Сфæлдыстадон галуаны кæрты цы ихын фæз сырæзт, уырдæм хуынд цæуынц, зымæгон спорты хуыз къахдзоныгътыл бырын чи уарзы, уыдон.

Ацы хæрзаудæн проект сырæзт Политикон парти «Ныхас»-ы хъæппæрисæй. «Ихын фæз хъуамæ гом æрцыдаид зымæгон улæфтыты рæстæджы, цæмæй скъоладзаутæ каникулты рæстæджы ма бадтаиккой хæдзæртты. Фæлæ, хъыгагæн, ихын фæз куы цæттæ кодтой специалисттæ, уæд рабæрæг сты техникон згъуыдтæ. Фæлæ ныр уыцы къуыхцытæ аиуварс кодтам æмæ ихыл фæз официалонæй кусын райдыдта 15-æм январæй. Ихын фæз кусдзæнис дыууæ мæйы. Фыццаг бон чи æрбацæуа, уыдон дзоныгътыл бырдзысты æнæаргъæй. Уый фæстæ бонты та аргъ уыдзæн æрмæстдæр сæдæ сомы. Ардыгæй цы æфтиæгтæ цæуа, уыдон ратдзыстæм хæрзаудæн фондмæ», – зæгъы парти «Ныхас»-ы лидер Бесаты Зитæ.

Ихын фæзмæ сæ хъус дардзысты парти «Ныхас»-ы фæсивæды минæвæрттæ.

Фæз гом кæнынмæ уыйбæрц адæм æрбацыд æмæ иуæй-иуты бахъуыдис рады дзæвгар алæууын, цæмæй къахдзоныгътæ рæстæгмæ райсой æмæ сæ уды дзæбæхæн фæтезгъо кæной ихын фæзы растдæр Цхинвалы центры.

                   УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.