Нæ горæты цæрджытæй бирæтæ хорз хъуыды кæнынц Советон Цæдисы рæстæджы, цалынмæ ирон адæмы ныхмæ гуырдзиаг тыхæйисджытæ хæст нæ расидтысты, уæдмæ нæ чысыл, уарзон Цхинвал куыд тынг рæсугъд горæт уыд, уый. Уалдзæджы æрбалæудимæ-иу Цхинвал цъæхвæлыст горæт фестад. Горæты уынгты хæрдмæ цы бæлæстæ фæцыдыстыы, уыдон-иу сыфтæр æмæ дидинæг куы ракалдтой, уæд-иу сæм адæймаг кæсынæй не ‘фсæст, сæ уындæй-иу зæрдæ рухс кодта. Иннæ ахæм та сæрдыгон тæвд бонты тынг æххуыс уыдысты горæты цæрджытæн, сæ бынты цæугæйæ сæ хурæй кæй хызтой, уымæ гæсгæ.

Фæлæ уал азы хæстон уавæрты цæргæйæ, нæ горæт бонæй-бон цауддæр кодта. Бæлæстæ дæр хæсты хайадисджытæ кæй уыдысты, уымæ гæсгæ уыдон дæр æвыдæй нæ аирвæзтысты знаджы дæрзæг къухтæй, бирæтыл дзы сæмбæлдысты знаджы нæмгуытæ æмæ нæмыгдзæфтæй цасдæр фæлæууыны фæстæ бахус сты. Горæты уынгты ма æнæхъæнтæй цы бæлæстæ баззадысты, уыдон та мæгуыргъуызтæй кастысты, раст цыма æнæмсæр хæсты фæмардуæвæг Ирыстоны æдзард зынгхуыст хъæбултыл хъынцъым кодтой, уыйау. Фæлæ бон цæуы æмæ фарн йемæ цæуы. Азæй-азмæ нæ горæты хæрзарæзт уынгты нымæц кæны фылдæрæй-фылдæр.

Горæт-хъайтар Цхинвал срæсугъд кæнымæ стыр хайбавæрд хæссынц горæт Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ ландшафт-дизайнер Пæрæстаты Иринæйы сæргълæудæй.

Уыдон ныр иу мæйæ фылдæр кусынц уынгты алыгъуызон дидинджытæ æмæ талатæ ныссадзыныл, æфснайынц сквертæ, улæфæн бынæттæ.

Пæрæстаты чызджы ныхæстæм гæсгæ сын нæ горæты цæрæг Къæбулты Азæ балæвар кодта китайгаг уардитæ – гибискустæ 75 талайы.  4-æм апрелы уыдонæй  70 талайы ныссагътой Ногдзауты парчы. Фондз талайы та радтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайæн. Дидинæг ракалдзысты ацы аз. Уый у   бирæзон зайæгой.

Цъæхвæлыстгæнæн куыстытæ ма кæнынц Хуыбылты Валерийы номыл парчы. Ам кусджытæ цъæх зонæты мæр хæмпус кæнынц, æлвынынц декортаивон къутæрты уæлдай къалиутæ. Стыр парчы куыстытæ фæуыдзысты къуырийы æмгъуыдмæ æмæ уый фæстæ та æрæвналдзысты æндæр улæфæн зонæты хæрзарæзтадмæ. План кæнынц паркы бирючинæйы къутæртæ æмæ æндæр зайæгойтæ ныссадзын дæр. Бирючина у ахæм къутæр, кæцы рæзы тагъд, йæ къалиутæ айвазы фæйнæрдæм. Иннæ ахæм æй цас тынгдæр æхсæдай, уыййас рæзы тагъддæр.

Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ ма æрæвнæлдтой Цхинвалы уынгты кæрзбæлæстæ садзынмæ. Ныридæгæн уал дæсгай талатæ ныссагътой Джиоты Аланы проспекты, Хъайтарты æмæ Ирæтты уынгты. 4-æм апрелы та кусджытæ кæрзбæласы талатæ ныссагътой Фидауынгæнджыты уынджы. Кæрзбæлас хæрдмæ рæзы 30 метры онг. Сты рæсугъд бæлæстæ. Бæрзбæлæстæ ныссадзысты ахæм уынгты, цыран никуы ма уыдысты сагъд нæдæр декоративон къутæртæ æмæ нæдæр æндæргъуызон бæлæстæ. Афтæ ма ацы бонты æрæвналдзысты горæты уынгты дидинджытæ садзынмæ. 2022 азы Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парчы ныссагътой 3500 уардийы, æмæ Ногдзауты парчы та – 360 уардийы.

Хæрзарæзт скæндзысты раздæры Турбазæйы цур сквер дæр. «Нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ горæты уынгтæ афтæ срæсугъд кæнæм æмæ сæ уындæй æхцондзинад исæм. Цæмæй нын фылдæр бакусын бантыса, уый тыххæй фæкусæм райсомы авд сахатæй изæрдалынгтæм, бакусæм улæфтбонты  дæр. Нæ горæты уынгтæ æмæ сквертæ хъуамæ æркæнæм æмбæлон уагмæ», – загъта Пæррæстаты Иринæ

Иу дзырдæй, азы алы афон дæр бынтон æнæвдæлон вæййынц хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ, фæлæ уæлдай тынгдæр та сæ куыстытæ фæфылдæр вæййынц уалдзæджы æрбалæудимæ. Нæ горæты цæрджытæй алкæйы хæс та у, цæмæй сын сæ куыстæн аргъ кæнæм. Фыдаудæн ма кæнæм нæхицæн.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.