РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæджы тыххæй

1.Цæрикъаты Хъазбег Дзанхоты фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæгæй.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал, 2022 азы 16 ноябрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министры тыххæй

1.Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 7-æм  пунктмæ гæсгæ Гассеты Ибрагим Алымбеджы фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министры бынатмæ.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал, 2022 азы 22 ноябрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæджы тыххæй

1.Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 7-æм пунктмæ гæсгæ Джиоты Алан Владимиры фырт нысан æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæгæй.

2.Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал, 2022 азы 22 ноябрь

 

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Цхуырбаты Любовы Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Ирон æвзаг рæзын кæнын æмæ йæ бахъахъхъæнынмæ сæрмагонд хайбавæрд бахæссын æмæ бирæ азты дæргъы педагогон архайды тыххæй Цхуырбаты Любовь Садулы чызг хорзæхджын æрцæуæд Хæлардзинады орденæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент ГАГЛОЙТЫ Алан

г.Цхинвал, 2022 азы 24 ноябрь