Æвæццæгæн нæ чысыл Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ разындзæн, 1920 азты гуырдзиаг меньшевиктæ кæмæн нæ разиан кодтой.

Гудзабары хъæуы цæрæг Гаглойты Замирæ тынг хорз хъуыды кæны, 20-æм азы æбуалгъ цауты тыххæй йын йæ нана цы хабæрттæ радзырдта, уыдон. Замирæ Уанелы хъæуæй рацæугæ у. Йæ фыды фыд Гаглойты Гозыр æрлыгъд фыццаг Къусджыты хъæуæй Уанелы. Фæстæдæр сæ сыхаг бацис зынгæ инженер Гаглойты Рутен дæр, уый дæр æрлыгъд Къусджыты хъæуæй. Замирæйы мад  Цхуырбаты Мария уыд Дзауы районы Хуымысæрты хъæуккаг. Йæ фыд хуынд Дзандор. Дзандоры цардæмбал уыд къахеттаг Саулохты Уарди. Дыууæ цардæмбалæн зæнæгæй рацыд дыууæ чызджы – Мария æмæ Ева.

1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, уæд Марияйыл цыд 15 азы, Евайыл та – 5 азы. Гуырдзиаг тыхæйисджыты æгъатырдзинадæйацы хъæуы цæрджытæ дæр лидзинаг фесты сæ цæргæ-цæрæнбонты фæллæйттæ ныууадзгæйæ. Хъæуы лигъдæттимæ уыдысты Дзандор æмæ Уарди дæр сæ дыууæ чызгимæ. Лигъдæттæ фæндагыл æвзæрстой стыр зындзинæдтæ. Евайæн-иу йæ бон цæуын нал уыд æмæ йæ фылдæр се ‘ккой хастой йæ ныййарджытæ. Бæргæ лыгъдысты фæлæ сыл фæндагыл сыстад хæцгæ низ æмæ дзы тынг бирæ амард. Нузалы лигъдæтты ныгæнынæн ницыуал фæрæзтой. Скъахтой сын иу стыр уæрм æмæ сæ уым ныгæдтой. Афтæмæй уым иумиаг уæлмæрды æнусон æнцойад ссардтой бирæ лигъдон адæм. Сæ фæстаг фæндагыл ацыдысты Дзандор æмæ Уарди дæр, дыууæ уарзæгой цардæмбалы дæр амардысты хæцгæ низæй æмæ уыдон дæр ныгæд æрцыдысты уыцы иумиаг уæлмæрды, сæ дыууæ æнахъом сабийы бынтон сидзæрæй ныууадзгæйæ. Æцæг абон уыцы иумиаг уæлмæрд кæм уыд, уый ничиуал зоны, кæд йе ссарыныл лигъдæтты хиуæттæй чидæртæ бафæлвæрдтой, уæддæр.

Лигъдæттæй ма низæй чи аирвæзт, уыдон сæ фæндаг акодтой Алагирмæ. Семæ уыд Дзандоры æфсымæры ус Тедеты Руси йæ цыппар сывæллонимæ. Тедионы æвджид базздысты Мария æмæ Ева дæр. Гуырдзиаг меньшевикты Хуссар Ирыстоны зæххæй куы фæсырдтой, уæд лигъдæттæ æрæздæхтысты фæстæмæ, уыцы нымæцы Тедеты Руси дæр йæ цыппар сывæллон æмæ йæ тиуы дыууæ сидзæримæ. Æрæздæхтысты, фæлæ  æрæййæфтой æрмæстдæр сæ хæдзæртты, сыгъдæттæ. Гуырдзиаг абырджытæ ницыуал ныууагътой хъæуы, зынджы хай йæ бакодтой, сæ фæлæййттæ сын ахастой, сæ фос сын атардтой. Фæлæ удæгас адæймаг диссаг у, цардамæлттæ кодтой иууылдæр. Бацарызтытæ уал кодтой  мæнгагъуыстытæ æмæ уым сæ царды бонтæ æрвыстой.

Уардийы цæгат Къахеты хъæздыг бинонтыл нымад цыдысты. Хуымысæртæм æрбацæугæйæ Уардийы æфсымæр йæ хойы хъæбулты уавæр куы федта, уæд Къахетмæ йемæ акодта йæ хистæр хæрæфырт Марияйы. Бинонтæ сидзæр чызджы сахуыр кодтой хæдзарон куыстытыл.

