Советон Цæдисы сгуыхт тæхæг Цхуырбаты Харитон кæд Мæскуыйы цард, уæддæр-иу арæх амбæлдысты йæ цхинвайлаг хæлар Задыты Нодаримæ, куы Мæскуыйы æмæ куы та – Цхинвалы. Иуахæмы Харитон Нодарæн радзырдта 1962 азы Карибы кризисы рæстæджы æрцæугæ хабар. Цæвиттон, Мæскуыйы бæлццæттæласæн авиацийы кусгæйæ, Цхуырбайы фыртмæ фæсидтысты уæлдæр къухдариуæгадмæ æмæ йын загътой: «Ногæй та хъуамæ атæхай Кубæмæ (Харитон уæдмæ нымад уыд, Мæскуыйæ Гаванæмæ æппæты фыццаг уæлдæфон фæндаг чи байгом кодта, уыцы хъæбатыр тæхæгыл). Демæ ласыс, «стыр паддзахадон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм уæз». Цыбыр рæстæгмæ Харитоны базырджын машинæ стæхынмæ цæттæйæ лæууыд Мæскуыйы аэродромтæй иуы.

Æмæ, стæхыны агъоммæ науы командир Цхуырбайы фырт йæ цæст ахаста бæлццæттыл. Ацагуырдта, Гаванæмæ цы «стыр паддзахадон нысаниуæгджын уæз» хъуамæ аластаид, уый, фæлæ дзы ахæмæй ницы рахатыдта. Æрмæст, дзы, цыма уæртæ фыц-цаг салоны астæуæй чи бадт, уыдонæй иуы кæмдæр федта, афтæ йæм фæкаст, йæ уæлæ сау-сауид костюмтæ, урс хæдон æмæ сау «гæлæбу галстук». Сау шляпæ æмæ сау кæсæнцæстытæ. Æнæ сыбырттæй бадт цыбыр рихиджын нæлгоймаг. «Уæдæ уый нæхи, ирон адæмы разагъды фырт уа, æмæ уый ахæм дарæс никуы дардта. Уæдæ ма йæ кæм федта?», – йæхинымæры сдыгъуырццæг Харитон.

Дзырд дардыл у, фæлæ Харитоны базырджын машинæ Гаванæмæ ныхæццæ изæрæй. Кубæйаг паддзахадон бæрнон кусджыты стыр къорд, семæ уыд журна-листтæ, афтæмæй аэродромы æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты советон хæдтæхæгмæ. Цхуырбайы фырт куыддæр хæдтæхæг баурæдта, афтæ сæрмагонд машинæ æрбатагъд кодта трапы тæккæ размæ. Æмæ йæм советон бæлццæттæй салонæй фыццаг рахызт, Харитонмæ зонгæ чи фæкаст, уыцы нæлгоймаг. Журналисттæ йæ куыддæр ауыдтой, афтæ йæм æз фæраздæронæй сæхи баппæрстой. Чи йын йæ къам исыныл афæлвæрдта, кæй та дзы фарста радтын фæндыд, фæлæ сын уый фадат нæ фæцис. Мæскуыйаг  стыр уазæг, йæ цæсгом амбæрзгæйæ, уайтагъд абадт машинæйы. Фæстдæр Харитон кубæйаг газетты Плиты Иссæйы къам куы федта, уæд ма йын цы базонын хъуыд, Мæскуыйæ цы «паддзахадон нысаниуæджы уæз» æрласта, уый æцæгдæр йæ номдзыд æмбæстаг Плиты Иссæ кæй уыд.

