Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Украинæйы Уæрæсейы сæрмагонд хæстон операцийы фæмардуæвæг бархион Козаты Владимирæн (Хитор).

Фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыд бирæ адæм, уыдоны нæмæцы премьер-министр Джуссойты Константин, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Владимир.

Хуссар Ирыстоны ОМОН-ы ветеран Козаты Джемал радзырдта фæмардуæвæг бархионы тыххæй, банысан кодта, зæгъгæ, уый æхсæрдæсаздзыдæй фæстæмæ хæцыд автоматыл.

«Владимир 16-аздзыдзæй слæууыд службæ кæнынмæ, нæ йæ истой йæ  кармæ гæсгæ, фæлæ уый уæддæр йæхион бакодта. 2008 азы хъахъхъæдта Райгуырæн зæхх гуырдзиаг агрессорæй, службæ кодта милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды, цыран равдыста хъайтардзинад æмæ æцæг профессионализм.

2014 азы уый ацыд Донбасс хъахъхъæнынмæ, æфсымæрон республикæйы сгуыхтдзинæдты тыххæй, уый йæ райгуырæн зæхмæ æрыздæхгæйæ, хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхæй. Хъыгагæн, уый амард Украинæйы сæрмагонд операцийы рæстæджы, йæ цард радта фашизмы ныхмæ тох кæнгæйæ», – загъта Козайы фырт.

Пухаты Владимир банысан кодта, Козайы фырт кæй уыд Ирыстоны хъахъхъæнæг, кæцы йæ цард радта куыд хъайтар, æмæ ахæм хъайтартæ хъуамæ баззайой адæмы зæрдæты.

Республикæйы Президенты Барамындмæ гæсгæ Козаты Владимир йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй. Майдан фæмардуæвæджы ныййарæгæн радта хъахъхъæнынады ведомствойы сæргълæууæг.

Козаты Владимирыл цыд 34 азы. Баззад ын 12-аздзыд чызг.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.