Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сӕрдар Пухаты Эрик ауагъта ӕмбырд, цыран уынаффӕ цыд 2018-2019 азты республикӕйы социалон-экономикон рӕзтӕн ахъазгӕнӕг Инвестицион программӕ реализаци кӕныны фӕдыл мадзӕлттыл.

«Абоны бон зӕгъӕн ис 2018 азы Инвестпрограммӕйы фылдӕр хай ӕххӕст кӕй ӕрцыд. Азы фӕудмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у активондӕрӕй кусын, цӕмӕй сӕххӕст кӕнӕм ӕппӕт нӕ разылӕууӕг хӕстӕ», – банысан кодта Хицауады Сӕрдар ӕмбырды райдианы.

Ӕмбырды сæйраджыдӕр уынаффӕ цыд Цхинвалы уынгты хӕрзарӕзтыл.

Арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зӕгъойты  Эдуарды ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2018 азы Инвестпрограммӕмӕ цы 10 уынджы хаст ӕрцыдысты, уыдоны инженерон хызӕгты арӕзтад фӕцис, кӕмдӕрты дзы фӕуд кӕнынц газы нымайӕнтӕ ӕвӕрын, доны ӕмӕ канализацийы хӕххыты магистралон хызӕгтӕм баиу кӕныны куыстытӕ.

Руставелийы, Коцойы фырты, Чиайы фырты, Коцты Грийы уынгты ӕххӕст цӕуы къӕвдадоны лӕдӕрсӕнты арӕзтад, ӕвӕрд цӕуы тротуарон плиткӕ. Къуайсайы уынджы ӕххӕст цӕуынц асфальтбетонон куыстытӕ. Тӕболты фырты уынджы (Гаглойты Харитоны уынгӕй Сталины уынджы онг) ист ӕмӕ ласт цӕуы фӕндаджы уӕллаг цъар. Дмитровы, Нарты ӕмӕ Аланты уынгты ӕвӕрд цӕуы асфальтбетонон ӕмбӕрзты фыццаг цъар. Джыгкайы фырты уынджы та цӕттӕ кӕнынц асфальты дыккаг цъар рӕвӕрынмӕ.

Ӕмбырды рӕстӕджы нысангонд ӕрцыд, ацы бонты уагъд кӕй ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы хуссарирыстойнаг хайы рабадт, цыран уынаффӕ кӕндзысты 2018-2019 азты РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæ реализации кæныны фарстатыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.