Советон Цæдисы хъайтар Гæджиты Александр Максимы фырты райгуырдыл сæххæст 100 азы. Абон уын радзурдзыстæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы уый  цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй. Райгуырд 1922 азы 16-æм июны горæт Дзæуджыхъæуы службæгæнæг бинонты ‘хсæн. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ дыууæ азы ахуыр кодта Орджоникидзейы электротехникон техникумы (абон электронон приборты колледж). Фæдзурынц, зæгъгæ, амондджын у уыцы адæймаг, кæцы цæры йæ зæрдæйы бæллицтимæ. Александрæн уыд ахæм бæллиц, уый бæллыд арв æмæ хæдтæхджытæм. Лæппуйы дисы æфтыдтой Испаны хæцæг советон тæхджыты дæсныдзинад æмæ æхсардзинад, Чкалов, Громов æмæ æндæр тæхджыты рекордон атахтытæ. Александры йæ базырджын бæллиц æрбакодта Орджоникидзейы аэроклубмæ, кæцыйы каст фæцис тынг хорз нысæнттыл.

1939 азы Гæджиты Александрмæ æрсидтысты Кусæгон-зæххкусæгон Сырх Æфсады рæнхъытæм. Тæхынмæ кæй бæллыд, уымæ гæсгæ æрвыст æрцыд Ейскы æфсæддон-денджызон авиацион ахуыргæнæндонмæ. 1941 азы июны ахуыргæнæндон каст фæцис æнтыстджынæй æмæ дарддæры службæмæ æрвыст æрцыд Сабырденджызон флоты Æфсæддон-Уæлдæфон тыхты 4-æм минæтæ-торпедон авиацион полкмæ пилотæй. Ам тренировкæ кодта дардады атахтыты, сахуыр кодта хæдтæхджыты техникæ. Цыд хæст, нысан цыд фашистон авиаци тыхджындæр кæй уыд, уый. Фæлæ æвзонг тæхæджы  уырныдта, фашистты авиацийыл кæй фæтых уыдзысты æмæ Райгуырæн бæстæйы арв фашистон тыхæйисджытæй кæй асыгъдæг кæндзысты, уый. Ацы хъуыддаг хъуамæ равдиса йæхæдæг, уый хъуамæ ацæуа æмæ йæ маст райса знагæй. Нал бафæрæзта, æмæ рапорт ныффыста йæ хайы командæкæнынадмæ, цæмæй йæ фронтмæ арвыстаиккой. Ныффыста иу хатт, дыккаг хатт, уый фæстæ ноджы. Æмæ æрмæст Александр нæ домдта уый тыххæй, фронтмæ ацæуын бирæты фæндыд. «Мах æфсæддон адæймæгтæ стæм, – дзырдта командир. Цы бардзырд нын радтой, уый хъуамæ æххæст кæнæм. Мæ бардзырд ныртæккæ у ахуыр кæнын, тæхæджы дæсныдзинад базонын. Фронты æнæ уый сахуыр кæнгæйæ нæ хъæут…». Кæй зæгъын æй хъæуы, уый Александр æмбæрста, фæлæ æгæр ныддаргъ сты тренировкæтæ. Ныридæгæн тохтæ цæуынц Дзæуджыхъæуы, Джызæлы цур. Хæст æрбахæццæ йæ райгуырæн зæххмæ. Уæдæ Чикола, Дыгур, Алагирмæ дæр бацыдысты немыцæгтæ?  Уым сты фашисттæ?

