Хуссар Ирыстон йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодта бархион Къораты Георгийы, кæцы  фæмард Украинæйы специалон хæстон операцийы.

Хъайтарæн хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, æхсæнады минæвæрттæ, йæ хæлæрттæ.

Къораты Георгийы хæстæджытæ æмæ æввахс адæмæн мæсæллæйы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæг.

«Мах хæрзбон кæнæм хъайтарæн, ирон адæмы аккаг фыртæн. Къораты Георги уыд æхсарджын, ныфсхаст, йæ бæстæйы æцæг патриот.

Хъайтарты нæмттæ æнустæм цæргæйæ баззайдзысты нæ адæмы зæрдæты. Сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, уыдон хъахъхъæнынц нæ бартæ амондджын царды тыххæй, хъæбатырдзинад æмæ æхсар æвдисгæйæ. Хъыгагæн, хæст æнæ уды зиан нæ вæййы. Сæ амæлæтæй нæ зæрдæты ныууадзынц, байгасгæнæн кæмæн нæй, ахæм хъæдгæмттæ».

Къораты Георги Президенты барамындæй хорзæхджын æрцыд (йæ амæлæты фæстæ) «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.