Ӕрæджы Цхинвалы районы милицийы хайадмæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Ногхъæуы 86-аздзыд цæрæг ацыд хæдзарæй æмæ йæ нал ссардтой, æбæрæгæй фесæфт. Милицийы оперативон къорд æвæстиатæй ссыдис бынатмæ, бафарстой йын йæ хиуæтты, цахæм у йе ‘ддаг бакаст, цавæр уæлæдарæсы уыд, æмæ дарддæр æрæвнæлдтой агурæн мадзæлттæм. Цхинвалы районы милицийы хайады хистæры хæдивæг Коцты Дмитри куыд фехъусын кодта, афтæмæй агурынæн рæстæг хæрзцъус уыд, Ногхъæуы алывæрсты та бирæ бынæттæ уыдис басгаринаг æмæ уый тыххæй хъуыдис тагъд архайын.

«Фæссихор кæй уыд æмæ тагъд кæй хъуамæ баталынг уыдаид, уый тыххæй адих стæм æртæ къордыл æмæ алчи дæр агуырдта йæ бахæсгонд секторы. Иу ран ададжы бамбæлдыстæм адæймаджы къæхты фæдтыл, кæцытæ уыдысты, кæй агуырдтам, уыцы зæронд лæджы дзабырты фæдты хуызæн. Фæдтыл бацæугæйæ, электрон рухсы цæджындзы цур, зæххыл хуысгæйæ, дыууæ фæйнæджы гæппæлы йæ уæлæ æмбæрзтæй, афтæмæй ссардтам зæронд лæджы. Йæ уæлæдарæс уыд хуылыдз, кодта зыр-зыр, зындис ыл, тынг кæй суазал. Мах æй сбадын кодтам хъарм машинæйы æмæ йæ баластам йæ хæдзармæ», – зæгъы Коцты Дмитри.

Зæгъæн ис, æмæ милицийы кусджыты оперативон фезмæлды фæрцы адæймаг фервæзтис мæлæтæй. Ныридæгæн уазал рæстæг у æмæ æрыгон адæймаг дæр æхсæвыгон æдде зынтæй бафæраздзæн тæнæг уæлæдарæсы æмæ уый та зæронд лæг у.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.