Куыд тынг зын ын уыд, уый æнкъарын. 1943 азы Гæджиты Александр бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм. Йе ‘мбæлттæй иу йæ рекомендацийы афтæ фыста: «Рекомендаци кæнын Гæджийы фырты партийы рæнхъытæм айсыны тыххæй, куыд цæттæ тæхæг, æцæг æмбал, афтæ, кæцы æгæрон уарзт кæны йæ Райгуырæн бæстæйы».  Ахуыр æмæ тренировкæтæ кæронмæ фæцæйхæццæ кодтой. Александр ссис цæттæ тæхæг. Иу хатт Александры экипаж фæстæмæ æрбацæйтахт дæргъвæтин маршрутон атахтæй. Аэродромы сæрмæ æрзилыны фæстæ, хæдтæхæг хъуамæ æрбадтаид, фæлæ æрцыд æнæнхъæлæджы цау, фæфидар сты йæ шасситæ.   Хæдтæхæг фæстæмæ стахт, фæлæ шасситæ рауадзынмæ бафæлвæрдтытæ æнтыстджын нæ уыдысты. Æмæ уæд тæхæг райста иунæг раст уынаффæ: машинæйы «йæ гуыбыныл» æрбадын кæнын. Александр ацы вазыгджын операци афтæ сæххæст кодта æмæ экипажы уæнгтæ æппындæр ницы банкъардтой. Хæдтæхæг афтæ хорз кæй æрбадын кодта, ууыл дис кодтой фæлтæрдджын тæхджытæ дæр. Æмæ Сабырденджызон флоты командæгæнæг та Александры схорзæхджын кодта  арфæйы фыстæгæй.

1944 азы, май. Кæстæр лейтенант Гæджиты Александры уарзон бæллиц æппынфæстагмæ сæххæст. 51-æм минæтæ-торпедон авиацион полчы сконды æрбацыд Балтийы флотмæ. Тагъдыл сахуыр кодта америкæйаг хæдтæхджытæ А-2- «Бостон» æмæ хайад исын райдыдта хæстон атахтыты. 1944 азы сæрды Александры экипаж раконд æрцыд 1-аг гвардион минæтæ-торпедон авиацион полкмæ, кæцыимæ æнæхъæн хæсты рацыд Уæлахизы боны онг.

Æвзонг тæхæг-сабырденджызон, гвардийы лейтенант Гæджийы фырт активонæй архайдта гвардион полчы хæстон куысты. Александры хæстон дæсныдзинад æмæ знаджы  фæдæлдонгонд экипажтæ рæзтысты иу атахтæй иннæмæ. 1944 азы 5 июлы уый фæдæлдон кодта 2000 тоннæйы донахстимæ йæ фыццаг транспорт. 1944 азы 24 августы торпедон цæфы фæстиуæгæн стыр зиан æрхаста 8000 тоннæйы донахстимæ ныхмæлæууджы транспортæн.

1944 азы 27 августы, крейсерон атахты уæвгæйæ, сбæрæг кодта ныхмæлæууæджы науты караван иу транспорты сконды, æртæ донбындзугæнæг науы, дыууæ хъахъхъæнæг катеры æмæ иу хъахъхъæнæг науы. Советон хæдтæхæг нысанмæ куы батахт, уæд æй фашисттæ райдыдтой тыхджын зенитон æхст кæнын, фæлæ уымæй нæ фæтарст тæхæг. Гæджиты Александр арæхстджынæй атахт æхстытæй æмæ раст торпедон цæфæй фæдæлдон кодта ныхмæлæууæджы донбындзугæнæг науы. 1944 азы 12 сентябры тагъд атакæ æмæ раст торпедон цæфæй фæдæлдон кодта знаджы транспорт 8000 тоннæйы донахстимæ. 1944 азы 6 октябры та Балтийы денджызы раст æрæппаргæ торпедойæ фæдæлдон кодта знджы транспорт 7000 тоннæйы донахстимæ.

1944 азы, октябрмæ, гвардийы лейтенант Гæджиты Александр сарæзта 28 хæстон атахты, кæцыты рæстæджы фæдæлдон кодта 18500 тоннæйы донахстимæ 4 транспорты, цалдæр донбындзугæнæг науы, æмæ разиан кодта ныхмæлæууæджы иннæ транспортæн 8000 тоннæйы донахстимæ. 1945 азы 6 марты Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Барамындæй, гвардийы лейтенант Гæджиты Александр Максимы фыртæн, немыцаг-фашистон тыхæйисджыты ныхмæ тохты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном, Ленины орден, æмæ йын «Сыгъзæрин Стъалыйы» майдан радтгæйæ.

