Афæдзы афонтæй иууыл бæркадджындæр у фæззæг. Фæззæджы вæййы алыгъуызон ногтынд дыргътæ æмæ халсартæ, кæцыты фæрцы адæймаг йæ организм сфидар кæны алыгъуызон хъæуæг витаминтæй. О, фæлæ бæлæсты сыфтæртæ згъæлын куы райдайынц, уæд сæ бирæтæ æртымбыл кæнынц æмæ сыл арт бандзарынц, уый та стыр зиан хæссы адæмæн.

Горæты коммуналон службæтæ сыфтæрты æртымбыл кæнынц æмæ сæ аласынц бронласæн машинæтыл, фæлæ хисæрмагонд хæдзæртты цæрджытæ сæ хæдзаргæрон фад-гуыты цыдæриддæр бæлæсты сыфтæртæ вæййы, уыдон æртымбыл кæнынц æмæ сæ басудзынц.

Ахæм ныв фенæн уыд ацы улæфт бонты Текстилы районы. Боныгъæд дæр фæивта æмæ, æвæццæгæн, бирæтæ ахъуыды кодтой, ома, цалынмæ къæвда не ‘руарыд, уæдмæ мæ  хæдзаргæрон фадыг ссыгъдæг кæнон. Цымæ кæрæдзимæ быцæу кодтой, чи фылдæр сыфтæртæ басудздзæн, уыйау алырдыгæй сыфтæрты фæздæг пиллон калдта. Цыма йæ нæ зонынц, уыцы фæздæг цы зиан хæссы, фыццаджыдæр, сывæллæттæн, стæй та адæймагæн дæр. Сыфтæрты фæздæджы ис бирæ концерогенон буарадтæ, кæцытæ стыр зиан хæссынц адæмæн, ис ма дзы ахæм буарадтæ дæр, ракы чырæгты райрæзтæн чи ахъаз кæны. Уæлдай тынгдæр та сыфтæрты фæздæг тыхсын кæны аллерги æмæ астмæйæ рынчынты.

Уæдæ уын цæмæй сыфтæртæ зианы бæсты пайда æрхæссой, уый тыххæй сæ куы æртымбыл кæнат, уæд уæ цæхæрадоны чысыл уæрм ракъахут æмæ сыфтæрты уым сыджыты бын фæкæнут, иннæ азмæ бамбидзысты æмæ уый уыдзæн иттæг хорз хъацæн. Сæ басудзын та уæхицæн дæр зиан хæссы æмæ адæмæн дæр.

Гуыцмæзты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.