Алчи дӕр ӕй зоны ӕмӕ зӕгъы, нырыккон ахуыргӕнӕн чингуытӕ советон дуджы уагъдӕрцӕуӕг ахуыргӕнӕн чингуытимӕ абаргӕйӕ бирӕ вазыгджындӕр ӕмӕ зынӕмбарӕндӕр кӕй сты. Раздӕр дӕсӕм кълӕсты ахуыргӕнӕн чингуыты ахӕм зынӕмбарӕн ӕрмӕджытӕ нӕ уыд, ныртӕккӕ ӕртыккӕгӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ кӕй ахуыр кӕнынц. Æмӕ уый, иумӕйагӕй сисгӕйӕ,  мӕгуырауырдӕм ӕндавы ахуыры размӕцыдыл. Сывӕллон цы предмет, цы ӕрмӕг ахуыр кӕны, уый кӕронмӕ куынӕ ӕмбара, уӕд йӕ ныфс сӕтгӕ кӕны, ахуырӕй – зӕрдӕцъӕх. Иуӕй-иу чингуыты фембӕлӕн вӕййы, ахуыргӕнӕг йӕхӕдӕг дӕр ӕххӕстӕй кӕй нӕ фембары, ахӕм ӕрмӕджытӕ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй 5-æм ӕмӕ 6-æм къласы скъоладзаутæ рæвдз нæма вæййынц дзырды ахæсгæ нысаниуæг иртасынмæ, æмæ сын æмбисæндты хъуыды зын бамбарæн вæййы. Уымæ гæсгæ, ахуыргæнæг æмбисæндтыл хъуамæ, программæтæ куыд амонынц, афтæ, ӕрмӕст дыууæ урочы дæргъы ма куса, фæлæ куыд арæхдӕр гæнæн ис, афтæ, уымæн æмæ уыдон стыр ахъаз сты сывæллоны этикон хъомылад æмæ йæ ныхасыхъæд хъæздыгдæр æмæ аивдæр кæныны хъуыддаджы. Адæймаджы ныхасæн стыр тых ис царды, æмæ сывæллæттæн фыццаг урокæй фæстæмæ æмбарын кæнын хъæуы цыфӕнды дзырдмæ дӕр куыдфæндыйы цæстæй кæсæн кæй нæй, йӕ мидис, йӕ нысаниуӕгыл ын лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын кӕй хъӕуы, уый. Нӕ ацы хъуыды бафидар кӕнынӕн нӕ бон у спайда кæнæм æмбисæндтæн сæхицæй: «Авд хатты йӕ сбар, ӕмӕ йӕ иу хатт алыг кæн!», «Дзырд хъазинаг нæу!», «Уæздан ныхасмæ калм дæр хъусы»…

Ирон ӕмбисæндты æвдыст ӕрцыдысты, нӕ адæммæ æнусты дæргъы царды алы хъуыддаджы фæдыл дæр, алы къабазы дӕр цыдӕриддӕр зонд ӕмӕ фæлтæрддзинад æрæмбырд, уыдон иууылдӕр: цыргъзонддзинад, хъару, райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, хистӕр ӕмӕ кӕстӕры ӕхсӕн ахастытӕ, сылгоймагӕн аргъ ӕмӕ кад кӕнын, ӕмбалдзинады, сыхагон, хъӕубӕстон  ахастыты фӕдыл ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ирон адæм сӕ æмбисæндты худтысты, æгаддзинадыл кæй нымадтой, уыцы миниуджытыл, карз тӕрхон хастой тæппуддзинадæн, хиндзинадæн, æнæуæздандзинадæн æмæ афтӕ дарддӕр.

Адæймаг, æвæццæгæн, незамантæй нырмæ йæ царды уагмæ, йе ′взагмæ, йæ ныхасы хъæдмæ куыдфæндыйы цæстæй никуы каст.

Хъуыды кодта, йæхи кæм æмæ куыд дарын хъæуы, кæд æмæ кæм цы дзурын æмæ куыд дзурын хъæуы, уыдӕттыл. Афтæмæй ныхасмæ, æгъдаумæ цы домæнтæ уыд, уыдон æнцон раиртасæн сты адæмон сфæлдыстады уацмысты, уæлдайдæр та æмбисæндты. Бирӕ цымыдисон куысты хуызтæ сæххæст кæнæн ис æмбисæндты фӕрцы, уыдон ӕмбӕлон уагыл ахуыр кæнгæйæ, ӕмӕ сӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ пайда кӕнгӕйӕ.

