Нæ театры истори вазыгджын æмæ цымыдисаг у. Йæ райдиан ын нымайæм 1906 азæй. Уæд йæ аразджытæ уыдысты бархи зиууæттæ, сæ змæлæн бынæттæ уыдысты халагъудтæ.
Профессионалон театры райдиан та нын у 1931 аз. Уæдæй абонмæ Леуахи цæуы дæлæмæ, нæ театр та уæлæмæ.

    Нæ театры курдиатджын фæлтæр сæ абоны куысты хъуамæ пайда кæной ивгъуыд дугты нын хистæр фæлтæр хорзæй цы ныууагътой, уыдонæй.

Уыдонæй уал иу у Гуыбиаты Джиуæр (Георги). Ацы аз  йæ райгуырдыл æххæст кæны 130 азы.

Кад æмæ радимæ, рæсугъд номимӕ фӕцардис Цхинвалы ирон сценӕйы зӕрингуырд, Гуырдзыстоны республикӕйы сгуыхт артист, ирон аив дзырды дӕсны, курдиатджын актер, дӕсны тӕлмацгӕнӕг, Гуыбиаты Джиуӕрджи Гакайы фырт.

Гуыбиаты Джиуӕр (Георги) райгуырдис 1894 азы Цӕгат Ирыстоны, Дӕллаг Санибайы, мӕгуыр зӕхкусӕг лӕджы хӕдзары. Йӕ фыд Гака цыбыркъух лӕг уыд, цардагур, куыстагур ахауд туркаг горӕт Хъарсмӕ. Фараст азы йыл куы сӕххӕст, уӕд фыд ахъуыды кодта йӕ лӕппуйы сомбоныл, ӕмбӕрста, Хъарсы уый йӕ фыртӕн ахуырдзинад нӕ ратдзӕн, ӕмӕ йӕ ӕркодта Ирыстонмӕ, барвыста йӕ Дзӕуджыхъӕуы реалон ахуыргӕнӕндонмӕ. Фӕцис уым 6 къласы каст, йӕ ныййарджытӕ Хъарсы цардысты, афтӕмӕй.

1913 азы 19-аздзыдӕй каст фӕцис Хъарсы реалон ахуыргӕнӕндон. Ныр егъаудӕр фарст ӕрхауд йӕхимӕ дӕр ӕмӕ ныййарджытӕм дӕр. Цы бакӕна дарддӕр лӕппу? Ныххӕцыдысты хорз уынаффӕйы фӕччийыл, сахуыр кӕнӕд дарддӕр, зӕгъгӕ.

Джиуӕр уӕд бацыд Новочеркасскы политехникон институтмӕ. Уым ахуыргӕнгӕйӕ, лӕппу фӕцайдагъ бынӕттон театрмӕ цӕуыныл, уым федта профессионалон актерты хъазт ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ театр арф ӕрбынат кодта йӕ зӕрдӕйы.

Дыууӕ азы фæстæ йæ империалистон хӕстмӕ акодтой. Уым федта ӕбуалгъ нывтӕ, тугкӕлдтытӕ. Фӕцис хӕст, Джиуӕр сыздӕхт сӕхимӕ, Санибамӕ, ӕмӕ райдыдта ахуыргӕнӕгӕй кусын. Уӕддӕр йӕ сӕйраг бӕллиц уыдис сценӕ, театр.

Джиуӕр уӕд бавдӕлд ӕмӕ хъӕуы фӕсивӕдӕй сарӕзта драмкъорд. Сӕ фыццаг спектаклтӕ уыдысты Хъороты Дауыты «Ӕз нӕ уыдтӕн – гӕды уыди» ӕмӕ Кочысаты Розӕйы «Гӕды лӕг». Уыдонимӕ зылдысты Ирыстоны хъӕуты, уӕд базонгӕ зынгӕ актер Тотраты Бесӕимӕ. Бесӕйы тыххӕй афтӕ дзырдта: «Бесӕйы стыр фӕллӕйттӕн аргъ ничи скӕндзӕн».

