Беслæны трагедийы амæттæгты ном æнусон кæныныл кусы æмæ архайы «Террористон акты амæттæгты ассоциаци «Беслæны мæдтæ»-йы комитет.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет æмæ ацы комитет паддзахадон университеты аивадон равдыстыты залы сорганизаци кодтой террористон актыл дзурæг цæугæ къамты равдыст.

Мадзалмæ æрбацыдысты Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, министрадтæ æмæ уагдæтты разамонджытæ, партиты минæвæрттæ.

Нæ горæты гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнинæгтæ радзырдтой Беслæны террористон акты тыххæй – ацы æгъатыр æмæ тугуарæн трагедийы амæттæгтæ кæй баисты 334 адæймаджы, уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ.

Беслæн. Нæ зæрдыл дарæм, цæмæй цæрæм

Мадзаламонæг Къацты Олеся куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы трагеди æрмæст Ирыстоны цæгат хайы нæ нынкъуысын кодта йæ æгъатырдзинадæй, фæлæ – æгас дунейы дæр. Чи фесæфта йæ фырты, чи – йæ чызджы, чи та – æгас бинонты. Фæзæгъынц, рæстæг хосгæнæг у, фæлæ рæстæгæн дæр йæ бон нæу, цæмæй йын схос кæна.

Мадзалы хайадисджытæ æмырæй алæугæйæ, ссардтой трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ.

Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, ахуыргæнæн уагдоны коллектив æмæ студентты номæй банысан кодта, зæгъгæ, нæ сæрæй ныллæг кувæм уæ разы, йæ æввахс хиуæтты уыцы террористон акты чи фесæфта.

«Цасфæнды ныхæстæ ма дзурæм, уæддæр уымæй нæ фæкъаддæр уыдзæн маст. Махæн кад у, Беслæны трагедийы тыххæй равдыст университеты кæй байгом, уый. Фæсивæд хъуамæ зоной æмæ хъуыды кæной Ирыстоны историйы трагикон цаутæ. Хъуамæ саразæм æппæтдæр, цæмæй фæлхатт макуыуал æрцæуой. Уадз, зæххыл æлдариуæг кæнæт сабырад», – дзырдта уый.

Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин Президент Гаглойты Аланы номæй бузныджы ныхæстæ загъта «Беслæны мæдты» комитеты минæвæрттæн æмæ банысан кодта, уæззау кæй у ацы цауыл дзурын.

«Беслæны трагедийы æз дæр фесæфтон хиуæтты. Беслæны трагеди у æнæбайгасгæнгæ хъæдгом адæймагады хъуыдыкæнынады. Уыцы æгъатырдзинадæн растгæнæн нæй. Ацы трагеди мын мæ цард æмæ адæмы цард дæр дыууæйыл фæдих кодта – уæды æмæ уымæй фæстæмæ рæстæгыл.

Ныр мах хъуамæ аразæм æппæтдæр, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæр рæзой æмæ размæ цæуой сабыр арвы бын», – загъта уый.

«Беслæны мæдтæ»-йы комитеты къухдариуæггæнæг Дудиты Сусаннæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ равдыст организаци æрцыд террористон акты фæмардуæвæг сывæллæтты тыххæй мысынад бахъахъхъæнын æмæ хистдæр фæлтæрты та бæрндзинадмæ æрсидыны нысанæн. Уымæн æмæ ацы теракт цæттæ цыд развæлгъау. Уый зыдта алчи дæр, фæлæ ницы цæхгæр мадзæлттæ ист æрцыд, цæмæй ацы æнагъæддаджы уæззау трагеди ма æрцыдаид. Уыцы бæрндзинад махæй алкæуыл дæр ис, фылдæрбæрцæй та – æххæсткæнынадон æмæ тæрхондонон къух­дариуæгадыл.

Комитеты æмсæрдар Гæдиаты Анетъæ йæ ныхасы банысан кодта Хуссар Ирыстоны адæмы хъарм ахаст. Бузныг загъта, Ирыстоны хуссар хай Беслæны трагедийы амæттæгты мысынад кæй сæнусон кодта æмæ ахуыры азы райдиан фæмардуæвджыты тыххæй хъынцъымы бонтæ кæй нысан кæны.

Равдысты тыххæй афтæ радзырдта, зæгъгæ, сæм йæ саразыны хъуыды сæвзæрд 2016 азы. Банысан кодта, равдысты кæй сты зындгонд къамисæг Сергей Узаковы къамтæ. Узаков террористон акты рæстæджы уыд Беслæны æмæ йæхæдæг иста къамтæ.

Беслæны мæдтæй иу Сидахъаты Ритæ бузныг загъта Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ æмбаргæ ахасты тыххæй æмæ банысан кодта равдысты къамтæ дзурæг кæй сты, 21 æнусы адæймагад цы æгъатырдзинадыл сæмбæлд, ууыл.

«Стыр хъарм æмæ æмбаргæ ахаст нæм равдыстой Хуссар Ирыстоны. Уый тыххæй уын стыр бузныг, уымæн æмæ нæм цы стыр маст æрхаудта, уый æнæ уæ фарсхæцынадæй махæн дæр уæззаудæр уыдаид», – банысан кодта Ритæ.

 

Мадзалы хайадисджытæ ма уыдысты, Беслæны скъолайы уæд амынæты чи уыдысты, уыдон – Мысыхъаты Ацæмæз æмæ Къуындыхаты Астемыр. Террористон акты рæстæджы уыдон нырма чысылтæ уыдысты. Астемырæн уыцы трагедийы бабын сты йæ хиуæттæ.

Мысыхъаты Ацæмæз ныртæккæ у Хуссар Ирыстоны университеты студент. Уыцы уæззау бонтæ абоны æвзонг лæппу мысы æрхæндæг æмæ æрхуымæй. Махæн амынæты чи уыд, уыдонæн, зæгъгæ, хъæуæг æмæ ахсджиаг у уæды цаутыл дзурын. Уыцы трагедийы сæрæгасæй чи баззад, уыдон хъуамæ цæрой, уыцы скъолайы чи баззад, сæрæгас чи нал у, уыдон тыххæй…

«Мах ма хъуамæ рох кæнæм уыцы хъайтарты, кæцытæ сæ цардæн тæссаг уавæрты ирвæзын кодтой адæмы, уыдоны ʻхсæн уыдысты сывæллæттæ дæр. Хистæркъласонтæ сабыр кодтой кæсдæрты, лæвæрдтой сын стыр ныфсытæ. Æз æвдисæн уыдтæн, уыцы рæстæджы стыр хъæбатырдзинад æвдыст кæй цыд, уымæн».

Беслæны террористон акты къамты равдыстæн ма æвдисæн уыдысты Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Волгограды, Черкесскы, Налцыччы æмæ Дзæуджыхъæуы.

Беслæны трагеди историйы баззад иууыл уæззаудæр фыдракæндæй æмæ ноджыдæр фенын кодта террористты сырдон хуыз. Уый ссис адæймагадæн фæлварæн æмæ фенын кодта æрмæст хъæбатырдзинад, хъарудзинад, фидардзинад æмæ быхсындзинад нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æмæ бирæ бæстæты æмбæстæгтæ цы хъусдард æмæ ахаст равдыстой, уымæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.