(Радзырд сывæллæттæн)

Дада мæнгагъуысты кæрон, йæ ныллæг бандоныл æруагъта йæхи, арф сулæфыд æмæ арвы тыгъдадыл йæ цæст ахæсгæйæ катайгæнгæ, ды ма куы фæбон кæнай, зæгъгæ, сдзырдта. Райста, знон дæр ма цы суджы лыггагимæ архайдта, уый æмæ йæ йе ставд æнгуылдзты ‘хсæн арæхстгай дыууæрдæм  раздух-баздух кæны. Кæд ын цалдæр боны къæвдатæ æхсызгон не сты, йæ уалдзыгон куыстытæм æхсайы йæ зæрдæ, уæддæр, хæдзаргæрæтты тæдзынджытæй цы чысыл къададæттæ равзæрд, уыдонмæ куы фемдзаст вæййы, уæд йæ цæстæнгас фæирддæр вæййы, стæм хатт ма худæндзаст йæ уадултыл уайгæ дæр акæны.

Уæдмæ ауыдта: æрдæгхуылыдзæй йæ чысыл лæппу Сæрмæт, йæ хъæбысы асыччы фæйнæджыты баст, афтæмæй æрбазгъоры. Дадамæ ницы сдзырдта, æмæ йæ цыма уый дæр нæ федта, уыйау равдыста йæхи. Сæрмæт фæйнæджыты æркалдта мæнгагъуысты иннæ кæрон, Дадайы арæзт тъахтæйыл. Фæйнæрдæм аракæс-бакæс кодта, хъуамæ Дадамæ дæр бауадаид, загътаид ын фæйнæджытæй цы аразы, уый дæр, фæлæ йæм афтæ фæкаст, цымæ йæ  батыхсын кæндзæнис æмæ фæивта йæ фæнд.

Бауад, Дадайы мигæнæнтæ æвæрд кæм вæййынц, уырдæм. Райста дзы хырх, фæрæт, дзæбуг æмæ зæгæлтæ. Æрбаскъæфта сæ æмæ чысыл фæстæдæр хырхы хыртт-хыртт райхъуыст, уый фæстæ та дзæбуджы гуыпп-гуыпп. Сæрмæт цæуылдæр кæй амæсты вæййы, цыдæр ын кæй нæ уайы, уый Дада цалдæр хатты рахатыд. Ахъавыд, сыста, бацæуа æмæ йæ бафæрса, цæуыл тыхсы, уымæй, фæлæ та-иу Сæрмæт фæсабырдæр æмæ та-иу уæд Дада дæр дарддæр архайдта йæ аразинагимæ.

Иу ахæмы Сæрмæты хъынцъым райхъуыст тынгдæр. Дада нал баурæдта йæхи. Сыстад, раздарæны рыгтæ дыууæ къухæй ацагъта фæйнæрдæм æмæ сабыр къахдзæфтæй фæцæуæг Сæрмæтмæ.

– Хъæбул, кæм дын уыдысты ацы тæнæг, рæсугъд æмæ сыгъдæг фæйнæджытæ ?

– Нæ магазин «Хæхтæй бæрзонддæр»-ы фарсмæ уыдысты калд.

– Æмæ дын сæ исчи радта, æви сæ давгæ ракодтай?

– Нæ, нæ, Дада, давгæ сæ нæ ракодтон, куы сæм кастæн, растдæр  уыцы рæс­тæ­джы дуканийы хицау та асинтыл уырдыгмæ æрцæйхызт. Федта мæ кæсын сæм æмæ мæ афарста, зæгъгæ, дæ кæд хъæуынц, уæд сæ ахæсс. Йæ ныхæстæм кæй бацин кодтон, уый фæхатыд æмæ мын сæ къонабаст дæр йæхæдæг бакодта. Куы сæ рацæйхастон, уæд ма мæм фæстейæ дзургæ дæр ракодта, зæгъгæ, кæд ма дæ дзы бахъæуа, уæд та-иу æрбацу.

