Нæ республикæйы æддагведомствойон фадыджы арæзт бирæ æрцыд цыбыр рæстæгмæ. Æрæджы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры информацион фæрæзты минæвæртты базонгæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы фыццаг Европæйаг балцимæ Сербаг Республикæ æмæ Белградмæ.

Уый размæ 2017 азы Санкт-Петербурджы экономикон форумы рæстæджы фембæлдысты нæ бæстæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Сербаг президент Милорад Додик. Уæд дзырд цыд бирæ фарстытыл æмæ Сербаг президент фæхуыдта Бибылты Анатолийы сæ бæстæмæ.

Уыцы балцмæ лæмбынæг бацæттæ кæныны фæстиуæгæн бæстæйы Президенты сæргълæудæй æххæст æрцыд Европæйы бæстæмæ кусæгон балц. Медойты Димитры ныхæстæм гæсгæ делегацийы балцы нысаниуæгджын æмæ символикон цау уыд уый, æмæ кæй райдыдта æмæ кæй балхынцъ Сербаг Республикæйы уаз бынæттæ бабæрæг кæнынæй.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ фысымтæ тынг сбуц кодтой, райстой сæ тынг бæрзонд æмвæзадыл. Сæ телеуынынад æмæ æндæр информацион фæрæзты оперативонæй æвдыст цыдысты Хуссар Ирыстоны делегацийы балцы æмæ фæмбæлдтыты фæстиуджытæ.

Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста Сербаг Республикæйыл 26 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты. Бæрæгбоны фæстæ нæ бæстæйы сæргълæууæг дыууæ хатты фембæлд Сербаг Республикæйы Президент Милорад Додикимæ. Фембæлдтыты рæстæджы бадзырдæуыд кæрæдзийæн хæрзвадат уавæрты дыууæфарсон ахастытæ рæзын кæныныл.

Медойты Димитр ма радзырдта Президенты сæргълæудæй хуссарирыстойнаг делегаци уæрæсейаг дипломат Витали Чуркины цыртыл венок кæй сæвæрдтой. Чуркины цырты цурмæ æрмæст Сербаг Республикæ æмæ Хуссар Ирыстоны делегацийы уæнгтæ не ‘рымбырд сты, фæлæ бирæ бынæттон цæрджытæ.

Сербаг Республикæмæ кусæгон балцы фæстиуæгæн РХИ-йы Президенты Барамындмæ гæсгæ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæг Уалыты Гела нысан æрцыд Сербаг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварæй. Медойты Димитры хъуыдымæ гæсгæ, уымæй фадат уыдзæн дыууæфарсон æмгуыстад реализаци кæнынæн, фыццаджыдæр, культурæ æмæ гуманитарон фадгуыты. Министр зæрдыл æрлæууын кодта, Европæйы астæу бæстæмæ РХИ-йы Президент æмæ хуссарирыстойнаг делегацийы балц официалон Тбилисæн æхсызгон кæй нæ уыд. Мах, зæгъгæ, нæ хъус нæ дарæм алыгъуызон хъусынгæнинæгтæ æмæ публикацитæм, æгæрыстæмæй, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй мæнгард хъуыдытæм. Димитры ныхæстæм гæсгæ ацы балц у æддагполитикон ахастытæ æрбæстон кæныны райдиан æмæ уыцы куыст дарддæр цæудзæн. Хуссар Ирыстонмæ нæй, хæлар нын цы бæстæ нæу, уый хъуыды хынцыны фæнд, фæлæ цæудзыстæм размæ цы фæндаг равзæрстам, ууыл. Æддагон политикæ сбæлвырд кодта Хуссар Ирыстоны Президент æмæ йæ дарддæр реализаци кæндзæн Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад.

Информацион фæрæзты минæвæртты бацымыдис кодта Гуырдзыстоны хъусынгæнинаджы фæдыл Сербаг бæстæйы къухдариуæгадæн цахæм реакци уыд, уымæ.

«Æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны хæдфæстæ дыууæ бæстæйы Президенттæн уыд цыбыр брифинг. Уый рæстæджы бынæттон журналист дæр бацымыдис кодта ацы фарстмæ. Уымæн Милорад сдзуапп кодта цыбырæй æмæ рæстмæ, зæгъгæ, уыцы хъусынгæнинаджы диссагæй ницы ис  Гуырдзыстон махæн хæлар бæстæ нæу. Фæлæ нын Хуссар Ирыстон та у хæлар бæстæ»,- дзырдта Медойты Димитр.

Уый ма пресс-конференцийы рæстæджы лæмбынæг хъусдард аздæхта, ацы бæстæмæ кусæгон балцы рæстæджы Хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл къухтæ цы сразыдзинад фыст æрцыд, уымæ. Уый фæстиуæгæн сразыдзинад дарддæр практикон æгъдауæй æххæст хъуамæ цæуа. Уый хауы экономикæмæ, гуманитарон æмæ культурон фарстытæм. Культурæйы фадыджы ныридæгæн, зæгъæн ис, æмæ æмгуыстад рæ-зы, уымæн æмæ 2015 азы нæ сы-вæллæттæ уыдысты Сербаг Республикæйы æмæ фенын кодтой нæ адæмы бæрзонд культурæ. Ныууагътой хорз фæд æмæ мысинæгтæ. Уымæ гæсгæ ма дзырд æрцыд ууыл, æмæ та ацы аз дæр Сербаг Республикæ кæй æнхъæлмæ кæсы не ‘мбæстæг-тæм, уыцы нымæцы не сфæлдыстадон коллективтæм.

