Æрлæууыдыстæм та Ног азы къæсæрыл. Ирон лæг алы бæрæгбоныл дæр æмбæлы кадимæ, радимæ, цытимæ, фæлмæн мидбылхудтимæ, йæ цæнгтыл фæйнæрдæм ахæцгæйæ. Фæлæ уыцы бæрæгбæттæй уымæн иуыл ахсджиагдæр, зынаргъдæр, уарзондæр у Ног аз.

Адæймаг сомбоны ныфсæй цæры, цард та бонгай, къуыригай, мæйгай, афæдзгай нымайгæйæ у. Aфæдз куы басгуыхы, афæдз хорз æмæ амондджын куы разыны, уæд ма æндæр цы хъæуы цардаразæг лæджы. Уымæн у се’нхъæлмæгаст Hог азмæ тыхджындæр.

Ног азы къæсæрыл алы ирон лæг дæр æрлæууы йæ фынджы уæлхъус, райсы йæ къухмæ дзаггарз æмæ скувы Хуыцаумæ, нæхи Уастырджымæ. Йæхи, йæ бинонты, йæ мыггаджы, æппæт Ирыстоны – Цæгатæй-Хуссармæ, хохæй-быдырмæ бафæдзæхсы Иры дзуæрттыл.

Сидтамонæг цæстуарзонæй зæгъдзæн: Ирыстон дарддæр æнæфыдбылыз уæд, стыхджын уæт се’хсæн уарзондзинад æмæ æнгомдзинад.

Ног азы нæртон кувæджы дзыхæй мах хъуамæ фехъусæм: азæй-аз хуыздæр цы кæнæм, нæ адæм цæмæй уой æнæмаст, æнæфыдбылыз, нæ фæсивæд цæмæй мауал фæкъахыр уой, æгъдау æмæ ахуырмæ сæ тых цы радтой, хæрамы цæстæй цы акæсой наркомани, алкоголизм, къахбайдзинад æмæ æндæр æнæуаг митæм. Фæрнджын, æмбаргæ цæстæй цы акæсой фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæм.

Нæ куырыхон кувæг фæдзæхсæгау зæгъдзæн: нæ сагсур лæппутæ, нæ хъуытазхъуыр чызджытæн, уæ сомбоны царды фæндæгтæм тырнгæйæ, фыдæлты фарн æмæ æгъдауыл фылдæр хъуыды кæнут, мад, фыды бынатмæ тырнгæйæ, цæсгомджын, æгъдауджын ут.

Сидтамонæг, æнæмæнг, фæдзæхсæгау зæгъдзæн: ма рох кæнут куырыхон Къостайы ныхæстæ: «Цы уыдзæн, нæ фидæн, нæ фæстаг!». Фæсивæд та сæ зæрдыл хъуамæ дарой нæ литературæйы хъазуатон хосдзау Хъаныхъуаты Иналы ныхæстæ: «Æнахуыргонд адæмæн рæсугъд фидæн никуы уыдзæн».

Нæ кувæг сæрыстырæй зæгъдзæн: стæм хæдбар паддзахад, йе ‘вæрын, йе стыхджын кæнын нын цы бантыса, нæ Иры сахъгуырд Бибылы фырты алыварс бахxуысы оххыл æнгом цы лæууæм, Мæскуыйы сæрæнгуырд Путины хорздзинæдтæн аргъ кæнын цы фæразæм. Ам дæр та Къостайы ныхæстæ махæй рох ма хъуамæ уой:

«Хицæнтæй мах стæм æдых æмæ ницы

Иумæ куы ‘вналæм – хох ракæлдзæн, ра!».

Сидтамонæгæй рох нæ уыдзысты Ирыстоны мæдтæ. Зæгъдзæн сын: æнамонд рæстæджытæ бирæ федтат, бирæ цæссыг фæкалдтат, сбирæ сты нæ саударæг мæдтæ. Бафæдзæхсдзæн сæ – туг ныккалыны сæр мауал бахъæуæт, хызт уæт Беслæн, Хъобан, Хахет æмæ æндæр æрцæуæг фыдбылызтæй.

Арфæйаг аз разынæд нæ Ног, 2019 аз. Æрцæуæт ныл Къостайы арфæтæ:

«Æрхæссæт уын нæуæг дуг амонд, –

Æцæг лæгтæй уæ æцæг куыд арон, –

Куыдæй уыдыстут мын зындгонд,

Куыд куса, ныронгау уæ зонд».

Амондджын аз нын фæуæд 2019 аз. Фыдбылызæй цы федтам, мастæй цы бавзæрстам, уыдон æгъгъæд фæуæнт. Ног азы къæсæрыл, царды хорздзинæдтыл цы ныззарæм, фидæнхуыздæр цы кæнæм, Дунескæсæг Хуыцау нын уыцы амонд радтæт. Фарнхæссæг фæу, нæ Ног аз! Радт хорздзинæдтæ кувæг адæмæн, сæ фыдбылыз сæфт куыд уа, сæ амонд – уæлахиз, цæмæ бæллынц хорзæй – сæ къухы сын æй бафтау, цæмæй тæрсынц,  уымæй та сæ бахиз!

Лæгтыдзуар Уастырджы! Табу – дæхицæн! Байрагæй бæхгæнæг дæ, лæппуйæ та – лæггæнæг. Дæ цæст бауарзæт – Ирыстон лæгджын цы уа, хæсты хъуыддагæн æрцæуæт кæрон, Кавказы адæмтæ иу бинонтау кæрæдзи куыд бауарзой.

Ирыстон уæззау уаргъ аппæрста йе ккойæ, Стыр Уæрæсейы руаджы сæрибары къухты бафтыдыстæм, ирон лæг сæрбæрзондæй ныззарыд Илас Æрнигоны ныхæстæ:

«Сæрибар нæ бæстæ,

Сæрибар нæ зæхх

Нæ барæг æд гæрзтæ,

Нæ барæг æд бæх.

 

Нæ фæндон нæхи бар,

Нæхи бар нæ дзых.

Сæрибар, сæрибар

Сæрибар – нæ тых».

Мæ зынаргъ ирон адæм! Ног азы хорзæх уæ уæд! Нæ ног, 2019 аз нын æрхæссæт амонд, уарзондзинад, сабырад! Нæ зæрдыл æрвыл бон дæр цы лæууа разагъта Къостайы фæдзæхст: «Мæ адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!». Ут мын амондджын, зæрдæрухс, уæ фидæнмæ ныфсджынæй цы кæсат, уыйбæрц амонд уæ уæт!

Мæ уарзон, мæ фæлмаст адæм! Æрцæуæт уыл дзæнæтыбадинаг поэт Цæгæраты Гигойы арфæтæ:

«Чызджытæн зæгъы нæ зæрдæ:

Амæндтæй дзаг уæт уæ къух.

Мадæлтæн зæгъы нæ зæрдæ:

Макуы нын бавзарут зын.

Макуы сурс уæнт уæ сæртæ

Судзæт уæ цæстыты зынг!

Хистæртæн зæгъы нæ зæрдæ:

Сабиты хуртæй цæрут.

Уæхи дæндæгтæй сæкæртæ

Фондзыссæдз азы хæрут».

Зæххы къорийыл цы Иры цæуæт ис, уыдон фæдзæхст уæнт Иры Зæдтæ æмæ Дауджытæй! Фарны азы къухы бафтут!

Уæ хорзмæбæллæг  Гацыр Плиты

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.