Нæ фæстаг уацы фæстæ Украинæйы алыварс æрцыди дзæвгар ивындзинæдтæ. Уыдон æмткæй фæивтой хъаугъайы ныв. Кæд æмæ æмцæдисон тыхтæн сæ къухы бафтыдис цалдæр цæрæн пункты ссæрибар кæнын, уæддæр Украинæ раздæр цы зæххытæ бацахста Харьковы областы, уыдон ссæрибар кæныныл дзырд нæма цæуы.

Фыццаджыдæр хъæуы банысан кæнын Уæрæсейы расидтгонд мобилизаци. Уый ацыди тынг тагъд, æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады минæвары загъдау, иу боны ’мгъуыдмæ мобилизаци кæмæ æмбæлдис, уыдонæй алкæмæндæр лæвæрд æрцыдысты сæ мобилизацион гæххæттытæ. Ахæм цаутæ дæр бирæ рабæрæг, æхсай азæй хистæр адæм æмæ æфсады чи никуы уыди, ахæмтæм фæсидтысты æфсадмæ.

Хъахъхъæнынады министрад карзæй æрдомдта военкоматы кусджытæй, æмæ сын бахæс кодта, æнæмбæлонæй кæй смобилизаци кодтой, уыдон цæмæй фæстæмæ арвитой. Ахæм уавæрты бирæ æвзонг адæм ныййарц сты фæсарæнтæм. Хæдтæхджытæм æвиппайды æлхæд æрцыд бирæ билеттæ, Гуырдзыстонмæ фæндагыл азмæлæнтæ нал уыд æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ уæддæр, ныртæккæ, Интернеты дуджы, зын рахатæн нæу, мобилизацийæ лидзы æви сæрыстырæй цæуы æфсады рæнхъытæм. Социалон хызтæ æмæ видеохостингты видеоты æхсæн бирæ фылдæр сты мобилизацимæ чи ’рцыдис, военкоматты цур чи лæууы, ахæм æвзонг æмæ хистæр кары адæмы, сæ хæстæджытимæ æвдисæг видеотæ. Уыдонæй бирæтæ сты ифтонг, хæсты чи бахъæуа, ахæм мигæнæнтæй, хæцæнгарзæй йедтæмæ. Сæ цæсгæмттыл тас нæ зыны, фæлæ зыны, сæ Фыдыбæстæ цы тæссаг уавæры бахаудта, уый æмбарынад. Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутаттæй дæр цыппарæй балæгъстæ кодтой, цæмæй сæ смобилизаци кæной, кæд сын æнæмæнг хъуыддаг нæу, уæддæр, афтæ Хъырымы Республикæйы хистæры фырт дæр, кæцымæ, закъонмæ гæсгæ, æрцыди мобилизацион гæххæттытæ, æмæ афтæ дарддæр.

Нырма официалон æгъдауæй уадиссаг ницы бæрæггæнæнтæ ис, мобилизацигонд адæм цы ми кæндзысты, фæлæ Донецкы Адæмон Республикæйы 131-æм пъолчы фыццаг размæбырстон-штурмгæнæг батальоны командæгæнæг Максим Дроздов фехъусын кодта, зæгъгæ, уыдон къантрол кæндзысты сæрмагонд хæстон операцийы фæлгæтты цы зæххытæ ссæрибар чындæуыд, уыдон.

«Раззагон хаххыл цы хæстон хæйттæ ис, уыдон хъæуы раивын æмæ позицитæ та — сфидар кæнын. Кæмæ æрсидтысты, уыцы æмбæстæгтæ та хъæуынц, цæмæй сæ хъус дарой ссæрибаргонд территоримæ. Ныртæккæ мах бырсæм размæ, æмæ фидар кæнын хъæуы сæрибаргонд зæххытæ», — загъта командæгæнæг.

Уый ма банысан кодта, фидарæй йæ кæй уырны, ссæрибаргонд зæххытæ Уæрæсейы сконды кæй бацæудзысты, æмæ ма банысан кодта, Украинæйы хотыхджын тыхтæ тер-рористон методтæй кæй пайда кæнынц.

Украинаг æфсад, æцæгæйдæр, алы бон дæр фехсы, сабыр цæрджыты хæдзæрттæ, кæнæ базаргæнæн объекттæ, кæнæ бирæ адæм кæм вæййы, ахæм уынгтæ æмæ фæзуæттæ, æмæ дзæвгар нымæцæй мæлынц бынтон æнæаххос сабыр цæрджытæ, куынæг цæуынц сæ хæдзæрттæ.

Хуыцаубоны дæр сарæзтой радон террористон фыдракæнд: сармадзантæй фехстой æмæ ныппырх кодтой Херсоны горæты чысыл уазæгдон, цыран уыдысты уацхæсджытæ æмæ Украинæйы Уæлдæр Радæйы раздæры депутат Алексей Журавко. Уый тынг æххуыс кодта сабыр цæрджытæн, рахицæн сын кодта йæхи сæрмагонд æхцатæй дæр, æмæ йын йæ мæлæтыл адæм тынг маст кæнынц. Донецкы Адæмон Республикæйы хистæр Денис Пушилин æй йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодта майдан «Хъаруйы тыххæй»-йæ.

Мелитополы горæты администраци та фехъусын кодта, сæ горæты террористон акт цæттæ кæнгæйæ кæй фæмард Украинæйы Гæрзджын тыхты хæстон. Срæмыгъды тых ахæм стыр уыдис, æмæ рог машинæ дыууæ дихы фæцис.