Сразыдзинадыл дзырд куы цæуа, уæд цæттæ цæуы нæ бæстæйы Парламентмæ æркæсынмæ, уый фæстæ æрцæудзæн ратификаци.

Адæймаг цы бæстæйы нæ уыд, уый йæ тынгдæр цымыдис кæны,  йæ бынат, йæ адæмы цардыуаг æмæ æндæр хъуыддæгтæ. Уыцы фарстмæ цымыдис кодтой информацион фæрæзтæ дæр. Æддагведомствойон уагдоны сæргълæууæг æхсызгонæй радзырдта ацы бæстæйы тыххæй, зæгъгæ, у цымыдисон хæххон бæстæ, кæцы йе ‘рдзмæ гæсгæ у Хуссар Ирыстоны æнгæс. Рæсугъд æмæ хъæз-дыг у ацы бæстæ. Йæ кæмттæ иттæг хорз фадæттæ дæттынц спортæй архайынæн. У бæрзонд индустриалон æмæ бирæбæрцæй аграрон бæстæ дæр. Раздæры Югослави куы ныппырх, уæд уый дæр Хуссар Ирыстонау сфæрæзта блокадæ. Фæлæ цæрджытæ иу хатт дæр нæ банкъардтой хæлцадон продуктты хъуагдзинад, уымæн æмæ хъæуæг продукттæ уагъдæуыд æмæ  уагъдæуы бынаты. Пайда кæнынц сæхи электроэнергийæ, уый ма дæттынц экспорты Европæмæ дæр.

Дыууæ бæстæйы æмхуызон историйыл дзурæг ма у уый дæр, æмæ уыдон дæр махау æхсæнгарзæй кæй бахъахъхъæдтой сæ бæстæйы хæдбардзинад.

Медойты Димитры ныхæстæм гæсгæ Сербаг Патриарх Иринеимæ фембæлды рæстæджы Бибылты Анатоли уый базонгæ кодта Хуссар Ирыстоны чырыстон дины историимæ. Ацы бæстæ дæр чырыстон диныл хæст кæй у, уымæ гæсгæ йæ хъус дары чырыстон дунейы цы ивындзинæдтæ цæуы, æппæт уыдæттæм. Зындгонд сын у нæ Чырыстон Аргъуаны ныры уавæр.

Дарддæр Медойты Димитр ахсджиагыл банымадта, цæмæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн фæндаг уа Европæйы дунеон ахсджиаг институтты трибунæтæм æмæ хуссарирыстойнаг позици хæццæ кæной дунемæ. Уымæн æмæ Гуырдзыстоны хæлæрттæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй цы информаци цæуы, уый зыгъуыммæ кæнынц. Сæхи, зæгъгæ, æвæрынц амæттаджы бынаты, кæцы баййæфта агресси æмæ оккупаци. Димитры хъуыдымæ гæсгæ, информацион фæрæзты минæвæрттимæ иумæ хъуамæ хизæм дунеон хызæгмæ, æмæ уый фæзуатæй хъæрæй хъусын кæнæм нæ позици. Уымæн æмæ дунеон хызæджы ис иуфарсон информаци æмæ мах дæр фæстæ ма хъуамæ фæлæууæм.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма Медойты Димитр зæрдыл æрлæууын кодта, Женевæйы дискусситы фæлгæтты хуссарирыстойнаг фарс кæй архайы ууыл, цæмæй Гуырдзыстон йæхимæ райса хæс æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ тыхæй пайда кæй нал æрцæудзæн, уыцы документыл йæ къух æрфысса.

«Ацы фарсты фæдыл нырма Гуырдзыстон нæ равдыста æмбаргæ ахаст, уымæн æмæ ацы документ у æдасдзинады сæйраг гарант æбæрæг сомбоныл цæмæй ма тыхсæм æмæ бадзырдтытæ цæмæй уадзæм, уыцы бындур. Мах зонæм цы у хæст, агресси, суанг 1989 азæй фæстæмæ нын ацы бæстæмæ ис бæрæг æнæууæнкдзинад, кæцы ноджы тасы æппары, гуырдзиаг фарс документыл йæ къух кæй нæ фыссы, уымæй. Уымæй мах аразæм ахæм хатдзæг æмæ Тбилисæй цы сабырадон фæндтæ цæуы, уыдон сты æрмæстдæр ныхæстæ»,- дзырдта министр.

Ацы аз 31 январы Республикæ Науру нысан кæндзæн йæ хæдбардзинады 50 азы юбилей. Уый цытæн Науруйы бæстæйы сæргълæууæджы фæхуындмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр бабæрæг кæндзæн ацы бæстæ. Мах, зæгъгæ, бузныг стæм Науруйы къухдариуæгадæй ацы ахсджиаг къахдзæфы тыххæй æмæ хайад райсдзыстæм нысаниуæгджын бæрæгбонон ма-дзæлтты.

Медойты Димитр ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы аз бабæрæг кæндзæн бирæ æндæр бæстæтæ, уый у нæ æддагполитикон райрæзты концепци.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.