Иссæ Кубæмæ куыд æмæ цæй тыххæй æрвыст æрцыд, уый фæдыл Хъæбæлоты Билар афтæ фыста: «Мæн бахъуыдис Политбюройы бирæ суагъæтæ, кæцыты фыстæуыд: «Гаванæ, ССР Цæдисы минæварæн, æмбал Павловмæ радтыны тыххæй (Павлов уыд Иссæйы фæсномыг)». Уыдон уыдысты амындтытæ иууыл тæссагдæр бонтæ æмæ минутты иунæгæй баззайгæйæ, Плийы фырт йæхимæ цахæм бæрндзинад хъуамæ райстаид, уый тыххæй. Фæстæдæр Плийы фырт йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй-иу ын цалдæргай бонты Мæскуыимæ бастдзинад нæ уыд æмæ-иу æгæрон бæрндзинад æрæнцад Павловыл. Плиты Иссæйы ацыды нысан уыд сусæггонд. Фæзынд дам-думтæ, зæгъгæ, Плийы фырты æрцахстой. «Уæд мæм телефоны дзурын райдыдтой Мæскуыйæ, Грознæйæ, Налцыккæй, Ростовæй, æндæр рæттæй æмæ мæ фарстой, зæгъгæ, кæм ис Плийы фырт, цы фæцис? Æз æй зыдтон, кæм ис, уый, фæлæ мæ бон йе схъæр кæнын нæ уыдис. Уæд ссардтон иунæг фадат: мæхимæ æрбахуыдтон Æгъуызары фырты æмæ  йæм бахатыдтæн, цæмæй радио æмæ телеуынынады радзурой Плийы фырты тыххæй, равдисой кинонывтæ. Уæд тæссаг дзæнгæрджытæ басабыр сты. Плийы фырт йæ хæс куы сæххæст кодта æмæ Райгуырæн бæстæмæ куы æрæздæхт, уæд,  мах уыдыстæм Сæйраг Советы иу æмбырды. Плийы фырт æмбырдмæ байрæджы кодта æмæ йæ куы афарстон, цæй тыххæй бафæстиат, уæд  уый йæ дзыппæй систа къухмæрзæны тыхтон æмæ мæм æй æрбалæвæрдта. Æз æй райхæлдтон æмæ йæ мидæг уыдысты Ленины дыууæ ордены. Бафарстон æй, кæм сæ райста, уымæй. Уый йæ мидбылты бахудти æмæ дзуапп радта: «Ныртæккæ мын сæ мæ къухмæ радта Микоян, иу дзы у мæ райгуырды 60 азы боны цытæн, иннæ та – Советон хицауады сæрмагонд хæслæвæрд иттæг хорз сæххæст кæныны тыххæй». Мах ын иууылдæр арфæ ракодтам, кæй зæгъын æй хъæуы,  æндæргъуызон аргъ ын скæнын кæд хъуыдис, уæддæр…». Плиты Иссæ Карибы кризисы рæстæджы цы стыр хъайтардзинад равдыста, уый тыххæй бирæ зындгонд адæймæгтæ ныффыстой, уыцы нымæцы Советон Цæдисы маршал Дмитрий Язов дæр йæ чиныг «Удары судьбы»-йы.

Плийы фыртæн лæвæрд æрцыд егъау æххæст бартæ, суанг ядерон хæцæнгарзимæ ракетæтæй спайда кæныны онг «йæхи цæс-тæнгасмæ» гæсгæ. Ома, фактон æгъдауæй ууыл баст уыд æнæхъæн бæстæты æмæ адæмты хъысмæт. Адæймагады хъысмæт уыд ядерон хæсты къæсæрыл. Ирыстоны номдзыд хъайтар ацы хатт дæр равдыста стыр дипломат-гуманисты куырыхондзинад, балхоны курдиат, æппæт тыхтæй дæр спайда кодта æртыккаг дунеон хæст ма æруадзыны тыххæй. Фæлæ уый тыххæй лæмбынæгдæр æндæр хатт.

Цымыдисон ма у уый дæр, æмæ стыр ирон лæгы кæй баууæндыдысты æрмæстдæр иннæ разагъта ирон лæгыл. Ирон адæм уыдонæй хъуамæ уой сæрыстыр, сæ ном сын макуы хъуамæ фæхудинаг кæной.

Цалдæр ныхасы зæгъын хъæуы Цхуырбаты Харитон Никъалайы фырты тыххæй. Уый хайад райста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр. Хæсты азты хистæр лейтенант сарæзта 1954 хæстон атахты, фронтæй фæсчъылдыммæ 2280 уæззау цæф салдаты æмæ афицеры ракæнгæйæ, æмæ фæстæмæ та фронты раззаг рæнхъытæм медикаменттæ æмæ плазмæты тоннæтæ ласгæйæ. Цхуырбайы фырт æмбæстагон авиацийы уыд 1946 азæй фæстæмæ.

Дунеон авиахæххыты та ис 1954 азæй фæстæмæ æнæаваритæй атахт 20000  сахаты. 1963 азы 19-æм марты Цхуырбаты Харитон бакодта вазыгджындæр дунеон авиахæххытæ Мæскуы-Гаванæ-Мæскуы (Мурманскыл, Цæгат полюсы район æмæ æппæт Атлантикон океаны цурты). 1965 азы 19-æм августы та – Мæскуы-Конакри-Аккра (республикæ Гана), 1967 азы 17-æм апрелы та – Мæскуы-Токио æмæ уымæй размæ та 1961 азы 24-æм апрелы – Мæскуы-Хабаровск. 1962 азы 29-æм декабры Цхуырбайы фырт Гаванæйæ Мæскуымæ ратахт æнæ æрбадгæйæ. Уыцы азты дунейы иунæг æмбæстагон хæдтæхæг дæр нæ арæзта ахæм æнæрбадгæ атахтытæ ахæм дæрддзæгмæ. 1974 азы 1-æм январмæ ирон тæхæг Атлантикон океаны сæрты атахт 228 хатты. Цхуырбаты Харитон у ирæтты ‘хсæн иунæг Советон Цæдисы сгуыхт тæхæг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.