РАХÆЦЫДЫСТЫ ХИЦАУАДОН ÆФСÆДТЫ ÆВВАРС

«Таджамауа аль-Вият аль-Умари»-йы къорд, кæцы ис оппозицион «Сирийаг сæрибар æфсады», рацыд хицауады æфсæдты фарсырдæм. Баныхæсты рæстæджы, цыран хайад истой знагиуæг фæрсты уæрæсейаг фидыдады центры минæвæрттæ, егъау къорды лидер Важди абу Слес фехъусын кодта, зæгъгæ, ныр сирийаг æфсæдтимæ иумæ архайдзысты террористон къордтæ «Джабхат ан-Нусра» æмæ Пысылмон паддзахады боевикты ныхмæ. Уымæй дарддæр закъонон хицауады контролы бынмæ радтой цæрæн пункттæ Дейр-Дама æмæ Аш-Шиях, афтæ ма горæт Джаддалы иу хай, кæцытæ сты Сирийы хуссары.

ФÆУÆЛАХИЗ ÆВЗÆРСТЫТЫ

Туркы архайæг президент Реджеп Тайип Эрдоган фæуæлахиз паддзахады сæргълæууæджы æвзæрстыты, хъæлæсты фылдæр хай æрæмбырд кæнгæйæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæлдæр æвзарæн къамисы сæргълæууæг Сади Гювен. Эрдоганы тыххæй схъæлæс кодтой æвзарджыты 52,2 проценты, йæ ныхмæлæууæг Индже та райста 30,7%. Парламентон æвзæрстыты та æвзарджыты фылдæр хъæлæстæ райста «Партия справедливости и развития».

ЭКСТРЕНОН САММИТ

Брюсселы уагъд æрцыд Евроцæдисы бæстæты саммит, цыран 28 бæстæйæ хайад райстой æрмæстдæр 16 бæстæйы. Евроцæдисы экстренон саммиты къухты ницы бадзырдтæ бафтыд миграцийы фæдыл. Испаны премьер-министр Педро Санчес  куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ис æрмæстдæр иумиаг æмбарынад, зæгъгæ, миграцийы фæсидтытæн хъуамæ уа иумиагевропæйон дзуапп. Германы канцлер Ангела Меркель йæ рады фехъусын кодта, зæгъгæ, саммиты æппæт хайадисджытæ дæр сразы сты нелегалон мигрантты нымæц фæкъаддæр æмæ европæйаг æмæхсæнады арæнтæ сфидардæр кæныныл. Уый размæ та Ангела Меркель басаст, зæгъгæ, Евроцæдисы бæстæтæн сæ бон не ссис миграцион проблемæ аскъуыдззаг кæныны тыххæй фæндæгтæ ссарын.

БАРТХЪИРÆН КОДТА ЕВРОЦÆДИСМÆ

АИШ-ы президент Дональд Трамп бартхъирæн кодта Евроцæдисмæ æххæстмасштабон базарадон хæст райдайынæй. Америкæйаг лидер ныфс бавæрдта европæйаг машинæтыл 20 проценты бæрц ног фиддонтæ бакæнынæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тарифтæ ноджы фæфылдæр уы-дзысты, кæд æмæ Евроцæдис не ‘рурома йæ ныхдуртæ америкæйаг компаниты ныхмæ, уæд. Брюсселы банысан кодтой, зæгъгæ, ног фиддонтæ гæнæн ис æмæ бандавой базарыл 300 миллиард доллары гуырахстæй æмæ стыр зиæнттæ ракæна Цæдисы алы бæстæйæн дæр. Уый тыххæй дзырдæуы Еврокъамисы доклады. Документы ма дзырдæуы, зæгъгæ, АИШ ацы плæнттæ куы среализаци кæна, уæд Еврокъамисы бахъæудзæн дзуаппон къахдзæф саразын.

УЫДЗÆН СЫН МАШИНÆ СКЪÆРЫНЫ БАР

Саудаг Аравийы 24 июны йæ тыхы бацыд закъон, кæцымæ гæсгæ сылгоймæгтæн уыдзæн автомашинæ скъæрыны бар. Уый уыд иунæг бæстæ, цыран 1957 азæй фæстæмæ архайдта закъон, сылгоймæгтæн машинæ скъæрыны бар кæй нæй, уый тыххæй. 1990 азты бæстæйы фæзынд ахæм змæлд, кæцы уыд сылгоймæгтæн машинæ скъæрныы бар радтыны æвварс, фæлæ активисткæтæй бирæты æрцахстой. Ног закъон хорзыл банымадта 2017 азы сентябры паддзах Салман æмæ ныридæгæн июны райдианы Саудаг Арави райдыдта лицензитæ дæттын автомашинæ скъæрыны тыххæй, афтæ ма сылгоймæгтæн баконд æрцыдысты машинæ скъæрыны курсытæ.

НÆ ХЪÆУЫ КОНФЛИКТÆЙ ПАЙДА КÆНЫН

Украинæйы хицауад хъуамæ æрурома антиуæрæсейаг кампанийæ пайда кæнын, бæстæйы территорийыл венгерты бартæ хъыгдарынæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Венгрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петер Сийярто. «Мах æмбарæм, уæ президенты, уæ хицауады фæнды Уæрæсейы æндæвдадæй фервæзын æвзаг æмæ скъолаты руаджы. Фарстæуы, мах та уым цы аххосджын стæм? Кæд Уæрæсеимæ хæцут, уæд мах цæмæн хъыг кæнут? Кæд Уæрæсеимæ хæцут, уæд венгриæгты бартæ цæмæн исут?», – загъта уый. Æрæджы Закарпатьейы областы уагъд æрцыдысты баныхæстæ Украинæ æмæ Венгрийы ахуырады министрадты сæргълæуджыты ‘хсæн, цыран сæйраг темæ ссис æвзаджы тыххæй ахуырады фæдыл украинæйаг закъоны. Уым фыст ис ахуырадон процесс украинæйаг æвзагмæ ракæныны тыххæй, кæцы карз реакци расайдта къорд паддзахадты, уыцы нымæцы Уæрæсе æмæ Венгрийы дæр. Уый аххосагæн Венгри æртæ хатты нæ бауагъта НАТО-Украинæйы къамисы рабадт ауадзын.

АСЫГЪДÆГ КОДТОЙ РЕГИОН

Сирийы хицауадон æфсæдтæ «Пысылмон паддзахады» террористтæй асыгъдæг кодтой Иракимæ арæныл æдзæрæг регион. Æфсæддон командæкæнынады бæрæггæнæнтæм гæсгæ æфсæдтæ боевиктæй ссæрибар кодтой 2 мин квадратон километры.

НАЛ СЫН ÆХХУЫС КÆНДЗЫСТЫ ИРВÆЗЫНГÆНДЖЫТÆ

Италийы хицауад бар нал дæтты ирвæзынгæнæг службæтæн, науты цы африкæйаг лигъдæттæ ис, уыдонæн æххуыс кæнын, фыдбылызы сигналтæ сæм куы бацæуой, уæддæр. Уыцы иурæстæжы Италийы мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг Маттео Сальвини бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы донбыл-гæрон хъахъхъæныны кусджытæн, гом денджызы 820 лигъдоны кæй аирвæзын кодтой æмæ сæ фæстæмæ Ливийы донбылгæронмæ кæй аздæхтой, уый тыххæй.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.