæстæгтæй, цæмæй алчидæр ауда иумæйаг – горæтыл. Æмхуызонæй куы нæ аудæм  хæстæфхæрд горæты сыгъдæгдзинадыл, уæд æй раздæрау цæхæркалгæйæ никуы уал фендзыстæм. Æрбалæууыд уалдзæг æмæ уалдзæджы та алцыдæр хъуамæ уа дидинæгау рæсугъд.

Стыр Уæрæсе нын алыварсон æххуыс кæй кæны, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг хорз у. Фæлæ, иннæмæй та æнхъæл-цау сахуыр стæм æмæ, æвæццæгæн, нæ горæты цæрджытæй иуæй-иутæ сæ бырон акалынмæ дæр искæмæ æнхъæлмæ кæсынц. Нæхицæй аразгæ цы у, уый цæмæннæ аразæм?

Хорз уаид, паддзахадон телерадиокомпани «ИР»-ы къухдариуæгад сæ уацхæсджытæн куы бахæс кæниккой, цæмæй ахæм æнæзæрдæмæдзæугæ  нывтæ исой æмæ сæ адæмæн æвдисой. Уæд кæд сæхиуыл æрхудиккой йæ бырон бырондонмæ чи нæ хæццæ кæны, уыдон…

                               ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.