Хуссары Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой бархион Джиоты Маратæн, кæцы фæмард Украинæйы сæрмагонд хæстон операцийы рæстæджы.

Хъайтарæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, æхсæнады минæвæрттæ, йæ хæлæрттæ.

Паддзахады сæргълæууæг мæсæллæйы ныхæстæ загъта Джиоты Мараты биононтæ æмæ æввахс хиуæттæн.

«Рыстзæрдæимæ абон мах фæстаг хæрзбон дзурæм хъайтарæн, ирон адæмы фыртæн. Цахæмфæнды ныфсæвæрæн ныхæстæ дæр нæ баххæст кæндзысты зианы рыст, æз мæ сæрæй ныллæг кувын Мараты хиуæтты раз. Мах алы хатт дæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм ахæм адæмы рухс нæмттæ. Уыдоны нæмттæ æнустæм баззайдзысты ирон адæмы зæрдæты. Сæ цард нывонд кæнгæйæ, уыдон тох кæнынц нæ Райгуырæн зæххы сæрибардзинад æмæ йæ фидæныл», – загъта уый.

Гаглойты Алан ма банысан кодта, зæгъгæ, абон у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдиан.

«Куыд гъеуæд, афтæ ныр дæр нæ лæппутæ тох кæнынц фашизмы ныхмæ, сæхи нывонд кæнгæйæ, уыдон хъахъхъæнынц нæ сæрибардзинад, æвдисынц æхсардзинад æмæ хъайтардзинад Украинæйы сæрмагонд хæстон операцийы рæстæджы. Хуыцау зæгъæд, цæмæй ахæм хабæрттæ мауал хъусæм æмæ нæ лæппутæ сæ хæдзæрттæм удæгасæй æрыздæхой», – банысан кодта уый.

Президенты Барамындæй Джиоты Марат хорзæхджын æрцыд (йæ амæлæты фæстæ) «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.