Нæ горæты бирæпрофилон колледжы ахуыргæнджытæн æмæ студенттæн уагъд æрцыд семинар политологи æмæ политикон зонындзинæдты фæдыл. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты паддзахадон университеты политологи æмæ социологийы кафедрæйы минæвæрттæ, РХИ-йы Ахуырады æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Елиса æмæ Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты фæдыл æвзарæн къамисы уæнгтæ. Ахуырадон уагдоны студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн лекцитæ бакастысты паддзахадон университеты политологи æмæ социологийы кафедрæйы минæвæрттæ. Фембæлды сæйраджыдæр дзырд цыд ахæм фарстатыл, куыд зæгъæм, Хуссар Ирыстоны бынат дунеон æмæхсæнады æмæ йæ нысаниуæг регионалон полити-кæйы, транзитон базарадон фæндæгты ахсджиагдзинад æмæ æндæр  темæты фæдыл.

Бирæпрофилон колледжы директор Козаты Лирæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ абон тынг уæззау дуг у, уымæн æмæ ис тынг бирæ информаци æмæ уыимæ иумæ ис тынг цъус зонындзинæдтæ. «Уымæ гæсгæ нæ алы ныхас, архайд æмæ къахдзæфтæ дæр сты уæлдай нысаниуæгджындæр. Æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм семинартæ уадзын ахъаз сты не ‘мбæстагон активондзинады рæзтæн»,- банысан кодта уый.

Фембæлды ма дзырд цыд ныртæккæ иууыл ахсджиагдæр фарстыл –  Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты фæдыл. Уыдон нæ республикæйы цæрджытæн куыд ахсджиаг сты, афтæ ма нæ бæстæйы территорийыл æвзарæн фадгуытæ бакæнынæн барадон бындуры тыххæй дæр.

Фадыгон æвзарæн къамисы сæрдар Павел Ковальскийы ныхæстæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад. Уымæ гæсгæ УФ-йы президентон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты, Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæм цæрынц, уым алы ран дæр, ома канд Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. «Сæрмагонд фæткмæ гæсгæ закъоны фæлгæтты, æвзæрстытæ уагъд цæуынц сæрмагонд æвзарæн фадгуыты. Хуссар Ирыстоны ахæм æвзарæн фадгуытæ уыдзæн 13 бæрц. Уыдо-нæй æхсæз уыдзысты горæт Цхинвалы. Уыимæ иумæ Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварады, 1, 5, 6-æм скъолаты, Профцæдисты хæдзары æмæ Герцены уынджы 1-æм хæдзары. Хуссар Ирыстоны территорийыл цы уæрæсейаг æмбæстæгтæ цæрынц, уыдонæн сæ бон уыдзæн кæцыфæнды æвзарæн фадыджы дæр схъæлæс кæнын. Уый у иунæг хицæндзинад Уæрæсейы Федерацийы æвзæрстытæм абаргæйæ. Уым алкæцы фадыджы дæр конд æрцæудзысты номхыгъдтæ æмæ алчидæр йæхи районы ратдзæн хъæлæс», – банысан кодта Павел Ковальский.

Йе ‘нæниздзинад кæнæ йæ кармæ гæсгæ, йæ бон æвзарæн фадгуытæм æрбацæуын кæмæн не суа, уыдон дæр цæмæй хъæлæс радтой, уый тыххæй сæм хæдзæрттæм цæудзысты æвзарæн къамисы уæнгтæ,  банысанчындæуыд фембæлды.

Кокайты Заринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.