Тотраты Бесӕ Джиуӕры бакодта йӕ драмон къордмӕ, фӕкуыста йӕм дыууӕ азы, уый къухы зынгӕ фӕбӕрзонддӕр йӕ театралон дӕсныйад.

Хуссар Ирыстон

Санибайаг лӕппуйы цы сразӕнгард кодта Хуссар Ирмӕ ӕрцӕуынмӕ, уый бӕлвырдӕй бӕрӕг нӕу. Ӕцӕг-иу театралон фӕзуаты тезгъогӕнгӕйӕ, афтӕ дзырдта: «Мӕ туг, мӕ фыд – хуссайраг, ме стӕг – цӕгаттаг». Уый та дзурӕг у ууыл, Гуыбатӕ, Гуыбиатӕ ӕмӕ Губатӕ кӕй сты иу мыггаг, цардысты Дзомагъгомы бахизӕны галиуырдыгӕй фарс, сӕ хъӕу дӕр афтӕ хуынд – Губаты хъӕу.

Джиуӕрджи 1930 азы, кусын райдыдта облколхозцӕдисы ӕмӕ зӕхкуысты Адӕмон комиссариаты. Уый уыдис рӕстӕг, колхозон арӕзтад Хуссар хайы йӕ тӕмӕны куы бацыд. Адӕм, фӕсивӕд, ӕрдзы сконд ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ тынг цыдысты йӕ зӕрдӕмӕ Джиуӕрӕн.

1931 аз ирон адӕмӕн зӕрдылдаринаг аз у, уӕд нӕм стыр цины бӕрӕгбон уыд. Уӕд байгом Хуссар Ирыстоны профессионалон театр. Джиуӕрджи уӕдмӕ хорз зыдта Тбилис ӕмӕ Бакойы ирон драмон къордты куыст. Тынг бацин кодта, Чъребайы театры байгомыл ӕмӕ уайтагъд бацыд кусынмӕ уырдӕм.

Джиуӕрджи ацы театры фӕкуыста 34 азы бӕрц, йӕ фӕзындӕй суанг 1966 азмӕ (Джиуӕры амӕлӕн аз). Театр байгом Цагарелийы пьесӕ «Тӕфсӕг»-ӕй. «Спектакль сӕвӕрдта Хетӕгкаты Владимир, хъазыдтӕн дзы ӕз дӕр», – дзырдта Джиуӕрджи.

Æвæллайгæ зиууон

Куыройӕн ссинаг хъӕуы, театрӕн та – пьесӕтӕ. Нӕ уыд пьесӕтӕ, фылдӕр архайдтой тӕлмацгонд пьесӕтӕй. Ахӕм уыд уырыссаг ӕвзагӕй тӕлмац «Дӕластӕрдонтӕ» («Подпольщики»). Джиуӕрмӕ дзы ӕрхауд жандармы роль. Хъарсы йӕ ныййарджытимӕ куы цард, уӕд федта ахӕм хицӕутты, адӕмы фосыл чи нымадта, ӕфхӕрын, ӕртхъирӕнты йедтӕмӕ чи ницы зыдта. Хӕрам уыд ахӕм адӕймӕгтӕм ӕмӕ йӕ роль дӕр уымӕн хӕрзаив рауад.

Егъау ӕмӕ вазыгджын курдиаты хицау уыд Джиуӕрджи. Бирӕ куыста, бирӕ домдта йӕхицӕй, хорз зыдта дунейы классикон литературӕ, драматургийы цӕхӕркалӕг уацмысты, рӕхст сӕ тӕлмац кӕнынмӕ, уыдис курдиатджын режиссер, уыд стыр юморы хицау, сценӕ арф ӕмӕ бӕстон чи зыдта, ахӕм ӕвӕллайгӕ актер.