– Уымæй раст бакодтай, ахæм дзæбæх фæйнæджытæ бырондонмæ акалынæн æвгъау æмæ тæригъæд дæр сты, фæлæ ма мын зæгъ, аразгæ та сæ цы кæныс?

– Хъуыды ма йæ кæныс амæйразмæ нæ нæ къласгæс «Уæлхохы фæз»-мæ куы акодта, уый.

– Куыд нæ, куыд, мæ хъæбул, хъуыды йæ кæнын æмæ цы?

– Федтам дзы цалдæр тыртынайы, æвæццæгæн сын æххормаг уыдис, сæхи нæм æппæрстой. Уæд аскъуыддзаг кодтон, хъуамæ сын саразон хæринагдæттæн бынæттæ, æмæ сын хæринаг хæссон, науæд тæригъæд сты.

– Хорз лæппумæ алы хатт дæр хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ фæзыны, дæ фæндтæ мæ зæрдæмæ дæр фæцыдысты æмæ дæм æз дæр хъуамæ фæкæсон, кæд мын бар дæттыс, уæд.

Сæрмæтæн Дадайы хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ ныхæстæ бæргæ æхсызгон уыдысты, фæлæ цы аразы, уый йын кæй нæ рæзы, уый тыххæй дзы æнкъардæй райхъуыст.

– Хорз, Дада, хорз.

–  Æмæ мæсты та цæмæн кæныс?

– Фæйнæджыты зæгæлтæ куы фæкъуырын, уæд мын афæдынц, – сдзырдта мæстæлгъæдæй Сæрмæт.

– О-о-о, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хъыгаг у. Арф сулæфгæйæ йæ катайдзинад равдыста Дада дæр. Æмæ, алæ – ма, фенын ма мын кæн, цахæм зæгæлтæй хъавыс дæ аразинаг бакæнынмæ?

Сæрмæт фæзылд йæ муцъийы дзыхъхъы фелвæста, цы зæгæлтæй пайда кодта, уыдонæй цалдæр.

Дада, зæгæлты фенгæйæ, хъуамæ худгæ дæр бакодтаид, фæлæ Сæрмæтæн  хъыг куы уа, зæгъгæ, æмæ йын уæзданæй афтæ:

– Хъæбул! Ахæм зæгæлтæй, зоныс, цы фæхуыйынц?

Сæрмæт дзургæ ницы скодта, фæлæ фæрсæджы цæстытæ сзылдта æмæ йын уæд Дада афтæ:

– Цы куы зæгъæм, уæд, скæс-ма уæлæ уыцы уæладзæнтæ æмæ рагъхъæдтæм, уыдон сæ кæрæдзимæ фидар сты, растдæр мæнæ ахæм зæгæлтæй, уæлхæдзармæ амонгæйæ, загъта Дада æмæ ма йæ ныхæстæм  бафтыдта:

– Ахæм тæнæг фæйнæджыты ставд зæгæлтæ ничи фæкъуыры, алы хъæдæрмæгæн дæр ис йæхи, спайда кæнын кæмæй æмбæлы, ахæм зæгæлтæ. Дæу та хъæуы мæнæ ахæмтæ, йæ дзыппæй цалдæр чысыл зæгæлы сисгæйæ сдзырдта Дада. – Афоныл мæ куы бафарстаис, уæд дын ацамыдтаин æмæ дæ фæйнæджытæ дæр нæ афæстытæ уыдаиккой. Цæй, ницы кæны, нырма дæр дын фаг уыдзысты, адугъ кæн æмæ дæ зæгæлтæ кæцæй рахастай, уым бынаг тæрхæгыл, цы зæгæлты къоппытæ ис, уыдонæй раскъæф иу, уыдон дæу цахæмтæ хъæуы растдæр ахæмтæ сты.

Цалдæр сахатмæ Дада æмæ Сæрмæт сарæзтой тыртынатæн æртæ хæринæгдæттæн бынаты. Куыддæр сæ куыст фесты, афтæ, Сæрмæтæй, ныфсджынæй райхъуыст.