Махыл ӕмбӕлы, цӕмӕй скъоладзаутæн дæттæм ахæм хæс: хъуамӕ хъуыды кӕнын фӕразой, дзургӕ-дзурын цахӕм ӕмбисондӕй ис спайда кӕнӕн, кӕцы ӕмбисонд хуыздӕр сбаддзӕн, дзырд цӕуыл цӕуы, уыцы темӕмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм чидӕр сайы, кӕны ӕнӕбындур ныхас æмæ, бӕлвырд-бӕрӕг у, гæды ныхæстæ кæй кæны, уый. Ахӕм ныхасгӕнӕджы тыххӕй ӕмбисондӕй спайда кӕнгӕйӕ зӕгъын хъӕуы афтӕ:  «Къæхтæ æмæ ма йыл къухтæ басагъта». Зӕгъӕм адӕймаг дзуры зынбауырнӕн хабары тыххӕй, фӕлӕ уыцы-иу рӕстӕджы афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, бынтон раст нӕу, зӕгъгӕ, фӕлӕ уӕддӕр ӕвзӕрын кӕны дызӕрдыгдзинад. Ахӕм рӕстӕджы та цахӕм ӕмбисондӕй хъуамӕ спайда кӕной ахуырдзаутӕ? «Дзырд æрмæст хæйрæджы на уырны».

Ирон адӕммӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр хъомыладӕн иууыл ахсджиагдӕр нысаниуӕг кӕй ис, уый фӕдыл дӕр нӕм бирӕ ӕмбисӕндтӕ баззад ӕмӕ сӕ хъуамӕ пайда кӕнын фӕразой скъоладзау сабитӕ сӕхӕдӕг дӕр, иудадзыг бадой сӕ былалгъыл. Зӕгъӕм ацы ӕмбисонд хъуамӕ зона алы сывӕллон дӕр: «Бӕлас талайӕ тасы», «Саби йæ мад æмæ йæ фыды уаг æвдисы, «Сау хохæй урс дур нæ тулы», «Сæгъæй сæныкк гуыры»,ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Хорз цот кæмæн нæ рацæуы, йӕ зӕнӕг кадгӕнӕг кӕмӕн нӕ вӕййынц, уыцы ныййарджыты тыххæй та куыд фазæгъынц? «Фыдвæды бæсты æвæд хуыздæр», «Фыдцот – фыдниз».

Скъоладзаутæ æмбисæндтæ куыд бамбæрстой, уый сбæлвырд кæнæн уыдзæн, куыст иннæрдæм рацаразгæйæ. Иу дзуры æмбисонд, иннæ скъоладзаутæ та бæлвырд кæнынц, кæд загъд æрцæуы, уый.

Дарддæр сывæллæттæн дæттæм хъуыдыйæдтæ æмбисæндтæй баивыны хæс.

«Æнæрхъуыды ныхас ма кæн!», «Дзырд хъазинаг нæу», «Ныхас бæхыл бады», «Кæм цы дзурын хъæуы, уый зон!», «Цы зоныс, уыдон иууылдæр ма дзур, фæлæ цы дзурыс, уыдон иууылдæр зон!», «Дон æмæ ныхас аразгæ сты», «Цы дзурдзынæ, ууыл рагацау ахъуыды кæн», «Ныхас сæрæй куы нæ ракæнæй, уæд къуырма у», «Иу ныхас цалдæр хаты ма кæн!», «Æвзар йæ иу дзырд сæдæ дзырды кæны», «Иухатты ныхас алы бон ма кæн», «Дæс хатты цы ныхас зæгъай, уым кад нал ис». Куыд æмбаргӕ у ацы æмбисæндты хъуыды?

Йæ хъуыды цавæрдæр конкретон адæймаджы миниуæгимæ баст кæмæн вæййы, ахæм æмбисæндты хъуыды æхуыргæнæг йæхæдæг радзуры скъоладзаутæн. Цæмæй скъоладзаутæ æмбисæндты хуыздæр бамбарой æмæ бахъуыды кæной, уый тыххæй ма æххæст кæнæм ахæм куысты хуызтæ дæр: ӕмбисæндтæ ӕмбарынгӕнӕн куыст адарддæр кæнын.

