Уæрæсейы президентон   æвзæрстытæ куыд Уæрæсейы Федерацийæн, афтæ Хуссар Ирыстонæн дæр сты ахсджиаг политикон цау. РХИ-йы Президенты Уынаффæмæ гæсгæ Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл цы кусæгон къорд арæзт æрцыд, уыдон сæ хъус дарынц æмæ æххуыс кæнынц   Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварадæн, цæмæй ацы ахсджиаг мадзал нæ бæстæйы территорийыл арæзт æмæ уагъд æрцæуа æмбæлон уагыл.

Куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны районты дæрддаг æмæ зынвадат цæрæн бы-нæтты развæлгъау уагъд цæуынц Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæ.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады дыккаг нымæрдар Сергей Ялыгин  радзырдта, УФ-йы президентон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы куыд уагъд цæуынц, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ   ныридæгæн ацы хъуыддагыл куыст æрцыд республикæйы скæсæн хайы – Гром, Бихъар æмæ Арцеуы хъæуты. Уый фæстæ æмгъуыдæй раздæр хъæлæсдæттыны процедурæ адарддæр Зар, Дампъалет æмæ Ног Куртайы администрациты территоритыл.

Развæлгъау хъæлæс дæттыны процедурæ уагъд æрцыд Тъбет, Къостайыхъæу æмæ Дменисы. Тъбеты хъæуы æвзарæн фадыг уыд хъæуы Культурæйы хæдзары. Ардæм се ‘мбæстагон хæс сæххæст кæнынмæ тырныдтой Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ.

«Адæм тынг зæрдиагæй цæуынц хъæлæс кæнынмæ, бынæттон хæдразамынады органтæ нын цы æмбæстæгты нымæц æрбавдыстой, уый хынцгæйæ. Уый тыххæй мах стыр бузныг стæм республикæйы къухдариуæгад, районты сæргълæуджытæ, тыхон структурæтæй, уымæн æмæ уыдон стыр æххуыс кæнынц махæн ацы ахсджиаг хъуыддаджы»,- дзырдта Сергей Ялыгин.

Уый ма æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ, хъæуты адæм куыд бæрæгбонмæ, афтæ цæуынц æвзарæн фадгуытæм – хæбизджынтæ æмæ æндæр хæринæгтимæ, уымæй дæр тынг хорз зæрдæйыуагимæ.

Ис ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæн се ‘нæниздзинадмæ гæсгæ сæ бон нæу æвзарæн фадгуытæм æрбацæуын, уыдон сты кæнæ сахъатджын æмбæстæгтæ, кæнæ ветерантæ. Ахæм уæрæсейаг æмбæстæгтæм æвзарæн къамисы уæнгтæ дыууæйæ бацæуынц хæдзæрттæм æмæ сын афтæмæй ис се ‘мбæстагон ахсджиаг хæс сæххæст кæныны фадат.

Сергей Ялыгин ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хъæлæс дæттыны рæстæджы æмбæс-тæгты æмбаргæ ахасты фæстиуæгæн хынцыд не ‘рцыд иу бархалæн цау дæр. Уый тыххæй но-джыдæр бузныг загъта цæрджытæн.

Иумиагæй сисгæйæ, 18 марты Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты фæстиуджытыл баст у Хуссар Ирыстоны фидæн. Уымæн æмæ фæстаг азты Хуссар Ирыстон æнкъары стыр æххуыс æмæ реалон политикон къахдзæфтæ Уæрæсейы ‘рдыгæй, фыцца-джыдæр, цæрджыты æдасдзинад, республикæйы царды æппæт фадгуыты рæзт æмæ æндидзынады хъуыддаджы. Уымæ гæсгæ махыл ис ахсджиаг æмæ бæрнон хæс – раст равзæрст саразын.

Къæбулты Маринæ 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.