– Цæуæм æмæ сæ бæлæсты зæнгтыл дæр бафидар кæнæм, æнгузтæ дæр сын æрцæттæ кодтон, Сæрмæт дзургæ-дзурын ауад æмæ къусы раскъæфта цалдæр æнгузы цъæлы.

Сæрмæтæн цæрæгойтæм ахæм аудгæ  æмæ хорз ахаст кæй ис, ууыл Дада дæр куыд нæ бацин кодта, фæлæ та ацы хатт дæр зæронд лæг бафиппайдта:

Хъæбул! Раппæлон дæ, уый аккаг дæ, фæлæ дын хъуамæ зæгъон, æнгузты цъæл кæнын кæй нæ хъуыд, уый дæр.

– Æмæ сæ уæдæ тыртынатæ æнæхъæнæй хъуамæ ныхъуырой.

– Ныхъуыргæ нæ, хъуамæ сæ сæхи дæндæгтæй ацъæл кæной, науæд сæм хæрд æппынæдзух афтæ æнцонæй куы æфта, уæд фехæлдзысты сæ дæндæгтæ  æмæ сын чысыл зындзинад дæр чи æвзарын кæны, уыцы хæринагмæ дæр нал æвналдзысты.

Стæй бон дæр фæфæуы, цалынмæ «Уæлхохы фæз»-мæ цæуæм, уæдмæ æрталынг уыдзæн æмæ æнæхъуаджы цыд фæуыдзыстæм.

Дада раджы стаг у, фæлæ ацы хатт Сæрмæт райхъал раздæр. Бауад Дадайы сынтæджы цурмæ, йæ цонг ын бауыгъта æмæ Дада дæр фехъал.

– Хъæбул, куыд раджы райхъал дæ, хъæццулы бынæй йæ цæнгтæ радаргъ кæнгæ æмæ Сæрмæтыл атыхсгæйæ, – сдзырдта Дада.

– Сыст ма, сыст, дæхæдæг мын куы загътай, ацæудзыстæм, дам, раджы.

– Омæ ацæудзыстæм, æнæмæнгæй дæр ацæудзыстæм, дзургæйæ Дада рабадт йæ сынтæгæй æмæ схæцыд йæ пысултæ кæныныл. Чысыл фæстæдæр Дада кæртмæ куы рахызт, уæд ауыдта Сæрмæты цинæйдзаг цæстытæ. Йæ муцъийы цалдæр зæгæлы, иннæ къухы та Дадайы дзæбуг æмæ йæ мидбылты худгæ фемдзаст Дадамæ.

– Хъæбул, зæгъ ма, зæгæлтæй та аразынмæ цы хъавыс? Сæрмæт кæд дзургæ ницы скодта, уæддæр ын Дада фембæрста йæ хъуыды æмæ йын афтæ:

– Бæласæн дæр, кæд хъæрзын нæ зоны, уæддæр ис уд æмæ ахæм зæгæлтæ цы бæласы ныкъуырай, уый æнæбахъыгдардгонд нæ фæуыдзæнис, гæнæн ис, æмæ хус дæр бауа. Цæмæй афтæ ма рауайа, уый тыххæй уæртæ æфтауцдоны цы телы тыхтон ис, уымæй райхалдзыстæм цалдæр тыхты æмæ сæ бæлæстæм бафидар кæндзыстæм, уыдонæй.

Уыцы бон Дада æмæ Сæрмæт раджы бакодтой сæ куыст. Иудзæвгар ма алæуыдысты сæ фарсмæ æмæ стæй:

– Дада, ныр та цæуæм Гыццийы куыстыл, радзурæм ын, цы сарæзтам, уыдоны  тыххæй уымæн дæр æхсызгон уыдзæнис.

Дада йæ мидбылты бахудт, разыйы нысанæн батылдта йæ сæр æмæ иумæ фæцæуæг сты.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.