Нæ горæты аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинады чи кусы, уыдон сты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ. Нырма нæ æрбабон вæййы, цæрджытæ сæ адджын фынтæ фæуынынц, ацы хæдзарады кусджытæ та уынгты мæрзыныл, брæттæ ласынæн фæархайынц. Фæлæ æрмæст уыцы куыстытыл нæ фæуд кæны сæ фыдæбон хæдзарады коллективæн.

Куыстуаты алы кусæгæн дæр йæ бæрндзинад ноджы фæфылдæр вæййы бæрæгбонты хæдразмæ. Афтæ у ацы бонты дæр, уымæн æмæ та рæхджы нæ цæрджытæ цытимæ нысан кæндзысты Республикæйы бон. Уыцы зæрдылдаринаг бонмæ та хæдзарады алы кусæг дæр бахæссы йæ хайбавæрд. Горæты администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæры хæдивæг Джиоты Юри куыд банысан кодта, афтæмæй Нæузæххонты уынджы №№ 7, 8, 9, 10, 11-æм æмæ Харебаты Исахъы 62-æм хæдзæртты кæртыты раз ныр цалдæр боны цæуынц арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ. Кусджытæ кусынц цырд темпытæй æмæ сæ бакæнинаг куыстытæ ныр сты фæуынхъус. Уыдон æввахс бонты асфальт æвæрынмæ уыдзысты цæттæ. Уымæй дарддæр ма дзы хъуамæ сагъд æрцæуой рухсы цæджындзтæ. Æппæт уыцы куыстытæ хъуамæ фæуой къуырийы æмгъуыдмæ. Уый фæстæ та хæдзарады кусджытæ сæ куыстытæ æххæст кæнын райдайдзысты Сталины уынджы 96 æмæ 98-æм корпусты кæртыты æмæ сæ ахицæн кæндзысты банысангонд æмгъуыдмæ. Канализацийы хæххыты куыстытæ цæуынц Тæболы фырты 123 æмæ Хъайтарты уынджы 31 хæдзæртты кæртыты раз дæр. Ацы бынæттæ куы фæуой, уæд та донцæуæн хызæг сæвæрдзысты Фестивалон уынджы.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад уæлдай хъусдард здахы æмæ сæ тырнындзинад у, цæмæй республикæйы бæрæгбоны хæдразмæ фылдæр адæм кæм змæлынц, ахæм бынæттæ уæлдай аивдæрæй разыной. Ахæм бынæттæ та вæййынц, сæйраджыдæр, парктæ æмæ æндæр улæфæн бынæттæ. Уыдæттæ хынцгæйæ, Хуыбылты Валерийы æмæ Ногдзауты парктæ хъуамæ алцæмæй дæр цæттæ уой, улæфын æмæ рæстæг сæрибарæй арвитынæн дзы уа хорз гæнæнтæ. Ацы бынæтты дæр æхсæвыгæтты хъуамæ уа æмбæлон рухс, сæ сыгъдæгдзинадæй рухс кæна æрбацæуджыты зæрдæ. Уыдæттæ сæххæст кæныны тыххæй æппæт дæр ис æмæ сыл рæстæгыл бакусдзысты.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.