Ӕрбадт, ӕрулӕфт нӕ зыдта, ӕппӕтдӕр – театрӕн, сценӕйӕн, нӕ адӕмӕн. Ахӕм уыд йӕ царды, йӕ куысты лозунг. Бӕциаты Агуыдз Джиуӕрджийы тыххӕй афтӕ фыссы: «Йӕ уаты къӕсӕрӕй куы бахызтӕн, уӕд мӕ цӕстыты раз сӕвзӕрд йӕхи хуызӕн хуымӕтӕг, фӕлӕ бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг уавӕр. Уаты фылдӕр хай ахстой цармӕ амад чингуытӕ, егъау фыссӕн стъолыл фӕлдӕхтӕй лӕууыдысты бӕзджын чингуытӕ, ӕрдӕгфыст гӕххӕтты уӕлӕ лӕууыд хуымӕтӕг ручкӕ».

Дæллаг Саниба – йæ авдæн узæг

Нӕ театры фыццаг зиууӕттӕй уыд Джиуӕрджи. Кӕимӕ куыста, уыдон дӕр ӕхсӕв ӕрхуыст нӕ зыдтой, бон нӕ бадтысты, театры мӕтӕй сӕхицӕн ӕнцой нӕ ардтой. Уыдон та уыдысты: Дзаттиаты Сона, Дзӕхаты Дзӕбидыр, Гугкаты Сашӕ, Уырысты Муссӕ, Кавказаг, Мамиты Димитр, Цӕбиты Нинӕ, Туаты Зураб, Цоциты Нинӕ, Хуыбылты Гриша, Кокойты Тӕтӕрхъан.

Стыр амондджыныл нымадта йӕхи Джиуӕр, Брытъиаты Елбыздыхъойы «Хазби»-йы куы хъазыд, уӕд. Уый тыххӕй афтӕ дзырдта: «Ӕз афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ ирон лӕгмӕ хуыздӕр ӕмӕ бӕллиццагдӕрӕй цы ис, уыдон иууылдӕр уыдысты Хазбийы зӕрдӕ ӕмӕ зонды».

«Нет маленьких ролей, есть маленькие актеры». (К.С. Станиславский)

Абон Джиуӕрджийы фӕллӕйттыл куы дзурӕм, уӕд зӕгъӕн ис, бантыст ын тыхджын ӕмӕ ирд фӕлгӕнцтӕ саразын нæ сценӕйыл. Уыцы нымӕцы: Плиты Грисы «Чермен»-ы – Чермен; Корнейчукы пьесӕ «Платон Кречет»-ы – Кречет; Хетӕгкаты Къостайы «Дуня»-йы – Суйков. Хъазыд Чеховы пьесӕтӕ «Юбилей», «Арс» ӕмӕ «Ӕнхъарӕн»-ы; Горькийы пьесӕ «Царды бын»-ы Сатины ролы; Брытъиаты Елбыздыхъойы «Дыууӕ хойы» Касалы фырты ролы; Саулохты Мухтары «Усгур»-ы Гацийы ролы, Туаты Дауыты «Аргъау»-ы Пехлеваны ролы.

Арӕхстджын режиссер кӕй уыд, ууыл дзурӕг та сты Джиуӕры разамындӕй æвæрд иукъорд пьесӕйы: Войничы «Овод», Беджызаты Чермены «Чи кӕй?», Г. Мдиванийы «Ног цӕхӕрадон» ӕмӕ «Фыдыбӕстӕ», Къостайы «Дуня», Аркадий Гайдары «Тимур ӕмӕ йӕ командӕ», Александр Островскийы «Ӕнӕ аххосӕй аххосджынтӕ»  ӕмӕ ӕндæртæ.

Куырыхон уыд Джиуӕр тӕлмац кӕныны хъуыддаджы дӕр. Уырыссаг класикон драматургийӕ ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта Островскийы «Ӕнӕ аххосӕй аххосджынтӕ», «Тӕрккъӕвда», «Хъӕд», Войничы «Овод».

