Беслæны уагъд æрцыд 1999-2001 азты гуырд спортсменты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ уагъд цыдысты спорты сгуыхт дæсны Къудухты Бесикы ном ссарыны тыххæй. 97 кг уæзы категорийы иууыл цæттæдлæр разынд хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсæмæг. Уый финалы фæуæлахиз иннæ хуссарирыстойнаг спортсмен Къæбысты Дэвидыл.

Ерысты ма дыккаг бынæттæ бацахстой Джиоты Андрей (70 кг) æмæ Бестауты Андрей (125 кг).

Спортсменты тренер у Коцты Тамерлан. «Иумæйагæй разыйæ нæ баззадтæн нæ бæрæггæнæнтæй. Æнхъæл уыдтæн æмæ фылдæр сыгъзæрин майдантæ рамбулдзыстæм. Стей ма, хъыгагæн, Арсæмæг финалон тохы райдианы райста травмæ. Ныр æй бахъæудзæн дæргъвæтин рæстæджы хос кæнын», – загъта Коцты Тамерлан.

***

Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ бахаудтой уæгъдибар хъæбысхæстæй Гæздæнты æфсымæрты номарæн турниры призерты нымæцмæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Алагиры. Тренертæ Хъесаты Петр æмæ Багаты Вадимы хъомылгæнинæгтæн бантыст иу сыгъзæрин, иу æвзист æмæ дыууæ бронзæ майданы рамбулын.

Цхинвалмæ сыгъзæрин майданимæ æрæздæхт Кокойты Денис. Уымæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 62 кг уæзы категорийы. Уый фыццаг хатт хайад райста республикæйæн æддейæ уагъдцæуæг ерысты.

Æвзист майдан бафтыд Багаты Асланы къухты. Уымæн ахæм æнтыст уыд 35 кг уæзы категорийы. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæй бронзæ майдантæ та рамбылдтой Тыбылты Арсен æмæ Пухаты Арсен. Спортсментæ куыд баныфсæвæрдтой, афтæмæй иннæ хатт фæхуыздæр кæндзысты сæ бæрæггæнæнтæ.

Ныр тренертæ Багаты Вадим æмæ Хъесаты Петры хъомылгæнинæгтæ ацыдысты Пятигорскмæ, цыран хайад райсдзысты дунеон турниры.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.