Гасситы Олеся æмæ йæ цардæмбал Цхуырбаты Джена хъомыл кæнынц фараст кæстæры. Мады бæрæгбоны хæдразмæ нæ уацхæссæг фембæлд Олесяимæ.

— Мады аккаг дзырдтæ ничима загъта, фæзæгъынц. Раст дæм кæсы ахæм ныхас?

— Мад у цард дарддæргæнæг æмæ уый у æппæтæй стырдæр хæс. Уыимæ ма мад кæддæриддæр у сæ фыдæн æххуысгæнæг æмæ йын хъæуы аргъ æмæ кад кæнын.

— Фараст кæстæры хъомыл кæныс. Куыд фæтых вæййыс уыйбæрц æрвылбонон хъуыддæгтыл?

— Æнцон нæу, фæлæ æмбарын, æнæаразгæ сын нæй æмæ зындзинæдтæ æрбайрох вæййынц. Уыимæ ма мын ис бирæ æххуысгæнджытæ — мæ цардæмбал, ме ’фсин. Кæстæртæй дæр цалдæр сты æххуысхъом, бирæ куыстытæ мын аскъæфынц мæ къухтæй.

— Уыйбæрц кæстæртæ хъомыл кæнынмæ алчи йæ ныфс нæ хæссы…

— Алчи дæр дзы йæхирдыгонау адджын у. Стæй æвзонгæй тæхуды кодтон, бирæ хотæ æмæ æфсымæртæ кæмæн уыдис, уыдонмæ. Мæхицæн иу æфсымæр æмæ хойы йедтæмæ кæй нæй, уый абон дæр нæ цæуы мæ зæрдæмæ.

— Дæ цоты мидахастыты тыххæй æмæ кæм сты, цы кусынц, уыдæттæ ма нын радзур.

— Бирæ сывæллонджын бинонты ‘хсæн, нæ зонын цæмæн, фæлæ кæрæдзиæмбарынад хуыздæр у. Мæ цинæн кæрон дæр нал вæййы, иу дзы иннæйы тыххæй йæхи истæмæй куы фæцух кæны, уæд. Мæ хистæр чызг Аделинæ ссардта йæ амонд, хъомыл кæны дыууæ кæстæры. Дыууæйæ ахуыр кæнынц уæлдæр ахуыргæнæндæтты, цыппарæй та скъолайы, дыууæ кæстæры та цæуынц сывæллæтты рæвдауæндонмæ.

— Радзур ма куыд æмæ кæм базонгæ стут дæ цардæмбал Дженаимæ?

— Нæ базонгæйы романтикæйæ ницы ис. Нæ дыууæ дæр райгуырдыстæм Дзауы районы. Æз — Барсы, уый та Бузалайы хъæуы. Горæтмæ, стæй поселокмæ цæугæйæ дæр арæх æмбæлдыстæм. Куы базонгæ стæм, уæд та — ноджы арæхдæр. Уæд мæм нырма ницы хъуыдытæ уыд, фæлæ… Куыд уынут афтæмæй абон æнгом бинонтæй цæрæм.

— Амондджын ут æмæ дæ номæй Ирыстоны ныййарджытæн, мадæлтæн арфæ кæнæм ацы рæсугъд боны цытæн.

ГÆЗЗАТЫ Иван