Цыппæрæмы Дзауы скъола-интернатмæ лæвæрттимæ фæуазæг ис «Стройпрогресс»-ы президент, не ‘мзæххон Джуссойты Альберт. Уый Хуссар Ирыстонмæ æрцыдис уæрæсейаг инвесторты делегациимæ æмæ æнæмæнгхъуыддагыл банымадта скъола-интернатмæ бацæуын дæр. Уæрæсейаг делегациимæ скъоламæ бацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин.

Джуссойты Альберт скъолайæн балæвар кодта интерактивон ифтонгад æмæ спортинвентарь. Скъоладзау фæсивæд æмæ ахуыргæнджытæ зæрдæрухсæй ирон æгъдаумæ гæсгæ фембæлдысты цытджын уазджытыл æмæ тынг бацин кодтой сæ æнæмæнгхъæуæг лæвæрттыл.

Джуссойты Альберт тынг бацин кодта йе ‘мзæххонтыл æмæ скъоладзау фæсивæдæн йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ сæ ахуыры хъуыддаджы. Уый ма сын куыд радзырдта, афтæмæй бирæ рæстæг нæ уыд йæ райгуырæн бæстæйы æмæ, зæгъгæ, уыцы рæстæгмæ республикæйы æддаг хуыз хуыздæрæрдæм фæивта.

«Куыд федтон, афтæмæй республикæ рæзы æмæ размæ цæуы æмæ уый мæнæн у тынг æх­сызгон. Фæлæ мах хъуамæ тырнæм уымæ, цæмæй ноджы хуыздæрæй хуыздæр кæна. Хъуамæ архайæм æмæ спайда кæнæм нæ фадæттæй, цæмæй адæмы бафæнда фæстæмæ æрыз­дæ­хын Хуссар Ирыстонмæ. Ахсджиаг у нæ фæсивæды сомбоны цард æмæ сын цæмæй бæллиццаг уа, уый тыххæй фæсивæдæн аразын хъæуы куысты бынæттæ. Уымæн æмæ уыдоныл баст у республикæйы фидæн. Уырны мæ, иумæ махæн алцыдæр кæй бантысдзæн саразын. Уый тыххæй абон мах стæм Хуссар Ирыстоны дæр», – загъта Джуссойты Альберт.

Æмбырды рæстæджы ма адæмæн зæрдæбын арфæйы ныхæстæ загътой «Стройпрогресс»-ы директор, Хуссар Ирыстоны раздæры Хицауады сæрдар Юрий Морозов, Уæрæсейы Федерацийы хъайтар Абайты Юри æмæ батальон «Алания»-йы командæгæнæг Остъаты Руслан («Скиф»).

Скъола-интернаты директор Уалыты Азæ нын куыд загъта, уымæ гæсгæ стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты сæ цытджын æмæ зынаргъ уазджытыл, æхсызгон сын уыдис, кæй сæ æрхъуыды кодтой æмæ скъолайæн æнæмæнгхъæуæг лæвæрттæ кæй бакодтой, уый.

«Нæ уазджытæ нын балæвар кодтой дыууæ компьютеры, дыууæ принтер, интерактивон фæйнæг æмæ спортивон инвентарь. Хъуыдысты нæ, уымæн æмæ нæхимæ чи ис, уыдон базæронд сты æмæ нæ нæуджытæ зæрдиагæй хъуыдысты. Скъола-интернаты коллективы номæй сын зæгъын бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ», – загъта Уалыты Азæ.

Коцты Еленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.