Ахæм террористон методтæм æнæ кæсгæйæ, Ныгуылæн уæддæр æххуыс кæны Украинæйы антиадæмон режимæн. Фæлæ йын кæронмæ баххуыс кæнын нырма нæ уæнды. Уыдон нæ фæнды, цæмæй Уæрæсеимæ кæронмæ сызнаг уой. Фæлæ, Хуыцау бахизæд, æмæ Уæрæсе йæхи лæмæгъæй равдиса, уæд ыл нæ бацауæрддзысты. Германы канцлер Олаф Шольц газет «Нью-Йорк Таймс»-æн загъта, зæгъгæ, Германы нæ фæнды Украинæмæ танктæ ’рвитын, уымæн æмæ, дам, уый гæнæн ис æмæ суа хъаугъайы райрæзты тæссаг къахдзæф.

«Ай у тынг тæссаг хæст. Мах хæцæм Украинæйы ’вварс. Мах ын афтæ æххуыс кæнæм, цæмæй хъаугъайы дарддæры цырен ма расида, ма расайа хæст НАТО æмæ Уæрæсейы ’хсæн, уымæн æмæ уый уыдзæни бæстысæфт», — загъта Шольц. Раздæр Украинæйы президент Владимир Зеленский бафхæрдта Германы, зæгъгæ, танктæ йын нæ дæтты, ома, бузныг Берлинæн хæстон æмæ финансон æххуысы тых-хæй, фæлæ «уæлахизæн фылдæр хъæуы».

Хъаугъайы фарстайы цы дыккаг ахсджиаг цау æрцыдис, уый та у референдум. Растдæр зæгъгæйæ та — цыппар референдумы. Уыдон ныртæккæ цæуынц Луганск æмæ Донецкы Адæмон Республикæты, Херсон æмæ Запорожьейы областты. Уыдон руаджы скъуыддзаг цæуы фараст милуаны бæрц адæймаджы хъысмæт. Ахæм уыд ацы цыппар областтæ æмæ республикæты цæрджыты нымæц 2020 азы.

Референдумы хайад исынц 130 фæсарæйнаг цæстдарæгæй фылдæр.

Украинаг æфсæдтæ алы бон дæр кæй æхсынц ацы областытæ æмæ республикæты сабыр цæрджыты цæрæнуæттæ, уый тыххæй, æдасдзинады фарстаты фæдыл, референдум уагъд цæудзæн æртæ боны дæргъы, цæмæй хъæлæсæппарæн фадгуыты цур адæм ма тыгуыр кæной æмæ сæ Украинæйы ’фсад ма ’хсой.

Ноджы ма адæмы æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй æвзарæн къамисы минæвæрттæ сæхæдæг дæр зилдзысты хæдзæрттыл, цæмæй, фадыгмæ йæ ныфс чи нæ хæссы, уыдонæн дæр сæ бон уа хъæлæс раттын.

25-æм сентябры изæрырдæм рабæрæг, референдумты фæстиуджытæ легитимон кæй сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, конкретонæй зæгъын нырма никæй бон у — фæстиуджытæ мах базондзыстæм æрмæст хъæлæсгæнæн бюллетентæ нымады фæстæ. Фæлæ, æндæр æмæ æндæр суадæттæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, æмбæлон уынаффæтæ ист æрцæудзысты 28-æм сентябры, стæй 29-æм сентябрмæ нывæзт сты Паддзахадон Думæйы æмæ Федерацийы Советы рабадтытæ, цыран ратификаци ’рцæудзысты Уæрæсейы скондмæ ног паддзахæдты бацæуыны тыххæй уынаффæтæ. Афтæ домы Конституцион закъон «Уæрæсейы Федерацийы скондмæ райсын æмæ йе сконды ног субъект саразыны фæткæвæрды тыххæй». Фыццаг хатт ацы нормативон актæй спайда чындæуыд Хъырымы Республикæ куы цыдис Уæрæсейы скондмæ, уæд, 2014 азы.

Уæддæр уавæр у æндыгъд. Донецкы Адæмон Республикæйы раргомчындæуыд Украинæйы æддагон развæдсгарæн службæйы агентурон тых. Уыдон цæттæ кодтой террористон акттæ Донбассы Уæрæсемæ баиу кæныны референдумы рæстæджы. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы территориалон хъахъхъæнынады Штаб.

Украинаг шпионы куы ’рцахстой, уæд уый фехъусын кодта, уыдон кæй пайда кодтой се цæг фæндтæ бамбæхсынæн æхсæнадон организаци «Диалог»-æй, равдыста сусæг документтæ террористы пълæнттимæ. Донецкы контрразвæдсгарджыты къухтæм ма бахаудта украинаг спецслужбæты агенты номхыгъд дæр.

Нырма референдумтæ нæ ацыдысты, афтæмæй АИШ-ы иуæй-иу æмхъузонтæ фехъусын кодтой, сæ фæстиуджытæ сын кæй нæ банымайдзысты. Æмæ сæхи стыр демократтæ куы хонынц, уæд цас демократон у, 9 милуанмæ хæстæг адæмы хъæлæс ницæмæ дарын?!

Гæдылæгтæ. Сæ иу ныхасыл дæр æууæнк нæй.

ПЛИТЫ Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.