Джиуӕр хорз зонгӕ уыд йӕ рӕстӕджы зынгӕ режиссертимӕ. Уыдон та уыдысты: Магкӕты Арсен, Борыхъуаты Борис, Брытьиаты Зариффӕ, Къӕбысты Гриша, Хъайырты Володя ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Куыд адӕймаг, афтӕ йӕ чъребайӕгтӕ зыдтой уӕздан, хӕдӕфсарм, ӕгъдауджын адӕймагӕй. Йӕ саразгӕ фӕлгӕнцтӕ абон дӕр рох не сты, Чермен ӕмӕ Гацийы абон дӕр ӕрымысынц уӕды театрдзаутӕ.

Гуыбиаты Гиуӕргийӕн йе ссӕдз азы лӕггӕдты тыххӕй 1951 азы лӕвӕрд ӕрцыд Гуырдзыстоны Республикӕйы сгуыхт артисты ном. Уый йӕ 20 азы лӕггӕдты тыххӕй. Уый хорз хъуыддаг уыд, фӕлӕ ма уый фӕстӕ цы цыппӕрдӕс азы бакуыста, уыдонӕн та цы аргъ ӕрцыд? Ӕппындӕр ницы! Джиуӕры хуызӕттӕ кӕй сценӕйыл уыдысты, уыдон тӕхудиаджы адӕм сты. Адӕм стӕм, фӕлӕ уӕд нӕ къухы цы уыд? Уӕд далӕ кӕйдӕрты къухмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм. Искӕй къухмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын та адӕмы раууатмӕ кӕны. Иу Джиуӕрджи куы уыдаид, уӕд ыл хъӕциккам, фӕлӕ бирӕ уыдысты, сӕ хорздзинӕдтӕн аргъгонд кӕмӕн не ‘рцыд, ахӕмтӕ. Куыд, зӕгъӕм: Хетӕгкаты Владимир, Хъайырты Владимир, Къӕбысты Гриша, Дзӕхаты Дзӕбидыр, Туаты Зураб, Гугкаты Сашӕ, Цоциты Нинӕ, Таугазты Гаврил, Гаглойты Варя, Мӕргъиты Сослан, Пӕррӕстаты Димитр, Джелдыты Андрей, Медойты Заретӕ, Еналдыты Вахтанг ӕмӕ ӕндӕртӕм советон дуджы ӕмбӕлд адӕмон артисты ном, фӕлӕ мах мӕт чи кодта, уӕд махӕн ӕхсыд стӕг дӕр фаг уыд.

Гуыбиаты Гиуӕрги фӕцард 72 азы (амард 1966 азы), уыдонӕй нӕ театрӕн фӕлӕггад кодта 34 азы. Йӕ царды рӕсугъддӕр бонтӕ арвыста нæ сценӕйыл. Бирӕ уарзта Чъребайы, Хуссар Иры, Леуахийы хъӕлӕба, нӕ рӕсугъд ӕрдз, нӕ суадӕтты, нӕ суӕртты. Нӕ уӕлдӕф нын хуыдта ӕвдадзы хос.

Ацы бонты Джиуæры райгуырдыл æххæст кæны 130 азы. Дуг йæ бон калы, Джиуæры рæстæджы театры цард мæгуыр уыд, фæлæ тыхæй та – тыхджын. Курдиатджын фæлтæр уæндон, ныфсджын æмæ хъаруджынæй бакодтой профессионалон театры фыццаг дуæрттæ 1931 азы. Фидар бындур æрæвæрдтой ирон сценæйæн.

Уыцы фæлтæры ном хъуамæ бæрзонд ист цæуа, цæмæй мысæм Джиуæр æмæ йе ‘мбæлтты, нæ театры фидар могорты.

ПЛИТЫ Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.