Красноярскы уагъд æрцыд, 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат дзюдойæ. Ерысты бронзæйон призер ссис хуссарирыстойнаг спортсменкæ Æлборты Аланæ. Уымæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд +78 кг уæзы категорийы. Уый цы 6 тохы акодта, уыдонæй фондз хатты фæуæлахиз. Æртыккаг бынат бацахсыны тохы Аланæ фæуæлахиз Ирыстоны дзюдойы скъолайы иннæ хъомылгæнинаг Хъуысаты Самиратыл.

Бон раздæр ма Ирыстоны минæвæрттæй фыццаг бынат та бацахста Карсанты Виктория. Уый 63 кг уæзы категорийы финалы фæуæлахиз иннæ ирон спортсменкæ Зураты Залинæйыл. Уый та ссис дыккаг.

Бронзæйон хорзæх  бафтыд Гуыбеты Александры къухты (81 кг).

 

БОКС

Тынг хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой хуссарирыстойнаг æвзонг боксертæ 13-14-аздзыд спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты Хъæрæсе-Черкессийы Домбайы. Чемпионаты РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы сконды архайдтой Гæбæраты Алим æмæ Джиоты Дмитри æмæ дыууæйæн дæр бантыст сыгъзæрин майдантæ рамбулын. Уый тыххæй нын фехъусын кодта РХИ-йы боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег.

Гæбæраты Алим 90 кг уæзы категорийы æрдæгфиналы æртыккаг раунды фæуæлахиз Дагъыстаны минæварыл. Финалы та тренер Коцты Вадимы хъомылгæнинаг дыккаг раунды нокауты арвыста мæхъæйлаг спортсмены.

Джиоты Дмитри 66 кг уæзы категорийы æрдæгфиналы рамбылдта мæхъæлон спортсмены. Финалы та тренер Гæбæраты Гамлеты хъомылгæнинаг очкотæм гæсгæ фæуæлахиз Дагъыстаны минæварыл.

Банысан кæнын хъæуы, уый дæр æмæ РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйæ ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатмæ бахауын кæй бантыст æрмæстдæр ацы дыууæ спортсменæн. Уæрæсейы чемпионат райдайдзæн 11 майы горæт Чеховы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг спортсменкæтæ Зассеты Амагæ æмæ Наталья Кулеба сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой уæгъдибар хъæбысхæстæй Краснодары крайы уагъдцæуæг турниры. Амагæ хæцыд 54 кг уæзы категорийы. Наталья та архайдта 50 кг уæзы категорийы.

Спортсменкæты тренертæ сты Бикойты Азæмæт, Зассеты Алан æмæ Джиголаты Андрей.

Тренертæ бузныг зæгъынц президенты æх-хуысгæнджытæ Гаглойты Николай æмæ Плиты Аланæн ерыстæм ацæуынæн сын финансон æх-хуыс кæй бакодтой, уый тыххæй.

 

РОГ АТЛЕТИКÆ

РХИ-йы рог атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинæгтæ хайад райстой Кæсæг-Балхъары уагъдцæуæг æхсæнрегионалон турнир «Спорт против террора»-йы. Æндæр æмæ æндæр кары спортсменты ‘хсæн ерыс кæнгæйæ фæуæлахиз сты Уалыты Сослан (барьертимæ 110 метрмæ згъорынæй), Джиоты Марат (барьертимæ 110 метрмæ згъорынæй), Багаты Артур (барьертимæ 110 метрмæ згъорынæй), Гæззаты Любовь (барьертимæ 110 метрмæ згъорынæй), Бекъойты Александрæ (800 метрмæ лидзынæй), Багаты Артур (барьертимæ 400 метрмæ згъорынæй) æмæ Джиоты Марат (300 метрмæ лидзынæй).

Æвзист майдантæ рамбылдтой Кæсæбиты Виктория (200 метрмæ лидзынæй), Тыджыты Алан (æртывæр гæппкæнынæй), Гæззаты Любовь (берьертимæ 300 метрмæ лидзынæй), Джиоты София (100 метрмæ згъорынæй) æмæ Гæбараты Давид (3000 метрмæ лидзынæй).

Бронзæйон призертæ та систы Кæсæбиты Виктория (100 метрмæ лидзынæй), Джиоты София (100 метрмæ лидзынæй) æмæ Гæбæраты Давид (3000 метрмæ лидзынæй).

Спортсменты тренертæ сты Гæззаты Аслан æмæ Дыгъуызты Алан.

 

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» дарддæр дæр æвдисы мæгуырау бæрæггæнæнтæ. Ныр та 1:2 хыгъдæй фембылд Астраханы «Волгарь»-æн. 80-æм минутыл хыгъд байгом кодтой дзæуджыхъæуккæгтæ. 11-метрон цæфæй расгуыхт Гуырцъыты Батраз. Фæлæ уый фæстæ 9 минутмæ «Волгарь»-ы хъазджытæн бантыст дыууæ пуртийы бакъуырын.

Ныр «Алани» турнирон таблицæйы цæуы 8-æм бынатыл.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.