Хуыцаубоны, 1-æм апрелы, куыд æппæт дунейы чырыстон бæстæтæ, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр банысан кодтой уаз бæрæгбон – Зазхæссæн. Ацы бæрæгбоны ма хонынц Чырыстийы бацыды бон Иерусалиммæ.

Нæ республикæйы Сыгъдæг Æртиуон Хуыцауы аргъуанмæ фыццаг хатт чырыстон диныл хæст адæм æрбацыдысты бæрæгбонон литургимæ, кæцыйы уагъта ацы аргъуаны кусæг, фыд Серги. Бæрæгбонон Хуыцаумæ бакуывды хайад райстой нæ бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй. Бибылты Анатоли ацы уаз бæрæгбонон службæмæ йемæ æрбакодта йæ кæстæр фырты дæр. Бæстæйы сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ загъта Хуыцаумæ æппæт кувджытæн дæр сыгъдæг Зазхæссæны бæрæгбоны цытæн æмæ дарддæр хайад иста службæйы.

Фыд Серги службæйы кæрон бакуывта Хуыцаумæ æмæ уый фæстæ сыгъдæг донæй бакалдта бæрæгбоны символ – сырх хæристы къалиутыл. Сауджын Серги нын куыд радзырдта, афтæмæй аргъуаны бæрæгбонтæй Зазхæссæн нымад цæуы ахсджиагдæр æмæ нысаниуæг-джындæрыл. «Ацы цытджын æмæ уаз бонæн стыр нысаниуæг ис алы чырыстон диныл хæст адæймаджы царды дæр. Ацы бон, Чырыстийы цалынмæ дзуарыл нæ байтыгътой, уæдмæ бацыдис Иерусалиммæ. Адæм уый куы базыдтой æмæ Чырысти диссæгтæ аразы, уæд æй афтæ райстой, æмæ йæ стыр кадимæ суазæг кодтой. Чырысти, куыд æй зонæм, афтæмæй бадзырдта Лазары уæлмæрдмæ æмæ йæ растын кодта, рахызтис æм йæхæдæг. Адæм ацы диссагыл дæр фæдис кодтой. Зазхæссæн та уымæн хуыйны, æмæ адæм Чы-рыстийыл куы ʻмбæлдысты, уæд ын йæ размæ хастой пальмæйы къа-лиутæ. Махмæ пальмæтæ кæй нæ зайы, уый тыххæй пайда кæнæм сырх хæрис æмæ самшиты къалиутæй. Рæхджы та нысан кæн-дзыстæм Куадзæн. Уый у Чырыстон дины иууыл стырдæр бæрæгбон –  Чырыстийы райгас, æмæ йæм цæттæ кæнæм нæхи», – загъта фыд Серги.

Сауджын ма нæ республикæйы æппæт чырыстон динылхæцджы-тæн дæр бæрæгбоны цытæн загъта арфæйы ныхæстæ. Уый æрсидт Ирыстоны цæрджытæм, цæмæй фылдæр рæстæг агурой æмæ цæуой аргъуанмæ, кувой стыр Хуыцаумæ сыгъдæг зæрдæйæ æмæ лæууой раст фæндагыл. «Хуыцаубон куы ʻрцæуы, уæд нæ адæмæн вæййы базары бон, куысты бон æмæ сæ айрох вæййы Хуыцау. Хуыцаубонæн йæ ном йæ уæлæ ис, хъæуы алы хатт дæр райсомæй рæстæг ссарын æмæ бузныг зæгъын радтæг Хуыцауæн. Уый тыххæй та аргъуаны дуæрттæ кæддæриддæр сты гом. Нæ адæм та арфæгонд уæд, Хуыцау, Мады Майрæм, æппæт зæдтæ æмæ дзуæрттæ, Дауджытæ нын æххуысгæнæг уæд. Адæймаг Хуыцауимæ куы уа, уæд ын æнцондæр у. Адæймаг амондджын никуы  уыдзæнис, Хуыцауимæ куы нæ уа, уæд. Мæн фæнды, цæмæй нæ адæм уой амондджын», – банысан кодта сауджын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.