Уымæй уæлдай ма скъоладзаутӕн хъуамӕ бахӕс кӕнӕм, дыууæ взагыл дæр цы æмбисæндтæ ис, уыдон хицæнæй рафыссын, темæтæм гæсгæ сæ фæкъордтæ кæнын, бамбарын сын кӕнӕм, цæмæн афтæ дзурæм æмæ аф.д. Ахуыргæнæг сын цавæрдæр рæстæгмæ хæс дæтты, цæмæй сæ хистæрты æххуысæй ныффыссой адæймаджы удыхъæды миниуджытæ æвдисæг цымыдисаг æмбисæндтæ. Æмбисæндтыл куыст рохуаты уадзын нæ хъæуы. Пайда кæнын сæ хъæуы, аивадон уацмыс ахуыр кæнгæйæ, литературæйы урокты, æвзаджы урокты та сыл æнтыстджынæй кусæн ис фæлтæрæнты тексттæ æвзаргæйæ. Афтæмæй æмбисæндтæм фаг хъусдард куы цæуа, уæд ахуырдзауты къухы бафтдзæн бæлвырд æнтыстытæ скъоладзауты ныхасы этикет æмæ удыхъæды миниуджытæ бæллиццагдæр кæныны хъуыддæгты.

Цӕмӕн нӕ хъӕуы ацы куыст кӕныны сӕр? Уымӕн ӕмӕ ӕндӕр фӕрӕзтӕ нӕ уынӕм, цӕмӕй ирон адӕмӕн сӕ рагфыдӕлтӕй цы хӕзнатӕ баззад, уыдон ма амӕлой, цӕрой рӕзгӕ фӕлтӕры хъуыдыкӕнынады. Мах нӕ кӕстӕртӕй хъаст фылдӕр фӕкӕнӕм хорз ныхас сӕ зӕгъыны бӕсты. Фӕлӕ нӕхи нӕ фӕрсӕм, цы сарӕзтам ӕмӕ аразӕм уый тыххӕй, цӕмӕй нӕ сабитӕ ӕмбӕлонбӕрцӕй зонгӕ уой сӕ фыдӕлты дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстады хӕзнатимӕ.

Æвæццæгæн алы ахуыргæнæг дæр йæ разы æрæвæры ахæм хæс – куыд скæна йæ урок цымыдисондæр, мидисджындæр, цæмæй сывæллон разæнгард кæна æмæ тырна ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ. Ацы ран нын тынг æххуыс сты алыхуызон хъӕзтыты мадзæлттæ. Сывæллæттæ уроктыл тагъд кæй фæллайынц, уымæ гæсгæ ахуыргӕнджыты фылдӕр хай архайынц, цӕмӕй сын æппæт ахуыртæ дæр баст уой хиирхӕфсӕн мадзӕлттимӕ, цас гæнæн ис, уыйбæрц хъазты бындурыл. Бирæ сывæллæттæ сӕхӕдӕг дӕр уарззынц алыгъуызон хъæзтытæ мысын. Уыцы хъуыддагæй хъæуы спайда кæнын. Ахуыргæнæг цас фылдæр пайда кæна алыгъуызон хъӕзтытӕй ахуыр фæрогдæры, сывӕллӕттӕн сӕ фӕллад фӕсурыны тыххæй, цас сæ аивдæр бабæтта ахуырадон æрмæгимæ, уыйбæрц сывæллæтты хъуыдыкæнынад æнцондæрæй хиздзæн иу уавæрæй иннæмæ. Ахæм хъæзтытæ сывæллæтты цайдагъ кæнынц цыргъзонддзинадыл, дзырдарæхстыл, тагъдыл исты мадзал ӕрхъуыды кӕныныл, фӕлӕ цӕмӕннӕ ис гӕнӕн ӕмӕ ахӕм фӕрӕзӕй пайда кӕныны рӕстӕджы фылдӕр рӕстӕг пайда кӕнӕм ирон адӕмон хъӕзтытӕй? Сывӕллӕттӕ ӕндӕр, нырыккон хъӕзтытӕ ӕнӕуыйдӕр арӕх уынынц телеуынынынады, интернеты ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Фӕлӕ абоны сывӕллӕтты карӕнтӕ кӕддӕр цахӕм хъӕзтытӕй хъазыдысты, уыдоны нӕ дӕр телеуынынады уынынц, нӕ дӕр – интернеты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ пайда кӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр скъолайы фӕрцы.

Бибылты Ирмӕ,

ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.