Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжания Æхсардзинады орденæй схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимы. Уæлдæр хорзæх хъахъхъæнынады ведомствойы сæргълæууæгæн лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты Абхазы адæмы уæлахизыл 28 азы сæххæсты цытæн цытджын церемонийы рæстæджы, кæцы уагъд æрцыд Абхазы Хъахъхъæнынады министрады.

Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим бузныджы ныхæстæ загъта Президент Аслан Бжанияйæн æмæ раарфæ кодта æфсымæрон Абхазæн сæ бæрæгбоны цытæн.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент, æппæт хуссарирыстойнаг адæмы номæй уын мæ цæст уарзы дидинæфтыд, сабырад æмæ фæрныгад», – загъта уый.

Хъахъхъæнынады министр банысан кодта, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны Президентты уынаффæмæ гæсгæ дыууæ республикæты æфсæддон службæгæнджытæ хайад кæй исдзысты иумæйаг ахуырты.

«Цытджын Президент, ацы хорзæх æз хæсдзынæн кадимæ», – банысан кодта Гассейы-фырт.

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр дæр Абхазы Хъахъхъæнынады министрæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Банысан кæнын  хъæуы, инæлар-лейтенант  Гассеты Ибрагим  Республикæ Абхазы балцы кæй ис Уæлахиз æмæ Хæдбардзинад бон нысан кæныны хайад райсынмæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй хицауадон делегацийы сконды. Делегацийы сконды ма сты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ æндæртæ.

Сæйраг мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты 30 сентбяры – уагъд æрцæудзæн дидинджытæ сæвæрыны церемони Сухумы Уæлахизы паркы мемориалыл, цытджын маршы рацæудзысты æфсады сæрмагонд сконд.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.