Уыцы бон дæр куысты рæстæг кæронмæ хæццæ кодта æмæ ныййарджытæ тагъд кодтой сæ кæстæрты хæдзармæ акæныныл. Баййæфтон ма дзы, нырма рæвдауæндоны чи уыд, уыдонæй цалдæры. Сæ цинæнгæс цæсгæмттыл хъазыд æхсызгон мидбылхудт. Уыцы хорз зæрдæйы уаг та фылдæрбæрцæй вæййы, боны дæргъы сæ фарсмæ чи вæййы, ныййарæг мадау сæ чи фæрæвдауы, уыцы хъомылгæнджыты фæрцы.

Ахæм зæрдиаг узæлд æмæ рæвдыд та æрвылбон дæр æнкъарынц, Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы цур рæвдауæндоны кæстæртæ.Сывæллæтты ацы рæвдауæндон ис скъолайы директор Плиты Заирæйы бæрны. Куыд мын радзырдта, афтæмæй дзы ис 32 сабийы æмæ дих сты кæстæр æмæ астæуккаг къордтыл. Уыдонæй 29 сты бынæттон ныййарджыты сабитæ æмæ Гæбæраты 3 кæстæры та æрвылбон дæр сæ ныййарджытæ кæнынц Мугуты хъæуæй.

Сывæллæттæ цух ницæмæй сты, бон сын хæрын кæнынц æртæ хатты. Хæрзад хæринæгтæ сын æрвылбон дæр афоныл сцæттæ кæны Тохъмайты Рая. Райсомæй сын саразын кæнынц фæлтæрæнтæ æмæ уый фæстæ  хъомылгæнинæгтæ райдайынц, планмæ гæсгæ сын цы ахуыртæ хъуамæ уа, уыдон амонын. Пластилинæй фæаразынц æндæр æмæ æндæр цæрæгойты конд нывтæ, стæй ма афтæ сæ алфæмбылай цы зæрдæмæдзæугæ нывтæ фенынц, уыдон дæр. Сæ улæфты рæстæджы сын фадат ис телевизормæ бакæсынæн дæр. Сабитæм зæрдиаг ахаст дарынц сæ хъомылгæнинæгтæ æмæ дыджызæйы кусджытæ Хуыбецты Светланæ, Ходты Светланæ Хуыбецты Аланæ, Хуыбиаты Регинæ, Хъотайты Ан-желæ,Туаты Заринæ. Рæвдауæндоны кусджыты фæнды, цæмæй сæм уа музыкæ æмæ сын зарын чи амона, ахæм специалист, афтæ логопед  дæр.

Хуыбиаты Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.