22 майы уыд Хицауады рабадт премьер-министр Джуссойты Константины сæрдариуæгадæй. Боны фæткы уыд 13 фарстайы, æмæ ма сæм иу фарст уæлæмхасæй бахастой.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет æххæст кæныны тыххæй  уынаффæйы проекты фæдыл доклад сарæзта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг – финансты министр Тадтаты Дзамболат.

Министр фехъусын кодта, зæгъгæ, 2024 азы фыццаг кварталы къазнайы æфтиæгтæ уыдысты 1 миллиард 439 милуан 180 мин сомы, хæрдзтæ та – 1 миллиард 222 милуан 600 мин сомы. Хицауады уæнгтæ хъæлæсæппæрсты руаджы райстой уынаффæйы проект æмæ йæ дарддæр арвитдзысты Парламентмæ.

Фарон ацафоны та æфтиæгтæ дæр æмæ хæрдзтæ дæр уыдысты 1,8 миллиард сомы.

2024 азæн Хуссар Ирыстоны бюджет æдæппæтæй у 8 миллиард 835 милуан сомы.

Тадтаты Дзамаболат доклад сарæзта Иууон паддзахадон реестры фæтк сфидар кæныны тыххæй уынаффæйы проекты тыххæй дæр. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй уынаффæйы проект фæахъаз уыдзæн республикæйы электронон бæрæггæнæнты базæйы сырæзтæн. Уыцы базæйы уыдзæн, Хъалонтæ æмæ æмбырдты комитеты хыгъды чи ис, æппæт уыцы организацитæ æмæ физикон цæсгæмтты тыххæй   информаци.

Реестры æвæрд уыдзысты алкæцы хъалонфидæджы бæрæггæнæнтæ – йæ мулчы, транспортон фæрæзты æмæ æндæрты зонæнтæ.

Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй райстой уынаффæйы проект.

Тадтаты Дзамболат ма раразмæ кодта уынаффæйы проект Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитетæн баххуыс кæныны тыххæй.  Куыд бамбарын кодта, афтæмæй комитет домы æхцайы фæрæзтæ – 1 милуан 41 мин 435 сомы, республикæйы радиотелехызæгтæ раивын æмæ спутникон ифтонггæрзтæ самал кæныны тыххæй, цæмæй республикæ цифрæйон телеуынынадæй пайда кæна, уый нысанæн.

Домæныл министрты кабинет сразы ис.  

Экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт доклад сарæзта, ацы азы цыппæрæм кварталы иу удæн цæрынæн хъæуæг минимумы бæрц сфидар кæныны тыххæй. Куыд банысан кодта, афтæмæй фыццаг кварталы  ацы бæрæггæнæн уыд 17249 сомы.

Цæрджыты социалон-демографион категоритæм гæсгæ, куыстхъом æмбæстæгтæн цæрынæн хъæуæг минимумы бæрц у 18463 сомы (2023 азы цыппæрæм кварталы уыд 17879 сомы), пенсиисджытæн – 14032 сомы (2023 азы цыппæрæм кварталы уыд 13580 сомы),  сывæллæттæн та – 18210 сомы (2023 азы цыппæрæм кварталы уыд 17708 сомы).

Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, 2023 азы цыппæрæм кварталæй 2024 азы фыццаг кварталмæ цæрынæн хъæуæг минимумы бæрц фæфылдæр 3,2 проценты. Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй цæрынæн хъæуæг минимумы бæрц фæфылдæр, хæлцадон продукттæ,  халсартæ æмæ дыргъты æргътæ кæй фæфылдæр сты, уый тыххæй.

Уæлæмхас  боны фæткы фарст та уыд  Республикæ Хуссар Ирыстоны Резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй. Хицауады Сæрдары хæдивæг – финансты министр Тадтаты Дзамболат куыд банысан кодта, афтæмæй Дзауы районы Итраписы хъæуы цæрæгæн рахицæн кæнын хъæуы 100 мин сомы йæ хæдзар кæй басыгъд, уый тыххæй. Ацы фарсты фарс дæр Хицауады уæнгтæ рахæцыдысты æмхъæлæсæй.

Министрты кабинет сфидар кодтой æндæр уынаффæты проекттæ дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.