Фæстæдæр хъайтары æмслужбæгæнæг фыста: «…Сæйраг цæвæн тых уыдысты цыппар «Бостоны». Фыццагыл тахтысты тæхæг Гæджиты Александр, штурман Р. Демидов, уæлдæфон æхсджытæ. Караваны сæрмæ-иу фæзындысты æнæнхъæлæджы хуры ‘рдыгæй, стыр тагъдады æмæ ныллæг бæрзæндты. Нысанмæ ма-иу сæ 100-200 метры куыд хъуыд, афтæ-иу æрæппæрстой бомбæтæ. Доны уæлцъарыл сæмбæлгæйæ-иу бомбæтæ бахаудтой наумæ кæнæ та-иу спырх сты йæ борты цур. Афтæмæй балтийаг тæхджытæ фæдæлдон кодтой дыууæ егъау транспорты, цалдæр хъахъхъæнæг науы æмæ катеры. Знаджы десантон рахызт фæсыкк кодтой. Советон хæдтæхджытæ иууылдæр æрбаздæхтысты базæмæ, æцæг, сæ базыртæ æмæ фюзеляжтæ уыдысты хуынчъытæ, афтæмæй».

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстаг дыууæ азы 1-æм гвардион минæтæ-торпедон полчы хъæбатыр тæхджытæ фæдæлдон кодтой 20 немыцаг транспорты æмæ хæстон науы. Уыцы нымæцы, Гæджиты Александры къухты бафтыд ныхæмæлæууæджы 6 науы скуынæг кæнын, кæцытæн сæ иумиаг донахст уыд 27500 тоннæйы, разиан кодтой цалдæр транспортæн, науы æмæ катерæн. Ацы хæдтæхæджы экипаж сарæзта 106 хæстон атахты. Атахтыты рæстæджы ныккодтой 60 раст цæфы торпедотæй æмæ афтæмæй знаджы наутæн сæ бон нал ссис Советон Цæдисы донбылгæрæттæм æрбацæуын, бахъахъхъæд æрцыд мингай хæстонты æмæ сабыр цæрджыты цард.

Гæджийы фырты хорзæхджынгæнæн сыфы фыстæуы: «Æндыгъд æмæ эффективон хæстон архайдимæ иумæ Гæджиты Александр стыр хъомыладон куыст кæны йæ цæгы сæрдыгон скондимæ. Хисæрмагонд цæвиттонæй хъомыл кæны йæ дæлбаруæвджыты хъайтардзинадыл, знаджы кæронмæ ныппырх кæныны сæраппонд цард нывондæн æрхæссыныл».

Фашистон Германыл историон уæлахизы фæстæ Александр адарддæр кодта йе службæ денджызон авиацийы. 1949 азы каст фæцис Æфсæддон-денджызон тыхты авиацийы уæлдæр афицерон тæхæгтактикон курсытæ (г.Рига). 1953 азы каст фæцис Ленинграды Æфсæддон-денджызон академи. 1975 азæй булкъон Гæджийы фырт уыд запасы. Цард Ленинграды, уый фæстæ та – Мæскуыйы. Куыста зонад-иртасæн институттæй сæ иуы хистæр инженерæй. Хорзæхджын уыд «Сыгъзæрин Стъалы» æмæ Ленины ордентæй, Сырх Тырысайы æртæ орденæй, Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны, Сырх Стъалыйы ордентæй æмæ æндæр хорзæхтæй.

Гæджиты Александр цардæй ахицæн 1981 азы 30 сентябры. Ны-гæд æрцыд Мæскуыйы Николо-Архангелскы уæлмæрды. Абон «Барбашово поле»-йы æфсæддон-историон комплексы равæрд æрцыд Александры портрет. Дзæуджыхъæуы 28-æм астæуккаг скъола хæссы хъайтары ном. Ахуырадон уагдоны мемориалон фæйнæг сæнусон кодта легендарон тæхæджы мысынад, кæцы скад кодта йæ мыггагæн, иумиагæй Ирыстонæн, Стыр Уæрæсейæн.

Æрмæгыл бакуыста ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.