Централон æвзарæн къамис Парламентмæ бахатыд, цæмæй бамбарын кæной, референдумы хайад райсыны тыххæй æвзæрстыты барты гарантитæ æмæ æвзæрстыты хайад исыны барты тыххæй закъоны 17-æм уацы 4-æм æмæ 6-æм хæйтты фыст барты нормæтæ. Уый тыххæй ЦÆК æмбæлон уынаффæ райста цыппæрæмы, къамисы рабадты.

Æрæджы Централон æвзарæн къамисмæ «Адæмон парти»-йæ фыстæг æрбацыд, цыран домдтой æвзарджыты номхыгъдтæ аразын æмæ хъæлæсдæттæн процессы тыххæй иуæй-иу фарстатæ бамбарын кæнын.

Къамисы дзуапп бацæттæ кодтой æмæ уыимæ иумæ аскъуыддзаг кодтой уыцы фарстатæ депутатон корпусмæ дæр арвитын.

Парламент дзуапп хъуамæ радта,  республикæйы æмбæстагæн æвзарæн фадыджы æвзарджыты номхыгъдмæ бахæссыны бар ис æви нæ, æвзарæг уыцы æвзарæн фадыджы территорийыл куы нæ цæра, уæд. Уыимæ ЦÆК-ы  банысан кодтой «Депутатты тыххæй» РХИ-йы закъоны 16-æм уацы 2-æм хайы уынаффæ, афтæ ма æвзæрстыты тыххæй Конституцион закъæтты нысан кæй нæй, æмбæстаг цы бынаты уа, уым ын хъæлæс дæттыны фадат ис æви нæ.

Уымæй дарддæр ЦÆК бахатыд Парламентмæ, цæмæй райхалой сæйраг гарантиты æмæ æвзарджыты барты тыххæй закъоны 17-æм уацы 4-æм хайы «æдзухон кæнæ  фылдæры факт»-ы æмбарынад.

Централон æвзарæн къамисы уынаффæйы ис ахæм фарст дæр, зæгъгæ, республикæйы æмбæстагæн бар ис æви нæ, цæмæй хаст æрцæуа Хус-сар Ирыстоны æддейæ æвзарæн фадгуыты æвзарджыты номхыгъдмæ, развæлгъау дипломатон минæварадмæ кæнæ  консулон уагдонмæ куынæ бацæуа, фæлæ хъæлæсдæттæн бон фадыгон камисмæ куы бацæуа, уæд.

Централон æвзарæн къамисмæ лæвæрдцæуæг æвзæрстыты документ-тæ исын æмæ сæ бæрæг кæныны фæдыл Кусæгон къорды рекомендацимæ гæсгæ, æвзæрстыты фонд саразыны тыххæй 34 кандидатæн радтой сæрмагонд хыгъдтæ бакæныны бар.

«Дзыллæты иудзинад» æмæ «Рæстдзинады тыххæй» партитæ цы номхыгъдтæ бавдыстой, уыдон сахуыр кæныны фæстæ скъуыддзаг æрцыд кандидатты номхыгъд сфидар кæнын æмæ сын срегистраци кæнын сæ æвджиддар минæвæртты дæр æмæ финансты фарстаты тыххæй минæвæртты дæр.

 

 

Фæцис  документтæ исыны æмгъуыд

Цыппæрæмы Централон æвзарæн къамис фæцис, Парламентмæ депутаттæй цæуын чи фæнд кæны, уыцы политикон партитæ æмæ иумандатонтæй документтæ исыны æмгъуыд.

«Æстæм сæвзæрсты парламентон æвзæрстыты хайад райсыны бар кæмæн ис, уыдонæй сæ документтæ бадæттын бантыст æрмæстдæр 12 политикон партийæн», – фехъусын кодта Централон æвзарæн къамисы сæрдар Гæджиты Эмилия.

Банысан кодта, зæгъгæ, цыппæрæмы, 18.00 сахытыл фæцис, депутаттæм кандидатты раразмæ кæнынæн закъонмæ гæсгæ цы 30 боны æмбæлы, уыцы æмгъуыд. Æмгъуыд нымад цæуы, хъæлæсдæттыны бон снысан кæныны тыххæй Президент барамынд куы радта, уыцы бонæй.

«Æдæппæт нын фехъусын кодтой æмæ нæм сæ документтæ æрбалæвæрдтой, Парламенты депутаттæм кандидатæй йæхи чи раразмæ кодта, уыдонæй  86 æмбæстаджы», – загъта ЦÆК-ы сæрдар.

Куыд банысан кодта, афтæмæй 11-æм округæй (Цхинвалы район) не ‘рбацыд, депутаттæм кандидатæй йæхи чи раразмæ кодта, уыдоны тыххæй хъусынгæнæн. Уыцы округæй партийæ раразмæ кодтой дыууæ кандидаты.

«Централон æвзарæн къамисæн ис авд боны æмгъуыд, цæмæй партион номхыгъдтæ сфидар кæной кæнæ сæ ма сфидар кæной, уый тыххæй», –  бамбарын кодта Гæджиты Эмилия.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.