Цыдысты азтæ… Марияйыл 18 азы куы сæххæст, уæд сфæнд кодта Хуымысæртæм æрбацæуын æмæ йæ кæстæр хо Евайы фенын. Хъæумæ йе ‘рбацыдæй фæстæмæ æххуыс кодта Тедионæн, алы куысты дæр-иу йæ фарсмæ балæууыд, хъæууон хæдзары та куыстытæ никуы фæуд кæнынц. Чызг хæрзæгъдау æмæ арæхстджын къухты хицау кæй уыд, уый уайтагъд айхъуыст хъæубæстыл. Æхслебы цард Гаглойты Минаша йæ цардæмбал Цхуырбаты Степанимæ, кæцы уыд куырд. Сылгоймаджы зæрдæмæ тынг фæцыд Мария æмæ сфæнд кодта йе фсымæр Александрæн æй бацамонын. Уый тыххæй фæхабар кодта Уанелмæ, зæгъгæ, мæнæ сыхаг хъæуы иу диссаджы чызг ис æмæ йæ куы фениккат. Æрбацыдысты  чызгуынæг æмæ сæ зæрдæмæ  фæцыд уыдонæн дæр. Александр æмæ Марияйæн Уанелы скодтой стыр чындзæхсæв. Дыууæ уарзæгой цардæмбалæн зæнæгæй рацыд цыппар сывæллоны, æртæ чызджы – Замирæ, Лидæ, Тауырзæт æмæ иу лæппу Уырызмæг.  1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Александр, йе ‘фсымæр Барис æмæ сæ хо Любæ дæр ацыдысты фронтмæ Райгуырæн зæхх фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Александр Керчы иу тохы уæззау цæфтæ фæцис æмæ бахауд госпиталмæ. Уый базонгæйæ, йæ фыд Гозыр ацыд æмæ йæ æрласта, фæлæ лæг  нал ссæрæн ис.  Стыр уæлахизы тыххæй куы фехъуыста, уæд рынчын лæгæн фырцинæй йæ хæствæллад зæрдæ аскъуыд. Замирæ æмæ Тауырзæт сæ цард снывонд кодтой рæзгæ фæлтæры хъомыладæн.

Ныр та уын радзурдзынæн Замирæйы фыды фыд Гаглойты Гозыры цардвæндаджы тыххæй. Гозыр æмæ йæ цардæмбал Деметы Софяйæн уыд 18 сывæллоны, фæлæ сын дзы сæрæгасæй баззад цыппар хъæбулы. Иннæтæ чысылтæй амардысты алыгъуызон хæцгæ низтæй æмæ трагиконæй. Уæйгуытæконд Гозырæн йæ бæрзæнд уыд 2 метры æмæ 30 сантиметры бæрц.  Йæ цардæмбалимæ фæллой кодтой æмæ афтæмæй цæрын фæрæзтой. Стыр хъæдын хæдзарæй дарддæр  ма сын уыд бирæ фос дæр. Гуырдзиаг меньшевиктæ хуссарирыстойнаг хъæутæ куы сыгътой, уæд Уанелы цæрджытæ дæр алыгъдысты цæгатмæ сæ хæдзæрттæ, сæ фос ныууагътой, афтæмæй. Куыддæр æфцæгæй ахызтысты, афтæ Гозыр йæ цардæмбал æмæ йæ хъæбулты бафæдзæхста йæ хъæуккæгтæн. Йæхæдæг фæстæмæ раздæхт йæ райгуырæн хъæу Уанелмæ, зæгъгæ, дам, æз гуырдзиæгтæй æппындæр нæ тæрсын. Кæй зæгъын æй хъæуы,  йæ бирæ фосмæ дæр йæ зæрдæ æхсайдта.

 Фæлæ та ацы хъæуы дæр разынд йе ‘мтуг адæмыл гадзрахатæйрацæуæг æмæ уый гуырдзиæгтæн амыдта хъæуы цæрджытæ сæ муртæ – цыхтытæ æмæ æндæр мулк кæмыты бафснайдтой, уыцы бынæттæ æмæ сæ хастой. Загъта сын, Гозыр хъæуы кæй ис, уый дæр. Гуырдзиæгтæ йæм хæдзармæ куы бацыдысты, уыцы рæстæджы уый фынæй кодта йæ хæдзары тыргъы йын цы  кушеткæ уыд, уым.  Гуырдзиаг æй куы ауыдта, уæд иннæтæм адзырдта, зæгъгæ, уый лæг нæу, фæлæ уæйыг у æмæ йыл зынтæй фæтых уыдзыстæм. Уæд гуырдзиаг абырджытæ ссардтой бæндæн, фынæй лæджы къухтæ бабастой, сбæгънæг æй кодтой æмæ йæ афтæмæй ракодтой кæртмæ. Арт скодтой æмæ дзы æфсæйнæгтæ тæвд кодтой, кæцытæй надтой æмæ сыгътой Гозыры бæгънæг чъылдым. Нæлгоймаг бæргæ тыхджын уыд, фæлæ иуæн дыууæ æфсад. Цы хъуамæ ракодтаид иунæгæй, балбирæгътау ыл цалдæрæй цы лæгсырдтæ амбырд сты, уыдонæн. Лæг фæсур æмæ ахаудта, фæлæ йæ уæддæр надтой æмæ надтой тæвд æфсæйнæгтæй. Уæд, дам, гуырдзиæгтæй сæ иу афтæ, зæгъгæ, амард æмæ йæ ныр ныууадзæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хæдзар дæр ын басыгътой, йæ фос ын атардтой, йæ мулк ын ахастой. Гозыр куы æрчъицыдта, уæд куыддæрты бабырыд цæугæдонмæ æмæ дзы уæлгоммæ схуыссыд, йæ сæр дурыл æрæвæрдта æмæ афтæмæй æнæхъæн æхсæв доны фæхуыссыд. Йæ чъылдым иууылдæр уыд сыгъдтытæ æмæ хъæдгæмттæ, раст ыл цыма тракторæй бахуым кодтой, уыйау.

