Хуссарирыстойнаг спортсментæ сæхи æнтыстджынæй равдыстой æвзæнгты ‘хсæн рог атлетикæйæ Кæсæг-Балхъары гом чемпионаты. Ерыстæ уагъд цыдысты горæт Прохладныйы. Хайад сæ райстой Уæрæсейы горæттæ æмæ регионтæй 17 командæйы, æдæппæт 500 спортсмены бæрц. Уыдон ‘хсæн уыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дæр. 1500 метрмæ згъорынæй ерысты уæлахиздзау ссис Багаты Артур. Уый ма дыккаг бынат та бацахста 800 метрмæ лидзынæй. Ноджы ма иу сыгъзæрин майданы хицау бацис Джиоты Марат. Уымæн ахæм æнтыст уыд барьертимæ 300 метрмæ згъорынæй. Цхинвалмæ æвзист майданимæ та æрæздæхт Бекъойты Анастасия. Уый та дыккаг ссис 1500 метрмæ лидзынæй. Хорз ма йæхи равдыста Гæззаты Елизаветæ. Уый уыд йæ ныхмæлæуджытæй кæстæр. Бантыст ын æвзæнгты ‘хсæн дыккаг спортивон разряды норматив сæххæст кæнын.

Спортсменты бацæттæ кодта тренер Гæззаты Аслан.

Футбол

Ног сæйраг тренер Олег Василенкойы сæргълæудæй йæ фыццаг хъазт акодта Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани». Фыццаг дивизионы чемпионаты 24-æм туры дзæуджыхъæуккæгтæ хъазыдысты чемпионаты лидертæй сæ иу Казаны «Рубин»-имæ. Хъазты рæстæджы дыууæ командæйы футболисттæн дæр хорз уавæртæ уыд хыгъд байгом кæнынæн, фæлæ сæ не спайда кодтой. Афтæмæй фембæлд фæцис 0:0 хыгъдæй.

Ацы хъазты фæстæ «Алани» 41 очкоимæ турнирон таблицæйы цæ-уы 4-æм бынатыл. Радон туры 2-æм апрелы уазæгуаты фембæлдзæн Набережные Челныйы «КАМАЗ»-имæ.

Сумо

Горæт Орелы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат сумойæ. Ерысты +115 кг уæзы категорийы финалы хъуамæ фембæлдаиккой ирон сумоисттæ, дунейы чемпионтæ Багаты Руслан æмæ Хъараты Зауырбег. Хъыгагæн, Русланæн травмæйы аххосæй йæ бон не ссис тохмæ рахизын. Уымæ гæсгæ уæлахиздзауыл нымад æрцыд Хъараты Зауырбег, Багайы фыртæн та лæвæрд æрцыд æвзист майдан.

Æмхæццæ æмбуархæст

Æмхæццæ æмбуархæстæй (ММА) архайæг ирон спортсмен Къарджинты Махарбег 8-æм апрелы турнир АСА155 тох кæндзæн бразилиаг Жозиел Сильваимæ. Уый тыххæй социалон хызæгты йæ фарсыл хъусын кæны Махарбег.

«Ацы тохы чи рамбулдзæн, уый ничи зоны. Фæлæ тохы фæстæ Бразилийы фанаттæй бирæтæ хæцдзысты ме’вварс», – ныффыста Къарджины фырт.

Махарбегыл цæуы 30 азы. Уый акодта 19 тохы, кæцытæй 16 фæуæлахиз. Йæ ныхмæлæууæгыл цæуы 32 азы. 20 тохæй фæуæлахиз 14 то-хы.

ХУРИТЫ Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.