Цхинвалы администрацийы цур Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ сыгъдæг кæнынц уынгтæ митуарды фæстиуджытæй. Службæйы хистæр Лалыты Сослан банысан кодта, зæгъгæ, техникæ уынгты кусы сæумæрайсомæй фæстæмæ.

«Гæнæн уæвгæйæ мах æвæстиатæй райдайæм сыгъдæг кæнын уынгтæ митæй. Райсом раджы кусджытæ фæндæгтыл ныккалдтой реагенттæ, фæлæ митуард фæтынгдæр ис, æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ногæй æрæвналдтой сæ куыстмæ», – загъта уый.

Фæндæгтæ сыгъдæг кæнынц митæй

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй сæм ис æппæт æнæмæнгхъæуæг ресурстæ службæйы эффективон куыстæн, фæлæ  уыимæ ис бæрæг цæлхдуртæ дæр. Митæфснайæн машинæтæ мит куы фæсыгъдæг кæнынц, уæд сæ фæхъыг дарынц фæндаджы кæрæтты лæууæг хæдтулгæтæ. Фылдæр хъусдард здæхт цæуы горæты цæрджытæ арæхдæр цы тротуартæ æмæ ахизæнтыл цæуынц, уыдонмæ.

Лалыйы фырт бахатыд шофыртæм, цæмæй сæ хæдтулгæтæ фæндæгтæй дарддæр уромой, афтæ  ма хæдтулгæты сæрдыгон цæлхытæ раивой зымæгон цæлхытæй. Бирæтæ сæ кæй нæ раивынц, уый аххосæй фæндæгтыл сывзæры аварион уавæртæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.