Лигъдæттимæ фæстæмæ æрæздæхтысты Гозыры бинонтæ дæр æмæ йæм йæ цардæмбал София хорз базылд æмæ афтæмæй йæ къахыл слæууыд. Райдыдта та хæдзарон куыстытæ кæнын, кодта хъæды куыст дæр. Арæзта тъиуитæ. Уый хуызæн ничи зыдта тъиуитæ бæттын æмæ афтæмæй амæлттæ кодта. Йæ сывæллæттæ æмæ йæ бинойнаг та куыстой колхозы.  Чысыл Замирæ-иу арæх афарста йæ дадайы, зæгъгæ, дæ чъылдым уыгæрдтæ, уыгæрдтæ (уырынгтæ) цæмæн у? Уый-иу ын сдзуапп кодта, зæгъгæ, куы сыстыр уай, уæд дын  радзурдзынæн мæ хабæрттæ, зæгъгæ… Фæлæ амард 1943 азы. Æмæ йын йæ дадайы бæсты йæ хабæрттæ радзырдта йæ нана Деметы София. Ахæм диссæгты бахаудтой ацы хъæуты цæрджытæ дæр.

Замирæйыл дæр гуырдзиаг лæгмарты къухæй æрцыд уæззау зиан.  Замирæ æмæ йæ цардæмбал Тедеты Евгенæн (дзæнæттаг) уыд æртæ тæхудиаджы фырты – Тимур, Батыр æмæ Вадим.  1989 азы гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд Вадим иннæ лæппутимæ хъæбатырæй лæууыд гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ. Гудзабары йæ хæдзары хæцæг лæппутæн сарæзта штаб æмæ афтæмæй хъахъхъæдтой горæтмæ æрбахизæнтæ. Иу ахæмы горæтмæ гуырдзиæгты БТР-тæ куы æрбацæйцыдысты, уæд Вадим сæ разы æрлæууыд æмæ сын фидарæй загъта, дарддæр сæ кæй нæ ауаддзæн, уый тыххæй. Уæд æй фашисттæй кæцыдæр фехста. Фæцæф йæ гуыбын. Бæргæ ма йæ аскъæфтой республикон рынчындонмæ, уырдыгæй та йæ аластой Дзæуджыхъæумæ, фæлæ иу мæй фæхъизæмар кæныны фæстæ 32-аздзыдæй йæ кусынæй æрлæууыд йæ Ирыстоны мæтæй фæллад зæрдæ. Йæ фæстаг бонты дæр, дам-иу, æппынæдзух лæппуты, Цхинвалы тыххæй фарста æмæ катай кодта.  Вадимы дыккаг сабатбоны гуырдзиаг нæмгуытæй фæцæф сты йæ хистæр æфсымæр Тимуры дыууæ къахы æмæ йæ бирæ рæстæджы бахъуыд хос кæнын нырма Æрыдоны æмæ уый фæстæ та Мæскуыйы. Уæдæй фæстæмæ нал ссæрæе ис уый дæр. 2018 азы  бынтон æнæнхъæлæджы амард  Тимур. Уый бирæ азты дæргъы йæ курдиатæй рухс кодта ирыстойнаг адæмы зæрдæтæ. Уыд ансамбль «Бонвæрнон»-ы солист.

Замирæ мын цы хабæрттæ радзырдта, уыдонæй ирдæй зыны иу хæдзарвæндаджы æмæ хиуæтты æртæ фæлтæры гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй стыр хъизæмæрттæ кæй бавзæрстой, уый.

Замирæ ма у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæсчъылдымы хайадисæг. Хæсты рæстæджы йæ мад Мария æмæ йæ нана Софияимæ быдтой цъындатæ, æрмкъухтæ æмæ-иу голладжы дзæгтæ æрхастой Дзауы æфсæддон къамисариатмæ, цæмæй сæ фронтмæ арвыстаиккой. Деметы Софиямæ афтæ каст цыма, уыцы цъындатæй фронты ратдзысты йæ хъæбултæн дæр…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.