Ацы ныхæстæ загътон, кæддæр нæ кады лæг Нафийæн фæстаг фæндараст куы загътам, уæд. Фæлæ та мæ абон бахъуыд сæ зæгъыны сæр. Ацыд та йе ‘нусон дунемæ нæ иннæ фарны лæг, стыр курдиаты хицау, мыггаджы фидауц Джусойты Мурат дæр. Мураты æнафоны мæлæтæй къахырæй баззад нæ культурæ, ирон киноаивад.
Уæвгæй та, Нафийы, Таймуразы, Мураты, Хасаны æмæ бирæ æндæрты хуызæн адæймæгтæ æрмæст сæ мыггаджы кады лæгтæ нæ вæййынц. Уыдонæн сæ ном Ирыстоны арæнтæй дæр раджы ахызт.

Тынг хъыгаг у, Джусойты Мураты хуызæн курдиатджын, хæларзæрдæ æмæ цæстуарзон адæймæгтæ æнæрæстæджы куы ацæуынц цардæй, уæд. Æдæппæтæй батыдта 64 азы, уыдонæй дæр æгъатыр низы аххосæй авд азы куыстхъом нал уыд. Уæд низ раттæг æмæ удхæссæг сæ ахсджиæгтæй бавдæлон уой, кæд адæймаджы иугыццыл цæрын æмæ кусын цæуылнæ бауадзынц.

Джусойты Мурат гуыргæ Хуссар Ирыстоны, Нагутнийы хъæуы ракодта. Сæ фыды мæлæтæй сидзæры мæгуыры бонтæ бавзæрстой цыппар сывæллонæй. Фæстæдæр цæрынмæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Октябрыхъæуы. Скъолайы фæстæ каст фæцис Мæскуыйы кинематографийы факультет, бирæ азтæ бакуыста Одессæйы киностудийы, фæлæ йæ кæддæриддæр йæхимæ æлвæста Ирыстон. Ирон æвзаджы уавæрыл сагъæсгæнгæйæ, сфæнд кодта нæ мадæлон æвзагыл кинотæ саразын. Уый йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Куыд режиссер, сценарист, продюсер, афтæ систа бирæ мидисджын кинотæ: «Фанат», «Похищение Европы», «Человек в зеленом кимоно», «Кандагар. Пятая рота», «Курьер на восток», «Рудник» æмæ æндæртæ. Фæлæ йæ аивадон кинонывтæ «Хохаг» æмæ «Фарн»-æй та стыр бавæрæн бахаста ирон аивадмæ. Йæ зæрды ма уыд кинотæ сисын нарты эпосыл, нæ фыдæлты цард æмæ архайдыл, документалон киноныв сисын æй фæндыд нæ мыггагыл, фæлæ йæ низ йæ зæрдæйы фаг архайын нал бауагъта. Ацы кинонывтимæ Мурат архайдта æппæтуæрæсейон æмæ дунеон фестивальтæ æмæ конкурсты æмæ сын-иу къамис скодта стыр аргъ. Афтæ йæ чингуытæ «Время Ацамаза» æмæ «Один» дæр. Мурат ма уыд хорз хъæбысæйхæцæг дæр. Сси Уæрæсейы æмæ республикæйы чемпион, стæй спорты мастер уæгъдибар хъæбысхæстæй. Муратæн царды æмæ аивады цас бантыст, уыдоныл æнæкæрон бирæ дзурæн ис.

Фильм «Рудник»-æй

Джусойы фырт йæ цыбыр царды цас хорздзинад байтыдта, уый рабæрæг 19 апрелы йæ фæстаг фæндараст ын зæгъыны бон. Зæгъæн ис, хиуæттæ, мыггагæй дарддæр ма Ирыстоны интеллигенцийæ фæстæ ничиуал баззад. Мураты тыххæй стыр зæрдæхъыгæй дзырдтой ирон театры режиссер Сæбанты Тамерлан, фыссæг Гусалты Барис, æхсæнадон архайджытæ Хъуылымбегты Знауыр, Санахъойы фырт, мыггаджы номæй Джусойты Тарзан… Раныхасгæнджытæ дзырдтой Мураты цард æмæ алывæрсыг архайдыл, йе стыр хайбавæрд ирон аивадмæ, йæ рæсугъд удыхъæдыл… Дзырдтой сæ мысинæгтæ. Чидæртæ дзы фæндон бахастой Хицауадмæ куырдиат ныффыссын, цæмæй Мураты номыл Дзæуджыхъæуы фæзына уынг, стæ музей йæ куыстытæн.

Тæфæрфæсы телеграммæтæ уыййас æрбацыд, æмæ сын се ‘мбис дæр нæ бакастысты. Уыдон уыдысты Уæрæсейы алы горæттæй, фæсарæнтæй. Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан йæ телеграммæйы тæфæрфæс ракодта  Мураты хиуæттæ  æмæ къабæзтæн: «Стыр хъыгимæ сæмбæлдтæн зындгонд режиссер Джусойты Мураты мæлæтыл. Йе сфæлдыстадон хъысмæт æнæфæхицæнгæнгæ у ирон кинематографийæ, йæ кустытæн ын стыр аргъ скодтой аивадуарзджытæ. Уый бахаста стыр бавæрæн ирон кинойы рæзтмæ, кад скодта Ирыстонæн. Ацы хъыггæнæн бон Мураты хиуæттæм æрвитын зæрдæбын тæфæрфæсы ныхæстæ. Мах æнустæм бахъахъхъæндзыстæм æмæ аргъ кæндзыстæм Мураты куыстытæн».

Раст загъта йæ раныхасы Сæбанты Тамерлан. Мураты хуызæн курдиатджын адæймæгтæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы. Сæ тых, сæ хъару, сæ уды хъомыс æнæрæстæджы баихсийы сæ бирæ куысты. Мураты ма йæ бирæ алывæрсыг архайдæй дарддæр фæндыд æдзух искæмæн æххуыс кæнын, искæй зындзинад йæхимæ райсын. Иуран нæ бадт рынчынæй дæр, йæ хъару ма йæ цас амыдта, уымæй архайдта. Йæ курдиат, йæ зонындзинæдтæ амыдта, æххуысмæ йæм чи цыди, уыдонæн.

Ирон адæм никуы ферох кæндзысты курдиатджын режиссер, сценарист, актер, УФ-йы Кинематографистты  цæдисы уæнг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, республикæйы стырдæр хæрзиуæг «Во Славу Осетии»-йы кавалер æмæ, сæйрагдæр, сыгъдæг, цæстуарзон адæймаг Джусойты Мураты.

Бердзенаг поэт Хафиз загъта: «Все на земле, кроме добрых деяний на благо людей – не навечно!».

Мурат, мæ кадджын æфсымæр! Цы цæстысыг дыл фæкалдтам, уыдон дын уымы бæсты судзгæ цырæгътæ фестæнт æмæ дын дæ развæндаг рухс кæнæд! Дзæнæты дæ бынат! Ирон адæм фылдæр хатт, сæ хорз лæгты стыр хъуыддæгтæ, базонынц сæ мæлæты фæстæ. Стыр хъыгагæн!

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.