Кæд коронавирусы инфекци цъус банымæгдæр ис, уæддæр нырма рынчындоны бирæ ис рынчынтæ. Медицинон кусджытæ æппæт дæр аразынц, цæмæй алы рынчынмæ дæр уа æмбæлон хъусдард. Ивгъуыд аз æмæ ныр дæр разынд ахæм адæймæгтæ, кæцытæ цæттæ сты рынчындоны волонтерон куыст кæнынмæ. «Сырх зонæ»-мæ барвæндæй чи бацыд æмæ медперсоналы къух чи рог кодта, уыдонæй иу у нæ горæты цæрæг, æвзонг сылгоймаг Тасойты Иринæ.

– Иринæ, кæд сфæнд кодтай бацæуын инфекцион хайады, коронавирусæй рынчынтимæ чи архайы, уыдонмæ æххуысмæ?

– Ивгъуыд аз дæр куыстон инфекцион хайады. Уæд уавæр æндыгъд-дæр уыд. Æз куы бацыдтæн, уыцы рæстæджы палатæты бынат нæ уыд, къæлидорты дзы хуыссыдысты бирæ-тæ. Иу медицинон хойы бæрны уыд 25 адæймаджы бæрц. Æз хорз арæхсын судзинтæ аразынмæ æмæ-иу сын æххуыс кодтон. Уæд дзы уыдис æндæр волонтертæ дæр, кæцытæ дард уыдысты медицинæйæ, фæлæ æххуыс кодтой, сæ бон куыд уыд, афтæ. Рынчынтæй дæрддаг хъæутæй чи уыд, уыдонмæ сæ хиуæттæ арæх нæ цыдысты æмæ ахæмтæм хъуыд уæлдай хъусдард здахын. Инфекци мæн дæр æвыдæй нæ ныууагъта, фæрынчын дæн, фæлæ мæм фæлтæрддзинад уыд æмæ хæдзары схос кодтон.

– Æмæ ныр та цæмæн сфæнд кодтай «Сырх зонæ»-мæ бацæуын?

«Ныр та мæ фыд бахауд рынчындонмæ. Ацæргæ нæлгоймаг у, æнæ мæхи æххуысæй нæ сырæхстаит. Мæ зонгæ медиктæ мын дзырдтой, æнæ хъусдард кæй нæ баззайдзæн. Фæлæ, мæнæн æнæуый дæр мæ  зæрды уыд «Сырх зонæ»-мæ медиктæн æххуысмæ бацæуын. Мæ фыд дыууæ къуыримæ адзæбæх, хæдзармæ йæ афыстой, æз ма дзы уый фæстæ ноджы иу къуырийы бæрц  баззадтæн.

– Ды дыууæ хатты уыдтæ «Сырх зонæ»-йы. Ацы аз нæ медицинон кусджытæ, фаронимæ абаргæйæ, цæттæдæр сты карз низы ныхмæ тохмæ?

– Коронавирусы инфекцийы рæстæджы иуыл тæссагдæр у паникæ. Психологтæ кæй хъæуы «Сырх зонæ»-йы, уый мæ бæлвырддæрæй бауырныдта, куы федтон æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты, сæ тæвд 37, 2 градусы кæмæн уыд, ахæмтæн сæрибарæй сæ бон у хос кæнын хæдзары, фæлæ бацахстой ацæргæ, уæззаудæр рынчыны бынат. Æмбарын æй, æфсон нæ кæнынц, тасы бын сты, æгæр арæх кæй мæлынц адæм, уыцы тас сæ йæ уацары баппæрста. Мæнмæ гæсгæ ахæмты психологон æххуыс тынгдæр хъæуы. Ныртæккæ рынчындоны уадиссаг ничи ис, волонтертæй. Арæх дзы бацæуынц медицинон ахуыргæнæндоны студенттæ. Барвæндæй чи бацыд мæнау, уый та у Хъæцмæзты Иринæ. Уый фылдæр феххуыс кæны санитарон персоналæн. Иумиагæй сисгæйæ уавæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр у. Иу афон хосты дефицит уыд, фæлæ уый рæстæгмæ, ныртæккæ хостæ æрластой. Къæлидорты дæр ма ис сынтæджытæ, фæлæ уыдон нымæц бæрæг къаддæр у. Чи дзы хуыссы, уыдон дæр паникæ нал кæнынц. Æрæджы интернет тыгъдады фарстон, нæ республикæмæ Уæрæсейæ психологтæ кæй æрцыд. Уыдон ахуыртæ уагътой, куыд хъæуы рахизын кæнын адæмы стрессон фæстравмæйон уавæртæй. ФБ-йы цы информаци уыд, уымæ гæсгæ курсытæ рацыдысты 20 адæймаджы, радтой сын сертификаттæ дæр

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.